Иегъовӕйы кадджын кӕн хорз хъуыддӕгтӕй
1 Тӕрккъӕвдайы бахаугӕйӕ хорз нӕ уаид, дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынат куы ссарис, уӕд? Уым хъарм, ӕдас куы уаид, фысымтӕ та куы уаиккой уазӕгуарзон, уӕд дӕ нӕ бафӕндид уырдыгӕй ацӕуын. Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмӕн амоны, Сайтаны цардӕвӕрдӕй кӕдӕм ис алидзӕн, ахӕм бынат. Алыбон дӕр нӕ цардӕй иннӕтӕн ӕвдисӕм, уыцы ӕдас бынат куыд хорз у, уый? О, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ нын адӕм «уындзысты нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кадджын кӕндзысты нӕ Уӕларвон Фыды» (Матф. 5:16).
2 Куыд у нӕ бон нӕхи афтӕ дарын, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ адӕмы фӕнда Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ ӕрбацӕуын? Уый нын рауайдзӕн, Лукайы 6:31-ӕм ӕмӕ 10:27-ӕм стихты фыст, Йесойы ныхӕстӕ нӕ цардыл алыбон дӕр куы ӕндавой, уӕд. Уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны уарзӕм, тыхсӕм сыл, ӕмӕ афтӕмӕй хицӕн кӕндзыстӕм ацы уазал ӕмӕ ӕнӕцӕстуарзон дунейӕ.
3 Иу хо науыл цӕугӕйӕ федта, иу ӕрыгон сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕй хӕццӕ кодта ӕмӕ йӕ бон кӕй нӕ уыд йӕ гыццыл сывӕллонмӕ кӕсын, уый. Хо загъта, йӕ сывӕллонмӕ йын кӕй фӕкӕсдзӕн. Сылгоймаг ӕй куы бафарста, дӕ хорз дын цӕмӕй бафидон, зӕгъгӕ, уӕд ын хо загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕм иннӕ хатт куы бацӕуой, уӕд-иу сӕм байхъус». Сылгоймаг афтӕ бакодта, ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕг дӕр сты Ӕвдисӕнтӕ. Хорз хъуыддӕгтӕ ахъаз фесты, Паддзахады тыххӕй уацхъуыдӕн кӕй саргъ кодтой, уымӕн.
4 Куыд цӕрӕм, уымӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм. Нӕхи адӕмы ’хсӕн куыд дарӕм, зӕгъӕм, куысты, скъолайы кӕнӕ улӕфты рӕстӕджы, уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕндзысты махӕн дӕр ӕмӕ нӕ динӕн дӕр. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕхи куы бафӕрсид: адӕм мӕн тыххӕй дӕр ӕмӕ мӕ бинонты тыххӕй дӕр цы хъуыды кӕнынц? Мӕ сыхӕгтӕ зӕгъдзысты, мӕ хӕдзар ӕмӕ мӕ кӕрт сыгъдӕг кӕй сты ӕмӕ сӕм кӕй зилын, уый? Ме ’мкусджытӕ кӕнӕ мӕ ме ’мкъласонтӕ зонынц, алыхатт дӕр афойнадыл чи ӕрбацӕуы ӕмӕ зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм адӕймагӕй? Мӕ дарӕс ууыл дзурӕг у, хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕздан кӕй дӕн? Нӕ хорз хъуыддӕгтӕ иннӕтӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Иегъовӕйӕн кувынад бауарзой.
5 Петр дзырдта, зӕгъгӕ, адӕм чырыстӕттыл худдзысты (1 Пет. 4:4). Мах хъуамӕ нӕхи афтӕ дарӕм, цӕмӕй нӕ уагахасты тыххӕй нӕ фыдкой мачи кӕна (1 Пет. 2:12). Нӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕй куы кадджын кӕнӕм, кӕмӕн кувӕм, уыцы Хуыцауы, уӕд уыдзыстӕм бӕрзонд бынаты ӕвӕрд цырӕгъты хуызӕн ӕмӕ адӕмы хондзыстӕм, Иегъовӕ сын цы ӕдас бынат ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм (Матф. 5:14—16).