Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/07 2 ф.
  • Фембӕлдты уыдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлдты уыдзӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Сӕргӕндтӕ
  • 8 январӕй райдайгӕ къуыри
  • 15 январӕй райдайгӕ къуыри
  • 22 январӕй райдайгӕ къуыри
  • 29 январӕй райдайгӕ къуыри
  • 5 февралӕй райдайгӕ къуыри
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 1/07 2 ф.

Фембӕлдты уыдзӕн

8 январӕй райдайгӕ къуыри

94 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Зӕгъ, цӕмӕй иууылдӕр бакӕсой видеофильммӕ «Иу туджы ӕртах дӕр нӕ. Медицинӕ разы кӕны»; ныхас ыл кӕндзыстӕм 22 январӕй райдайгӕ къуырийы хъусын кӕныны фембӕлды.

15 мин. Брошюрӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас», зӕгъгӕ дын стыр ӕххуыс уӕд. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ бындуриуӕг кӕны 2007 азы брошюрӕйы разныхасыл. Ӕрдзур, алкӕй дӕр кӕй хъӕуы алы бон дӕр цалдӕр минут арын, цӕмӕй лӕмбынӕг ӕркӕса ӕрвылбоны стихмӕ ӕмӕ йӕм цы ӕмбарынгӕнӕн хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ. Рагацау иу кӕнӕ дыууӕ хъусынгӕнӕгӕн зӕгъ, ӕмӕ радзурой стих кӕд фӕкӕсынц ӕмӕ сын уый куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Фӕстагмӕ цыбыртӕй ӕрныхас кӕн 2007 азы стихыл.

20 мин. Алкӕмӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕн. Раныхас ӕмӕ ныхас арӕзт сты чиныгыл «Цӕттӕ стӕм Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ» (уыр.), 92–102 фф., дӕлсӕргонды онг.

23 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

15 январӕй райдайгӕ къуыри

69 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй.

15 мин. Исты дӕ къуылымпы кӕны? Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас арӕзт у 2002 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл, 23, 24 фф.

20 мин. «Нӕ мӕ хъӕуы»a. 4-ӕм абзац куы ’взарай, уӕд хъусджыты бафӕрс, уӕ территорийы адӕм фылдӕр цӕуыл фӕдзурынц, уымӕй. Равдис дыууӕ цыбыр цӕвиттоны: цы зӕгъӕн ис, исчи дын куы зӕгъа «Нӕ мӕ хъӕуы», зӕгъгӕ. (Кӕс бр. «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас Библийыл», 8, 9 фф., уыр.)

89 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

22 январӕй райдайгӕ къуыри

67 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй арфӕйы фыстӕг. 4-ӕм фарсыл амынд цӕвиттонмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ уӕ территорийы чи сбӕзза, ӕндӕр ахӕм цӕвиттонмӕ гӕсгӕ равдис, куыд ис раттӕн 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Спайда кӕнӕн ма ис ахӕм уавӕрӕй: хъусынгӕнӕг бацыд, журналтӕ кӕмӕн фӕхӕссы, ахӕм адӕймагмӕ.

10 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.

25 мин. «Ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс – цавӕр у?» Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас. Ӕнӕ разныхасӕй хъусджытимӕ райдай ӕвзарын видеофильм «Иу туджы ӕртах дӕр нӕ», статьяйы цы фарстытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Дӕ раныхасы кӕрон фӕстаг абзац бакӕс ӕмӕ зӕгъ, цӕмӕй дзы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй цы статьятӕ ис амынд, уыдон лӕмбынӕг бакӕсой.

84 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

29 январӕй райдайгӕ къуыри

58 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй январӕн уацамынды хыгъд радтой. Зӕгъ, февралы цавӕр литературӕ парахат кӕндзыстӕм, уый тыххӕй ӕмӕ равдис иу цӕвиттон.

20 мин. «Ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ дӕ?»b Ныхас ыл кӕны хистӕр нӕлгоймаг. Спайда кӕн, 2005 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 3 фарсыл цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй.

15 мин. Бацӕуынӕй зӕрдӕ куы бавӕрай, уӕд-иу дӕ ныхас ма фӕсай. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ бындуриуӕг кӕнынц 1999 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл (уыр.), 11 ф. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, цавӕр хорз хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, зӕрдӕ-иу кӕмӕн бавӕрдтой, уыдонмӕ-иу куы бацыдысты, уӕд.

87 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

5 февралӕй райдайгӕ къуыри

1 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ.

15 мин. Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн! Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый исчи зона, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, се ’мгӕрттӕ сыл куы худой, уымӕй. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, чи дӕ, уый иннӕтӕй куы нӕ ’мбӕхсай, уӕд. Цавӕр диныл хӕст дӕ, уый ахуыргӕнджытӕ куы зоной, уӕд ын, гӕнӕн ис, аргъ кӕной ӕмӕ дӕ дины ныхмӕ цы у, уыдӕттӕ дын ма аразын кӕной. Ӕнӕгъдау фӕсивӕд дӕр дӕ семӕ ӕвзӕр митӕ кӕнынмӕ нӕ кӕндзысты. Иннӕтӕ дӕ хуыздӕр ӕмбардзысты ахӕм хъуыддӕгты, зӕгъӕм, уарзон скӕныныл цӕуылнӕ тагъд кӕныс, йе та кӕцыдӕр спортивон секцитӕм цӕуылнӕ цӕуыс ӕмӕ фӕсурокты иннӕ скъоладзаутимӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты цӕуылнӕ фӕархайыс. Стӕй ма къаддӕр тыхсдзынӕ, скъолайы куыд хъусын кӕнай, йе та уацамынды де ’мкъласонтӕй искӕуыл куы фембӕлай, ууыл (g02-U 3/22 12 ф.). Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, куыд сын ӕххуыс кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый скъолайы кӕй не ’мбӕхсынц, уый. Иу кӕнӕ дыууӕ хъусынгӕнӕджы рагацау сӕхи бацӕттӕ кӕнӕнт.

20 мин. «Уарзондзинады фӕрцы ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнӕм»c. Спайда кӕн, 2003 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 32 фарсыл 16, 17 абзацты цы ӕрмӕг ис, уымӕй.

7 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

c Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын