Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут хуыздӕр хъусын кӕнын
1 Чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн хӕрз гыццылӕй райдайой амонын хъусын кӕнын. Уымӕн ис цалдӕр мадзалы. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ цалынмӕ кӕсын нӕ сахуыр вӕййынц, уӕдмӕ дӕр сӕ бон вӕййы Библийӕ стихтӕ бахъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ дзурын. Уый, гӕнӕн ис, тынг фӕзына хъусджытыл. Сывӕллӕттӕ куы байрӕзынц, уӕд сӕ бон вӕййы уацамынды фылдӕр аразын. Ныййарджытӕ, уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн ацы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Чи зоны уын ацы уынаффӕтӕ дӕр фӕахъаз уой.
2 Салам раттыны фӕстӕ дӕ бон у зӕгъын:
◼ «Мӕ лӕппуйы [йӕ ном ын зӕгъ] фӕнды Библийӕ иу стих бакӕсын». Сывӕллоны бон у зӕгъын: «Ацы стихӕй ӕз базыдтон Хуыцауы ном. [Кӕсы, йе та йӕхи ныхӕстӕй дзуры Рацыды 15:3.] Ацы журналты дзырдӕуы, Иегъовӕ Хуыцау махӕн цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Ныууадзон дын сӕ?» Ныхасы кӕрон дӕ бон у зӕгъын, ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддаг цӕй фӕрцы цӕуы, уый.
3 Кӕнӕ дӕ бон у афтӕ райдайын:
◼ «Салам. Мӕ чызджы [йӕ ном ын зӕгъ] ахуыр кӕнын адӕмыл хъуыды кӕнын. Фӕнды йӕ Библийӕ иу хабар цыбыртӕй радзурын». Чызг зӕгъӕд: «Мӕн фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын дзурын, Библи фидӕны тыххӕй цы ныфс дӕтты, уый. [Сывӕллон кӕсы, йе та йӕхиныхӕстӕй дзуры Раргомады 21:4.] Ацы журналтӕ ӕмбарын кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад нын цы сараздзӕн, уый. Мӕнмӕ гӕсгӕ сӕ ӕхсызгонӕй бакӕсдзынӕ».
4 Сывӕллӕттӕ хуымӕтӕг цӕвиттонтӕй куы пайда кӕной, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар уӕндонӕй хъусын кӕндзысты. Куы сӕ ахуыр кӕнат, цӕмӕй ӕнӕрхӕцгӕйӕ ӕмӕ хъӕрӕй дзурой, уӕд сӕ бон уыдзӕн цыфӕнды уавӕрты дӕр ныхас кӕнын. Уӕ сывӕллӕтты хорз куы цӕттӕ кӕнат ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй куы ӕппӕлат, уӕд сӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын арӕхсдзысты.
5 Ахӕм ӕххуысы фӕрцы бирӕ сывӕллӕттӕ систы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ. Куыд ӕхсызгон у, нӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй хуыздӕр кӕнынц! (Пс. 148:12, 13).