Районон конгрессы ног программӕ
Ацы хӕлд дунейы фӕстаг бонты тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ монон уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ чырыстон удыхъӕд бахъахъхъӕнӕм (Рарг. 16:15). Уымӕ гӕсгӕ 2006 лӕггады азы районон конгрессы программӕйы ном у «Ног удыхъӕды сфӕлындут» (Кол. 3:10, НД).
Фыццаг бон. Иу фарсты фӕдыл цы цалдӕр раныхасы уыдзӕн, уыдоны иумӕйаг ном у «Адӕймаджы ног удыхъӕд царды алыхуызон фӕзилӕнты куыд зыны». Уыцы раныхӕстӕй базондзыстӕм, нӕ удыхъӕд кӕй сног кӕнӕм, уый нын царды алы фадыджы дӕр куыд ахъаз у. Куыд у нӕ бон ног удыхъӕдыл кусын? Ууыл ныхас цӕудзӕн фыццаг боны фӕстаг дыууӕ раныхасы: «Арф хъуыды кӕн, ахъаз дын цы у, ууыл» ӕмӕ «Ног удыхъӕдыл кусынӕн ӕххуыс чи у, уыцы ахуыр».
Дыккаг бон. Ног удыхъӕдыл кӕй кусӕм, уый нӕ ныхасыл куыд зыны? Ууыл дзырд цӕудзӕн цалдӕр раныхасы иумӕйаг номимӕ «Ахуыр кӕн зондджын ныхас кӕныныл». Ӕргом раныхас хуыйны, «Сайтаны ныхмӕ фидар лӕууыс?», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сӕйраг хъуыды у, цырддзаст кӕй хъуамӕ уӕм, цӕмӕй Сайтаны къӕппӕджыты ма бахауӕм. Конгрессы фӕстаг дыууӕ раныхасы сты «Нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ацы дунейӕ ма счъизи уӕм» ӕмӕ «Ӕрвылбон дӕр нӕ удыхъӕд ногдӕр кӕнӕм». Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхи хизӕм, Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм уагахастӕй ӕмӕ цӕмӕй Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ макуы сивӕм.
Районон конгресс нӕ баразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй ног удыхъӕды сфӕлындӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Ӕмӕ йӕм мах ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!