Куыд хъусут, уымӕ уӕ хъус дарут
Ӕмбырды фембӕлдты, районон ӕмӕ облӕстон конгресты хъӕуы лӕмбынӕг хъусын (Лук. 8:18, НД). Цы баххуыс кӕндзӕн лӕмбынӕг хъусынӕн?
◼ Ӕмбырды фембӕлдты размӕ бирӕ ма хӕрут.
◼ Лӕмбынӕг хъусут.
◼ Сӕйраг хъуыдытӕ цыбыртӕй уӕхимӕ нысан кӕнут.
◼ Библийӕ цы стихтӕ кӕсынц, уыдонмӕ кӕсут.
◼ Гӕнӕн уӕвгӕйӕ хайад исут.
◼ Цӕуыл дзурой, ууыл хъуыды кӕнут.
◼ Хъуыды кӕнут, цы фехъуыстат, уымӕй куыд спайда кӕндзыстут, ууыл.
◼ Цы базонат, ууыл программӕйы фӕстӕ ныхас кӕнут.
Кӕс «Теократон лӕггаддзинады скъолайы разамынд», 5-ӕм урок (уырыс.).