«Нӕ мӕ хъӕуы»
1 Цы хабар дзурӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу рӕтты афтӕ фӕзӕгъынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта, куы нӕ нӕм хъусой, уӕд? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕм адӕм хъусой?
2 Дӕ циндзинад ма фесаф. Адӕм нӕм цӕуылнӕ хъусынц, уый дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд дӕ циндзинад нӕ фесафдзынӕ. Афтӕ кӕй ахуыр кодтой, зӕгъгӕ, алцыдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзынд ӕмӕ Хуыцау нӕй, уыдон Библийӕн нӕ аргъ кӕнынц. Иннӕтӕ та, чи зоны, фӕфыдӕнхъӕл сты дины кусджыты цӕстмӕмитӕ уынгӕйӕ. Чидӕртӕ та хорз хабармӕ уый тыххӕй нӕ хъусынц, ӕмӕ цардӕй райгонд не сты ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕйуал ис (Еф. 2:12). Кӕмӕдӕрты та «нымады дӕр ницы у», уымӕн ӕмӕ сӕ царды мӕт йӕ быны скодта (Матф. 24:37–39).
3 Кӕд нӕм иуӕй-иутӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр нӕ бон у цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнӕм (1 Пет. 4:11). Уымӕй уӕлдай, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕнӕм. Уӕдӕ адӕммӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Уый тынг тӕригъӕд кодта Ниневийы цӕрӕг адӕмӕн, «кӕцытӕ сӕ рахиз къух сӕ галиу къухӕй ӕвзарын нӕ фӕрӕзтой» (Ионӕ 4:11). Нӕ территорийы чи цӕры, уыдон дӕр хъуамӕ фехъусой хорз хабар! Уӕдӕ нӕ къухтӕ ма ауадзӕм, фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй адӕм хъусой, Библийӕ сын цы хабар дзурӕм, уымӕ.
4 Адӕмы цы тыхсын кӕны, ууыл дзур. Хорз уаид, кӕм хъусын кӕныс, уым адӕмы цы тыхсын кӕны, дӕ ныхас-иу уымӕй куы райдаис. Адӕймагӕн-иу зӕгъ, цӕмӕй йӕ хъуыды зӕгъа. Байхъус ӕм, ӕмӕ йӕ цы тыхсын кӕны, уый фӕдыл ын Библийӕ стих бакӕс. Иу хъӕуы цыдӕр бӕллӕх ӕрцыд. Не ’фсымӕр уацамынды кӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлд, уыдонӕн дзырдта, куыд хъыг ын уыд уыцы хабар. Ӕфсымӕр загъта: «Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, адӕм афтӕ ӕргом кӕй ныхас кӕндзысты мемӕ. Уыцы бон бирӕтимӕ хорз аныхас кодтон, уымӕн ӕмӕ федтой, ӕз дӕр сӕ хъыгыл кӕй хъыг кӕнын, уый».
5 Адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон иууылдӕр Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн. Уӕдӕ архайӕм, адӕймаджы тынгдӕр цы тыхсын кӕны, уый бамбарыныл. Уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ байхъуса, Библийӕ йын цы хабар дзурӕм, уымӕ. Кӕд нӕ, уӕд та нӕм, чи зоны, «ӕндӕр хатт» байхъуса (Ап. хъ. 17:32).