Диссаджы фадат кӕрӕдзийы ныфс бауадзынӕн
1 Ахӕм бон нӕ вӕййы, ӕмӕ Иегъовӕйы адӕмӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ма цӕуа. Хӕйрӕг зоны, кӕй йын баззад тынг гыццыл рӕстӕг, ӕмӕ ма фӕстагмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй нӕ Иегъовӕйӕ фӕиппӕрд кӕна (Рар. 12:12). Тынг ахсджиаг у «фидар кӕнын Хицауӕй ӕмӕ Йӕ тыхы хъомысӕй», цӕмӕй «фыддзинады бон нӕ бон уа ныхмӕ слӕууын, ӕмӕ ӕппӕтыл фӕуӕлахиз уӕвгӕйӕ ма фӕцудын» (Еф. 6:10, 13).
2 Иегъовӕ нын уый фадат радта, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕмбӕлӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ кӕрӕдзи фидар кӕнӕм. Уыцы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый апостол Павел ӕмбӕрста. Уый-иу тынг фӕндыд йӕ чырыстон ӕфсымӕрты фенын, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы ныфс бауагътаиккой» ӕмӕ-иу «бафидар уыдаиккой» (Ром. 1:11, 12, НД). Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ та кӕрӕдзийы ныфс бауадзӕм, уый тыххӕй Разамонӕг совет зӕрдӕбынӕй бацӕттӕ кодта ног облӕстон конгресс «Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ», зӕгъгӕ.
3 Ӕрбацу ӕмӕ дын пайда ӕрхӕсса. Дӕ разы сӕвӕр хӕс, цӕмӕй конгрессы ӕртӕ бонӕй иу дӕр ма рауадзай. Стыр пайда нын ӕрхӕсдзӕн, конгрессы сӕрӕй кӕронмӕ куы уӕм, фыццаг зарӕджы размӕ куы ӕрбацӕуӕм ӕмӕ фӕстаг куывды фӕстӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ «Оммен!» куы зӕгъӕм, уӕд (Ис. 48:17, 18). Бирӕты рагацау бахъӕудзӕн сӕ куыст афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй сӕ бон суа конгрессы ӕртӕ бонмӕ дӕр ацӕуын. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ куыстӕй хи ракурын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ нын Иегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (1 Иоан. 5:14, 15). Кӕд нырма нӕ аскъуыддзаг кодтам, цӕуыл цӕудзыстӕм ӕмӕ кӕм ӕрлӕудзыстӕм, уый, уӕд уыцы хъуыддаг ныр хъӕуы саразын; афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, исты уыдзӕн. Мах фидарӕй уырны, Иегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн конгрессы ӕртӕ бонмӕ дӕр ацӕуынӕн (Ӕмб. 10:22).
4 Ныфс нӕ бауадздзысты. Искуы конгрессы фӕстӕ загътай, зӕгъгӕ, «ай хуызӕн конгресс нырма никуы уыд»? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтай? Мах, ӕнӕххӕст адӕм кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ бафӕллайӕм ӕмӕ нын фӕхъӕуы нӕ уырнындзинад бафидар кӕнын (Ис. 40:30). Иу хо загъта: «Ацы цард мын мӕ ныфс асӕтты, конгресстӕ та мын баххуыс кӕнынц ногӕй цардмӕ уырнындзинады цӕстӕй ракӕсынӕн ӕмӕ мӕ цы монон ӕххуыс фӕхъӕуы, уый райсынӕн. Ӕххуыс мӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕд фӕхъӕуы, уӕд ӕй райсын». Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фӕдзурыс.
5 Конгрессты нӕ ӕрмӕст раныхӕстӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты интервьютӕ ныфс нӕ бауадзынц, фӕлӕ ма программӕйы ӕндӕр хӕйттӕ дӕр. Иу ӕфсымӕр загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕ царды куыд ӕххуыс кӕнынц, уый куыд хуымӕтӕгӕй фембарын кӕнынц. Драмӕтӕ вӕййынц диссаг! Куыд хорз нын ӕмбарын кӕнынц, ивгъуыд заманты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонтӕ нын зондзонӕн кӕй сты, уый. Алы хатт дӕр фенхъӕлмӕ кӕсын ног публикацитӕм ӕмӕ ма сыл хӕдзары дӕр бирӕ фӕцин кӕнын».
6 Ацы «уӕззау рӕстӕджыты» нын Иегъовӕ стыр ӕххуыс кӕны, конгресстӕ нын кӕй вӕййы, уымӕй (2 Тим. 3:1). Уыдоны фӕрцы хъусӕм уынаффӕмӕ: «Хъӕлдзӕг ут [«цырд лӕуут», НФ], уырнындзинады лӕуут, хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут» (1 Кор. 16:13). Уӕдӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ конгресс «Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ»-йы программӕйӕ иу хай дӕр ма рауадзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфс бауадзӕм!
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Спълан кӕн, цӕмӕй конгрессы ӕртӕ бон дӕр уай.
■ Дӕхи куыстӕй ракур.
■ Дӕхицӕн бынат ныззаказ кӕн, конгресс цы горӕты цӕудзӕн, уым.
■ Базон, конгресмӕ цӕуыл цӕудзынӕ, уый.