Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/03 1 ф.
  • Иегъовӕ у стыр кады аккаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иегъовӕ у стыр кады аккаг
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын ахӕстаргъ ахъаз уа
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Хорз хъуыддӕгтӕм тындз!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 3/03 1 ф.

Иегъовӕ у стыр кады аккаг

Хицауы ӕхсӕвӕр уыдзӕн 16 апрелы

1 Ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 2003 азы 16 апрелмӕ. Ӕппӕт дунейы Иегъовӕйы ном чи кадджын кӕны, уыцы милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ уыцы изӕр нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм Йесойы мӕлӕт. Иегъовӕ ахӕстаргъ кӕй бафыста, уымӕ гӕсгӕ у стыр кады аккаг. Уый фӕрцы Хуыцау ӕппӕт коммӕгӕс адӕмӕн дӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ дӕтты. Мах дӕр зӕрдӕбынӕй разы кӕнӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Стыр у Хуыцау ӕмӕ кады аккаг у» (Пс. 144:3, МГТ).

2 Ӕрымысӕн изӕр хорз рӕстӕг у, Хуыцауы хӕларзӕрдӕдзинадыл, ӕмӕ дзы куыд бузныг хъуамӕ уӕм, ууыл хъуыды кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ рарвыста «дунемӕ Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй мах Уый фӕрцы райсӕм цард» (1 Иоан. 4:9, 10). Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ, мах ӕмбарӕм, Иегъовӕ кӕй у «рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ... ӕмӕ бирӕхорзӕхджын» (Пс. 144:8). Ӕцӕгдӕр, ахӕстаргъ у, Иегъовӕ ӕппӕт адӕмы дӕр ӕгӕрон уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕн иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн (Иоан. 3:16). Хуыцауы уарзт нӕ хъуыддӕгтӕй куы февдисӕм ӕмӕ Йесойы ӕнаипп цардыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕфӕнды Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Ӕнусты дӕргъы йӕ кадджын кӕндзыстӕм, йӕ ӕгӕрон уарзтӕй нын ӕнусон царды ныфс кӕй радта, уый тыххӕй (Пс. 144:1, 2).

3 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Хуыцауы диссаджы лӕвар ахӕстаргъы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕты дӕр хонӕм немӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы удцырынӕй ныффыста: «Хъусын кӕндзысты Дӕ стыр хорздзинады мысындзинад ӕмӕ зардзысты Дӕу рӕстад» (Пс. 144:7). Ӕрмӕстдӕр фарон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн дунейы иу миллиард сахатӕй фылдӕр хъусын кодтой. Уый фӕрцы сын цы бантыст? Алы къуыри дӕр 5 100 адӕймагӕй фылдӕр донаргъуыд истой ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдыстой, Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтой, уый. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 15 597 746 адӕймаджы, уыдонӕй 9 милуаны уыдысты, Иегъовӕйӕн хорз хабары хъусынгӕнджытӕй нырма чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕмтӕ. Цӕй стыр гӕнӕнтӕ ис дарддӕры рӕзтӕн! Мах, Паддзахады хъусынгӕнджытӕ, аргъ кӕнӕм нӕ кадджын хӕслӕвӕрдӕн — хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕты зӕрдӕтӕ Иегъовӕмӕ, йӕ Фыртмӕ ӕмӕ Паддзахадмӕ здахын.

4 Цӕмӕй иннӕтӕ Иегъовӕйӕн кад кӕной, уый тыххӕй сӕ нӕ бон у фӕхонын Хицауы ӕхсӕвӕр немӕ иумӕ сбӕрӕг кӕнынмӕ. Фӕхонын дӕ кӕй фӕнды, уыдоны дӕхимӕ ныффыстай? Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ цал сахатыл уыдзӕн, уый кӕй зӕрдыл хъӕуы ӕрлӕууын кӕнын, уыдоны номхыгъд дӕр сарӕзтай? Хуынды гӕххӕттытӕ сӕ алкӕмӕндӕр радтай? Кӕд нӕ, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр уый сараз, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ. Бамбарын сын кӕн, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн бӕрӕг кӕнӕм, уый. Фембӕлды рӕстӕджы уазджытыл бацин кӕн. Зӕрдиагӕй сын ӕгасцуай зӕгъ, иннӕтимӕ сӕ базонгӕ кӕн ӕмӕ сын раарфӕ кӕн, кӕй ӕрбацыдысты, уый тыххӕй.

5 Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уыдоны, гӕнӕн ис, бафӕнда фылдӕр базонын ӕмӕ аразын. Библи чи ахуыр кӕны, иу ахӕм нӕлгоймаг тухӕн кӕны уӕззау низӕй (посттравматический стресс) ӕмӕ йын зын у бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕттӕм цӕуын, фӕлӕ уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд. Фембӕлды тыххӕй йӕ йӕ хъуыдыйӕ куы бафарстой, уӕд загъта: «Уый стыр бӕрӕгбон уыд ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ ӕрбацыдаин». Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын.

6 Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ. Цы ис саразӕн, цӕмӕй ахӕм цымыдисгӕнаг адӕм дарддӕр Иегъовӕйӕн кад кӕной? Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уыдонимӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ базонгӕ уой ӕмӕ бацархайой, цӕмӕй сӕм цалдӕр боны фӕстӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ бацӕуой ӕмӕ семӕ иумӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уый. Чи зоны сӕ искӕй бафӕнда хӕдзары Библи ахуыр кӕнын. Хъӕуы ма сӕ фӕхонын ӕрвылкъуырион фембӕлдтӕй алкӕцымӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕм иудадзыг куы цӕуой, уӕд Библийӕ сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕндзысты.

7 Ныртӕккӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕрмагондӕй архайынц, цӕмӕй, алы мӕй дӕр уацамынды хыгъд чи нӕ дӕтты ӕмӕ рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕной иудадзыг ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын кӕд загътой, зӕгъгӕ, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕй искӕмӕн ногӕй хъусын кӕнынӕн баххуыс кӕн, уӕд ма фӕзивӕг кӕн. Не ’фсымӕртыл афтӕ куы аудӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Павелы сидтмӕ гӕсгӕ: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Гал. 6:10).

8 Цӕй уӕдӕ иууылдӕр ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм 16 апрелы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуын. Мах нӕ фӕнды ауадзын, Иегъовӕйы скадджын кӕнынӕн нын цы диссаджы фадат ис, уый. Уӕдӕ ныр дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕргъы дӕр, Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм йӕ стыр хъуыддӕгты тыххӕй! (Пс. 144:21).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын