Ӕппӕты хуыздӕр у хуымӕтӕгӕй дзурын
1 Куыд дӕм кӕсы, ӕрыгон хъусынгӕнджытӕ Паддзахады тыххӕй адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕм арӕх цӕмӕн фӕхъусынц? Иу уый, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ вӕййынц хуымӕтӕг. Хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн хъӕуы рӕсугъд ныхӕстӕ дзурын. Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ӕппӕты хуыздӕр у хуымӕтӕгӕй дзурын.
2 Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы дзырдта, уӕд пайда кодта хуымӕтӕг ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр афтӕ ахуыр кодта (Матф. 4:17; 10:5—7; Лук. 10:1, 9). Цӕмӕй йӕм йӕ хъусджытӕ хъуыстаиккой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕтӕм истаиккой, уый тыххӕй-иу уый йӕ ныхас райдыдта хуымӕтӕг ныхӕстӕй, лӕвӕрдта хуымӕтӕг фарстытӕ ӕмӕ цардӕй хаста цӕвиттонтӕ (Иоан. 4:7—14). Мах дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ афтӕ дзурӕм, цӕмӕй нӕ адӕм ӕнцонтӕй ӕмбарой.
3 Мах хъуамӕ хъусын кӕнӕм «паддзахады тыххӕй цины хабар» (Матф. 24:14, НД). Адӕмимӕ сӕйраджыдӕр Паддзахады тыххӕй куы дзурай, уӕд дӕ бон уыдзӕн хуымӕтӕгӕй дзурын. Дзур, дӕ хъусджыты цы тыхсын кӕны, ууыл. Сылгоймӕгтӕ арӕхдӕр фӕхъуыды кӕнынц политикӕйыл нӕ, фӕлӕ сӕ бинонтыл. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм нӕлгоймӕгтӕн сӕ иууыл стырдӕр сагъӕс вӕййы сӕ куыст ӕмӕ сӕ бинонты фарн. Ӕрыгӕтты цымыдис кӕны сӕ фидӕн, ацӕргӕ адӕмы та — се ’нӕниздзинад ӕмӕ сӕ ӕдасдзинад. Арӕхдӕр адӕм фӕмӕт кӕнынц, дард бӕстӕты цы цӕуы, ууыл нӕ, фӕлӕ кӕм цӕрынц, уым цы цаутӕ цӕуы, ууыл. Ахӕм фарстатыл аныхасгӕнгӕйӕ адӕймаджы ӕргом здах, Хуыцауы Паддзахады хицауиуӕгад коммӕгӕс адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Дӕ хъусӕджы бацымыдис кӕнынӕн дын, чи зоны, иууыл хуыздӕр баххуыс кӕной, хорз кӕуыл ахъуыды кӕнай, цалдӕр ахӕм хуымӕтӕг ныхасы, уыимӕ ма Библийӕ стих дӕр.
4 Дӕ бон у дӕ ныхас афтӕ райдайын:
◼ «Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, абон адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм низтӕй. Фӕлӕ зоныс, Хуыцау тагъд рӕстӕджы низтӕ, уыимӕ мӕлӕт дӕр, кӕй фесафдзӕн, уымӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый?» Бауадз адӕймаджы дзуапп радтын ӕмӕ йын стӕй бакӕс Раргомады 21:3, 4-ӕм стихтӕ.
5 Уӕдӕ-иу дӕ ныхас райдай хуымӕтӕг ныхӕстӕй ӕмӕ дӕ территорийы фылдӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕн Иегъовӕимӕ зонгӕ кӕнынӕн ӕмӕ ӕнусон царды ныфс цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарынӕн, цӕмӕй йӕ сӕ зӕрдӕтӕм айсой (Иоан. 17:3).