Куыд ис Паддзахады залтӕ базонӕн
1 Алы Паддзахады зал дӕр хъуамӕ ӕнцон базонӕн уа ахӕм фыстӕй: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал». Уый хъуамӕ уа раст ӕмӕ аив фыст.
2 Иу Паддзахады залы цалдӕр ӕвзагыл куы цӕуа ӕмбырдтӕ, уӕд Паддзахады залы фыст хъуамӕ уа уыцы ӕвзӕгтӕй алкӕцыйылдӕр. Уый фӕрцы нын уыцы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм ӕнцондӕрӕй ссардзысты нӕ кувӕн бынат. Ацы хъуыддаг кӕмӕ хауы, уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй Паддзахады зал, ӕмбырдтӕ дзы цы ӕвзӕгтыл цӕуы, уыцы ӕвзӕгтыл амынд уа (Фил. 2:4).
3 Уымӕй уӕлдай ма, кӕм хъӕуа, уым ис ныффыссӕн ӕмӕ бакӕнӕн ӕмбырды фембӕлдты рӕстӕг, ӕмӕ-иу куы фӕива, уӕд-иу ӕй хъӕудзӕн ногӕй фӕивын. Паддзахады залы иу ӕвзагӕй фылдӕрыл куы цӕуа ӕмбырдтӕ, уӕд хъӕуы бакӕнын, алы ӕвзагыл дӕр фембӕлдтӕ кӕд вӕййынц, уый.