Чиныгахуыр нын куыд ӕххуыс кӕны
1. Нӕ фембӕлдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?
1 Къуырийы дӕргъы нын цы фондз фембӕлды ис, уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи нысан ӕмӕ куыд фӕцӕуынц, уымӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ дзы алкӕцы дӕр тынг ӕххуыс у, «цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25). Чиныгахуыр иннӕ фембӕлдтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны ӕмӕ цы пайда у?
2. Чиныгахуыры бирӕ адӕм кӕй нӕ вӕййы, уый хорз цӕмӕй у?
2 Фидар кӕны уырнындзинад. Иннӕ фембӕлдтимӕ абаргӕйӕ чиныгахуырмӕ ӕрбацӕуы бирӕ къаддӕр адӕм. Чиныгахуыры ӕнцондӕр у ӕмбӕлттӕ ссарын ӕмӕ нын уый та фидар кӕны нӕ уырнындзинад (Ӕмб. 18:24). Цӕмӕй дӕ чиныгахуыры алкӕимӕдӕр базонгӕ уай, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, се ’ппӕтимӕ дӕр уацамынды фӕцӕуыс? Чиныгахуыры бирӕйӕ кӕй нӕ вӕййӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕстдарӕгӕн йӕ бон у алкӕй уавӕртӕ дӕр зонын ӕмӕ алкӕйдӕр бафидар кӕнын (Ӕмб. 27:23).
3. Нӕхицӕн дӕр ӕмӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр чиныгахуыр куыд ӕххуыс кӕны дзуапп дӕттынӕн?
3 Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый чиныгахуырмӕ фӕхуыдтай? Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ӕмбырдтӕм цӕуын чи ӕфсӕрмы кӕны, уыдонӕн ӕнцондӕр вӕййы чиныгахуырмӕ ӕрбацӕуын, уӕлдайдӕр та чиныгахуыр хӕдзары куы фӕцӕуы, уӕд. Уым иу бинонтау кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ног ӕрбацӕуджытӕн дӕр ӕнцондӕр вӕййы дзуапп дӕттын. Ӕмӕ дзы бирӕ адӕм кӕй нӕ вӕййы, уый хорз фадат у арӕхдӕр дзуапп дӕттынӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн (Пс. 110:1).
4. Чиныгахуыр ма хорз цӕмӕй у?
4 Чиныгахуыртӕ арӕхдӕр фӕцӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм ӕввахс. Кӕд алкӕмӕндӕр ахӕм фадат нӕ вӕййы, цӕмӕй, кӕм цӕры, уырдӕм хӕстӕг чиныгахуырмӕ цӕуа, уӕддӕр иннӕ ӕмбырдтимӕ абаргӕйӕ чиныгахуыр вӕййы ӕввахсдӕр. Чиныгахуыр кӕм фӕцӕуы, уым ма саразӕн вӕййы уацамындон фембӕлдтӕ дӕр.
5. Чиныгахуыры цӕстдарӕг нын уацамынды куыд ӕххуыс кӕны?
5 Ӕххуыс уацамынды. Чиныгахуыры цӕстдарӕг ӕххуыс кӕны, цӕмӕй чиныгахуыры алчидӕр ӕдзух цӕуа уацамынды, уа ӕнтыстджын ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй хъусын кӕна. Уымӕ гӕсгӕ фӕархайы, йӕ чиныгахуыры алкӕимӕ дӕр уацамынды цӕуын, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын хӕдзарӕй хӕдзармӕ ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты хъусын кӕнынӕн. Кӕд дын иуӕй-иу уавӕрты зын вӕййы хъусын кӕнын, зӕгъӕм, адӕммӕ ногӕй бацӕуын, уӕд зӕгъ дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕгӕн. Чи зоны, уӕ чиныгахуыры фӕлтӕрд хъусынгӕнӕгӕн зӕгъа, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Цӕмӕй Библи хуыздӕр амонай, уый тыххӕй дӕ хъус дар, чиныгахуыры цӕстдарӕг ахуыры рӕстӕг куыд фӕамоны, уымӕ (1 Кор. 4:17).
6. Чиныгахуыр цы пайда хӕссы, уымӕй нӕхи цух цӕуылнӕ хъуамӕ уадзӕм?
6 Куыд тынг нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕ чиныгахуыры руаджы, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ уырнындзинад фидар уа! (Пс. 25:12).