Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 апр. (уыр.)
«Адӕм алы ран дӕр тырнынц хорз цардмӕ, зӕгъӕм, архайынц, цӕмӕй хорз куыст ссарой ӕмӕ йӕ ма фесафой. Искуы ахъуыды кодтай, куыд ис ӕцӕгдӕр ӕнӕмастӕй ӕмӕ ӕдыхстӕй цӕрӕн? [Бакӕс Псалом 15:8, 9.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кӕны, куыд ис ӕцӕгдӕр хорз цӕрӕн».
«Райхъал ут!», 22 апр. (уыр.)
«Абон бирӕтӕ сӕ аргъуан ныууагътой ӕмӕ сӕхи куыд фӕнды, афтӕ Хуыцауӕн кувынц. Цы хъуыды кӕныс уый тыххӕй? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Хуыцауӕн тынг ахсджиаг у, куыд ын кувӕм, уый. [Бакӕс Иоанны 4:24.] Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы, куыд у нӕ бон Хуыцау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй фылдӕр базонын».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 май
«Ӕвӕццӕгӕн зоныс, уӕззау рынчын кӕнӕ сахъат чи у, ахӕм адӕмы? Уӕдӕ сразы уыдзынӕ, ахӕм адӕмы ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл. Нӕ бон сӕ куыд у бафидар кӕнын? Библийы ис ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ. [Бакӕс Исай 35:5, 6.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кӕны, цӕмӕ нӕ хъуамӕ уырна, ацы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый».
«Райхъал ут!», 8 май (уыр.)
«Фарон зӕххыл сабырдзинадӕн уыд тынг тӕссаг. Куыд хъуыды кӕныс, хицауӕдтӕ зӕххыл сабырдзинад ӕрӕвӕрдзысты? [Йӕ дзуапмӕ йын байхъус ӕмӕ бакӕс Исай 2:4.] Ацы «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы, цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, тагъд рӕстӕджы ӕппӕт зӕххыл дӕр сабырдзинад кӕй уыдзӕн, ууыл».