Районон конгрессы ног программӕ
1 Нӕ Хицау нӕ бафӕдзӕхста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзардзысты (Матф. 24:9). Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм фӕлварӕнтӕм? Фыдӕвзарӕнты фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм? 2004 лӕггады азы районон конгрессы программӕ ратдзӕн дзуапп ацы фарстытӕн. Уый хуыйны «Ныфсыл цин кӕнут. Фыдӕвзарӕнты фидар лӕуут» (Ром. 12:12, НД).
2 Дыууӕ къорд раныхасы. Фыццаг цалдӕр раныхасӕн сӕ иумӕйаг сӕргонд уыдзӕн «Фидар ут ӕмӕ дыргъ хӕссут», ӕмӕ дзы дзырд цӕудзӕн, нӕ бон дыргъ хӕссын куыд у, ууыл. Цалдӕр хъусынгӕнӕгӕй райсдзысты интервью: цы рӕстӕджы цӕрынц, уый кӕй нӕ рох кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы куыд ахуыр кӕнынц. Ныййарджытӕ уӕлдай тынгдӕр сӕ хъус ӕрдардзысты программӕйы ацы хаймӕ, «Иегъовӕ нын зонд куы фӕамоны», зӕгъгӕ; уым дзырд цӕудзӕн, ныййарджытӕн куыд у сӕ бон сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ ӕмбаргӕ ныхас кӕнын. Ацы раныхӕстӕй фӕстаджы ныхасы рацӕуӕг ӕрдзурдзӕн, дуне нын цӕмӕй нӕ царды йӕхицӕн бынат ма скӕна ӕмӕ нӕ дыргъ хӕссын ма бахъыгдара, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм, ууыл (Маркы 4:19).
3 «Фидар ут ӕмӕ размӕ згъорут» у дыккаг къорд раныхасы иумӕйаг сӕргонд. Ацы раныхӕстӕ нын равдисдзысты, нӕ цард дугъы хуызӕн куыд у, уый. Уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы згъорын? Куыд аппарӕм алы уаргъ дӕр, цӕмӕй ма ӕрлӕмӕгъ уӕм царды фӕндагыл згъоргӕйӕ? Йӕ афоныл загъд уынаффӕ Библийӕ не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн фӕразонӕй размӕ згъорынӕн.
4 Фидар куы уӕм, уӕд нӕ Хуыцау разы уыдзӕн. Цӕугӕ цӕстдарджытӕ сӕ раныхӕстӕй бафидар кӕндзысты, зондамындмӕ чи хъусы ӕмӕ дзы царды чи пайда кӕны, уыдоны уырнындзинад. Облӕстон цӕстдарӕджы раныхӕстӕй иу у, «Фидар куы уӕм, уӕд нӕ Хуыцау разы уыдзӕн», зӕгъгӕ. Ӕргом раныхасы дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ахӕм фарстытӕн: Кӕй номыл хъуамӕ дарой адӕмтӕ сӕ ныфс ӕмӕ уый цы нысан кӕны? Фӕстаг раныхасы, «Фидар куы уат, уӕд уӕ удтӕ фервӕзын кӕндзыстут», зӕгъгӕ, дзырд цӕудзӕн, Йесо рӕстӕй кӕд ӕфхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр фидарӕй куыд баззад ӕмӕ маст хӕссын куыд нӕ райдыдта, ууыл.
5 Ма дӕ ферох уӕд демӕ рахӕссын чиныг «Хъусынгӕнджыты скъола» ӕмӕ уыцы къуыри цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ахуыр кӕндзыстӕм, уый. Цӕмӕй лӕмбынӕг хъусай ӕмӕ цы хъусыс, уымӕй фидӕны спайда кӕнай, уый тыххӕй раныхӕстӕ цыбыртӕй фысс. Программӕ фӕстӕдӕр фӕлхат цӕудзӕн ӕмбырды.
6 Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕрцӕттӕ кодта ацы монон куывд. Ӕрбацӕут! Минас кӕнут! Программӕйӕ иу хай дӕр куы нӕ рауадзӕм, уӕд фырцинӕй зардзыстӕм (Ис. 65:14).