Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/01 1 ф.
  • Лӕмбынӕг хъусӕг у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Лӕмбынӕг хъусӕг у
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Куыд фӕхъусыс
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Ӕмбырды фембӕлдтӕ фӕсивӕдӕн пайда хӕссынц
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Куыд хъусут, уымӕ уӕ хъус дарут
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 1/01 1 ф.

Лӕмбынӕг хъусӕг у

1 Лӕмбынӕг хъусыныл хъӕуы ахуыр кӕнын. Уый ма адӕймагӕн кӕнгӕ у йӕхицӕй дӕр, цы хъуса, уымӕй йӕ фӕнды истӕуыл сахуыр кӕнын ӕмӕ дзы пайда райсын ӕви нӕ. Раст уый тыххӕй Йесо банысан кодта, кӕй хъӕуы «цӕст дарын, куыд хъусӕм», уымӕ (Лук. 8:18).

2 Уыцы хъуыддаг уӕлдай ахсджиаг вӕййы, ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгресты куы вӕййӕм, уӕд. Уыцы рӕстӕджы хъуамӕ алцӕмӕдӕр лӕмбынӕг хъусӕм (Дзут. 2:1). Дӕлдӕр лӕвӕрд цӕуы, чырыстон фембӕлдты дын лӕмбынӕг хъусынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм амынды.

◼ Фембӕлдтӕн аргъ кӕн. Иегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр фембӕлдты ахуыр кӕны «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕджы» ӕххуысӕй (Лук. 12:42; Ис. 54:13).

◼ Рагацау цӕттӕ кӕн. Цы ӕрмӕг цӕудзӕн ӕвзӕрст, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ сбӕлвырд кӕн, дӕ Библи ӕмӕ фембӕлды цы публикацитӕй пайда кӕндзынӕ, уыдон демӕ сты ӕви нӕ.

◼ Фембӕлдты рӕстӕджы архай лӕмбынӕг хъусыныл. Хорз уаид, дӕ фарсмӕ чи бада, уыдонимӕ куы нӕ ныхас кӕнис ӕмӕ куы нӕ ракӕс-бакӕс кӕнис, иннӕтӕ залы цы кусынц, уымӕ. Архай, цӕмӕй ма хъуыды кӕнай, фембӕлды фӕстӕ цы кусдзынӕ, ууыл, йе та цавӕрдӕр ӕндӕр сӕрмагонд хъуыддӕгтыл.

◼ Сценӕйӕ цы дзурынц, ууыл хъуыды кӕн. Дӕхимӕ радт фарстытӕ: «Уый мӕнмӕ куыд хауы? Кӕд дзы спайда кӕндзынӕн?»

◼ Цыбыртӕй фысс сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ библион стихтӕ. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ лӕмбынӕг хъусынӕн ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ бахъуыды кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ уый фӕстӕ, куы бахъӕуа, уӕд спайда кӕнай.

3 Дӕ сывӕллӕтты хъусын ахуыр кӕн. Сывӕллӕтты ӕнӕмӕнг хъӕуы зондамынд Хуыцауӕй (Дык. з. 31:12). Рагзаманты Хуыцауы адӕмӕй «хъусынхъом чи уыд, уыдон иууылдӕр» хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыстаиккой, Закъон-иу сын куы кастысты, уӕд (Неем. 8:1—3). Ныййарджытӕ фембӕлдты хайад куы исой ӕмӕ лӕмбынӕг куы хъусой, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ кӕндзысты. Раст нӕ уыдзӕн, ныййарджытӕ семӕ, сӕ сывӕллӕтты ирхӕфсынӕн хъазӕнтӕ кӕнӕ, нывтӕ кӕм хъӕуы сахорын, ахӕм чингуытӕ куы хӕссой, уӕд. Сывӕллӕтты уазӕгдонмӕ дзӕгъӕл ракӕ-бакӕ дӕр хъыгдардзӕн хъусынӕн. «Ӕрыгон лӕппу тӕлтӕгзӕрдӕ [кӕй] у», уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ фембӕлдты сабыр бадой ӕмӕ лӕмбынӕг хъусой (Фӕс. н. 22:15).

4 Хорз хъусджытӕ куы уӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, ӕцӕгӕй дӕр зондджын кӕй стӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ «зонындзинӕдтыл бафта», уый (Фӕс. н. 1:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын