Чырыстийы уарзондзинадӕн аргъ кӕныс?
1 Апостол Иоанн, йӕ Хицауы цардыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, ныффыста: «Йесо... бауарзгӕйӕ Йӕхионты дунейы уӕвджыты, кӕронмӕ... бауарзта уыдоны» (Иоан. 13:1). Ӕрымысӕн Изӕры рӕстӕджы нын хорз фадат вӕййы, Чырысти цы диссаджы уарзондзинад равдыста, ууыл фылдӕр хъуыды кӕнынӕн. Уыцы уарзондзинадӕн нӕ бон у аргъ кӕнын, ахӕстаргъыл ӕууӕндгӕйӕ, хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй хайад исгӕйӕ ӕмӕ Йесойау «кӕронмӕ ныффӕразгӕйӕ» (Мтф. 24:13; 28:19, 20; Иоан. 3:16).
2 Чырыстийы уарзондзинадӕн аргъ кӕн: Йесо зӕххыл фӕстаг къуыри куы уыд, уӕд тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта (Мтф. 21:23; 23:1; 24:3). Чырыстийау мах дӕр уарзондзинад разӕнгард кӕны Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл «ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (Лук. 13:24, НД). Дӕ бон у, апрелы фылдӕр хъусын кӕнынӕн цы мадзӕлттӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдонӕй спайда кӕнын ӕмӕ дӕ лӕггаддзинады рӕстӕг фӕфылдӕр кӕнын?
3 Ацы аз Хицауы Ӕрымысӕн Изӕр уыдзӕн 19 апрелы, ӕртыццӕджы, изӕрӕй. Цал адӕймаджы ӕрбацӕудзӕн уыцы ахсджиаг цаумӕ? Фылдӕр уый махӕй кӕнгӕ у. Фӕхонынмӕ кӕй хъавыс, уыдоны номхыгъд скодтай — Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, цымыдисгӕнаг адӕмы, дӕ хӕстӕджыты, кӕимӕ кусыс ӕмӕ скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕныс? Семӕ уый тыххӕй аныхас кодтай ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕхуыдтай? Ӕрымысӕн Изӕры размӕ дӕр ма сын уый сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзынӕ? Уырдӕм бацӕуынӕн сӕ де ’ххуыс хъӕуы? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр фӕхондзысты, лӕггаддзинады ӕдзух хайад чи нал исы, уыцы хъусынгӕнджыты. Ӕрымысӕн Изӕр кусгӕ бон кӕй уыдзӕн, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын ӕрбацӕуджыты цӕсты къаддӕр нысаниуӕг ис.
4 Дӕхи бацӕттӕ кӕн: Ахсджиаг у, Ӕрымысӕн Изӕрмӕ ӕрбацӕугӕйӕ, цӕмӕй цӕттӕ уӕм ӕмӕ нын уыцы цаумӕ раст цӕстӕнгас уа. Павел йе ’муырнджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы цауы ахсджиагдзинад сӕ зӕрдыл дардтаиккой (1 Кор. 11:20—26). Хорз нӕ уаид, уӕ бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнат, уӕд Иоанны Евангелийӕ 13—17-ӕм сӕртӕ куы бакӕсиккат ӕмӕ стӕй алчидӕр, Йесойы нывонд ын цы нысан кӕны, уый тыххӕй йӕ хъуыды куы зӕгъид? Уымӕй уӕлдай ма дӕ ма фӕрох уӕд, Ӕрымысӕн Изӕр цы къуыри уыдзӕн, уыцы къуыри графикмӕ гӕсгӕ Библи бакӕсын!
5 Чырыстийы тынг бирӕ уарзӕм, ӕмӕ йӕ уарздзыстӕм 19 апрелы фӕстӕ дӕр. Мах сфӕнд кодтам, уыцы уарзондзинад ӕм ӕнустӕм кӕй ӕвдисдзыстӕм, уый! Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн ацы азы Ӕрымысӕн Изӕры бӕрӕгбон.