Писмо филиалӕй
Нӕ зынаргъ хъусынгӕнджытӕ!
Мах тынг цымыдисӕй нӕ хъус дарӕм, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нӕ территорийы размӕ куыд цӕуы, уымӕ! 2002 азы сентябрӕй Уӕрӕсейы ӕмӕ, нӕ филиалы бӕрны цы бӕстӕтӕ ис, уыдоны фӕзынд 28 000 ног библион ахуыры, стӕй ма нӕ къухы бафтыд бирӕ ног стыр ӕнтыстытӕ!
Иегъовӕ раарфӕ кодта, ӕндӕр ӕвзӕгтыл кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн. Уырыссаг ӕвзагӕй дарддӕр ма нӕ территорийы ис ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ дӕс ӕндӕр ӕвзагыл. Фарон фӕзынд ӕмбырд тӕтӕйраг ӕвзагыл. 2003 азы февралы ӕрцыд арӕзт, Уӕрӕсейы къухӕй амонгӕ ӕвзагыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр кӕдӕм хауынц, ахӕм район.
Мах цин кӕнӕм, 2003 азы уалдзӕджы, нӕ филиал цы территорийӕн дӕтты дзуапп, уым нӕ къухы диссаджы ӕнтыстытӕ кӕй бафтыд, ууыл (Рарг. 2:19). Уалдзӕджы Уӕрӕсейы, Белорусийы ӕмӕ Сомихы пионерты нымӕц схызт иууыл стырдӕр нымӕцтӕм. Апрелы уыд хъусынгӕнджыты ног стырдӕр нымӕц Хъазахстаны, майы та — Сомихы, Азербайджаны ӕмӕ Белорусийы. Нӕ территорийы бирӕ бӕстӕты ногӕй уыдис библион ахуырты иууыл стырдӕр нымӕц. Иегъовӕйы адӕм «Йӕ хӕсты бон» ӕцӕгдӕр разындысты цӕттӕ (Пс. 109:3, МГТ).
2004 лӕггады азы райдианы уемӕ зӕрдиагӕй кувӕм, цӕмӕй Иегъовӕ дарддӕр дӕр «рӕзын кӕна» Паддзахады мыггаг (1 Кор. 3:6).
Уе ’фсымӕртӕ,
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал Уӕрӕсейы.