Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/06 5 ф.
  • Баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Кур ӕххуыс
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Апрель — «зӕрдиагӕй кусыны ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайыны» рӕстӕг
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Йегъовӕ ӕмбырдӕн Йесойы уылты разамынд куыд дӕтты?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 2/06 5 ф.

Баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм

1. Иуӕй-иутӕ куыд ӕрлӕмӕгъ вӕййынц?

1 Нӕ хо Аннӕйӕ йӕ куыст бирӕ рӕстӕг домдта, стӕй йӕ лӕг дӕр ӕнӕуырнӕг у. Уымӕ гӕсгӕ йын зын уыд ӕдзух ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамындмӕ цӕуын, стӕй Библи ахуыр кӕнын. Аннӕ ӕрлӕмӕгъи – ӕмбырды хъуыддӕгты нал архайдта. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы уарзта. Хорз уыд, ӕмӕ йыл зӕрдиагӕй чи тыхст, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысыл йӕхи нӕ атигъ кодта.

2. Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн чырыстӕттӕн се ’пӕтӕн дӕр куыд у сӕ бон баххуыс кӕнын?

2 Чырыстон ӕмбырды ӕххуыс чи райсы, уый ӕвдисы, Иегъовӕйыл кӕй дары йӕ зӕрдӕ. Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр зӕрдӕбынӕй тыхсынц ӕмбырдыл ӕмӕ алы амалӕй дӕр архайынц, цӕмӕй, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны бафидар кӕной ӕмӕ сын хъуыддагӕй баххуыс кӕной (1 Фес. 5:14). Хорз вӕййы адӕймагӕн Фыстадӕй бакӕсын, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй фӕфидар уа, ахӕм стихтӕ ӕмӕ дзы ныфс бауадзын. Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс нӕу, фӕлӕ иннӕ чырыстӕтты дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, алчидӕр нӕ йӕхицӕй зоны, куыд бирӕ у йӕ бон «йӕ афоныл загъд» ӕрхъуыдыджын ныхасӕн (Ӕмб. 25:11; Ис. 35:3, 4).

3, 4. Цы нысан кӕны иннӕтӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн?

3 Дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у. Баххуыс кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыдоныл зӕрдиагӕй батыхсын уый нысан кӕны, ӕмӕ нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм, ӕмбарӕм сӕ ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ уӕм. Давид тыхст уавӕры ис, уый Ионафан куы базыдта, уӕд «сыстад ӕмӕ Давидмӕ хъӕдмӕ ацыд, цӕмӕй йӕ фӕфидар кодтаид» (1 Пад. 23:15, 16). Искӕмӕн баххуыс кӕнын дӕ куы фӕнда, уӕд фӕлмӕн у. Дӕ ныхӕстӕ адӕймагмӕ тынгдӕр бахъардзысты, зӕрдӕйӕ куы цӕуой, кӕй йыл тыхсыс, ууыл дзурӕг куы уой. Стӕй ма Йесо бӕлвырд равдыста: цӕмӕй нӕ чырыстон ӕфсымӕр кӕнӕ хойы ногӕй ссарӕм, уый тыххӕй зӕрдиагӕй архайын хъӕуы, цӕмӕн ын ӕххуыс кӕнӕм, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ (Лук. 15:4). Ӕцӕгдӕр нӕ куы фӕнда адӕймагӕн баххуыс кӕнын, уӕд, уавӕр уайтагъд куы нӕ фӕхуыздӕр уа, уӕддӕр нӕ къухтӕ нӕ ауадздзыстӕм.

4 Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, нӕхӕдӕг куы фӕраздӕр вӕййӕм, не ’мбырдӕй искӕй, зӕгъӕм, нӕ чиныгахуыры чи ис, уыдоны немӕ хъусын кӕнынмӕ куы акӕнӕм! Уацамынды нын хорз фадат вӕййы не ’фсымӕр кӕнӕ хойы фӕфидар кӕнынӕн. Иегъовӕйӕн иумӕ зӕрдӕрухсӕй кӕй фӕлӕггад кӕнӕм, уый уӕлдай ахъаз вӕййы, фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыныл чи фӕархайы, уыдонӕн.

5. Иуӕй-иу уавӕрты хистӕр нӕлгоймӕгты цӕуыл фӕхъӕуы батыхсын?

5 Уарзондзинадыл дзурӕг ӕххуыс. Цасдӕр рӕстӕг чи нал хъусын кӕны кӕнӕ ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны, гӕнӕн ис, ӕмӕ фылдӕр ӕххуыс бахъӕуа сӕ уырнындзинад фӕфидар кӕнынӕн. Чи зоны, ӕмӕ семӕ хъӕуа Библи ахуыр кӕнын чиныг «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн», «Баввахс у Иегъовӕмӕ» кӕнӕ «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»-йы руаджы. Аргъуыд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хатт семӕ бирӕ рӕстӕг ахуыр кӕнын нӕ бахъӕуы. Ӕмбырды комитет хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, ахӕм ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл. (Кӕс 1998 азы ноябры ӕмӕ 2000 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» «Фарстыты асыкк»).

6. Иу хо фӕстӕмӕ йӕ къахыл куыд слӕууыд?

6 Уӕлдӕр кӕй кой цыд, уыцы Аннӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысӕй бузныг уыд ӕмӕ сразы ис, цӕмӕй иу фӕлтӕрдджын хо йемӕ Библи ахуыр кодтаид. Ӕрмӕст цыппар хатты ауагътой ахуыр, фӕлӕ уый дӕр баххуыс ис Аннӕйӕн, цӕмӕй та ногӕй Иегъовӕмӕ баввахс уыдаид. Фӕстӕмӕ та райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын, раздӕрау та йӕ бафӕндыд Иегъовӕ Хуыцауы тыххӕй адӕмӕн дзурын. Уыцы фӕлтӕрдджын хо ма йын баххуыс кодта, цӕмӕй та хъусын кӕнын дӕр райдайа: йемӕ йӕ кодта Библийы ахуыртӕм, цалынмӕ Аннӕмӕ уыйбӕрц ныфс нӕ фӕзынд, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕна. Ӕххуысы къух – ӕндӕр ницы хъуыд Аннӕйы фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууынӕн.

7. Иннӕтӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын арфӕйаг хъуыддаг цӕмӕн у?

7 Фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг. Цӕмӕн? Кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уый цин кӕндзӕн, Иегъовӕмӕ та кӕй баввахс ӕмӕ йын йӕ организацийы хъуыддӕгты кӕй архайы, ууыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр цины хос уыдзӕн, уыцы адӕймаг фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕууыд, уый (Лук. 15:5, 6). Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ та, кӕрӕдзиуыл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, уый фӕрцы ӕнгомдӕр уыдзысты (Кол. 3:12–14). Уӕдӕ мах не ’ппӕт дӕр хъуамӕ фӕзмӕм Иегъовӕйы, баххуыс кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ чи у, уыцы Хуыцауы (Еф. 5:1).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын