Районон конгрессы ног программӕ
Йегъовӕ уый аккаг у, ӕмӕ йын кад кӕнӕм. Нӕ бон ӕй куыд у кадджын кӕнын? Иуӕй-иутӕн зын цӕмӕн вӕййы Йегъовӕйы кадджын кӕнын? Абон Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдонмӕ цы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм 2008 лӕггады азы районон конгрессы. Конгресс хуыйны, «Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн», зӕгъгӕ (1 Кор. 10:31). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы конгресс цӕуыл уыдзӕн ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад цы бафидар кӕндзӕн, уымӕ.
Облӕстон цӕстдарӕджы раныхӕстӕ хуыйнынц «Хуыцауы кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» ӕмӕ «Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уымӕй фӕзминаг у». Уыдзӕн ма йын раныхас, «Хуыцауы чи кадджын кӕны?», зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ ма бакӕсдзӕн раныхас: «Ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы иумӕ кадджын кӕнӕм». Облӕстон цӕстдарӕг ма разамынд дӕтдзӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайӕн дӕр. Районон цӕстдарӕгӕн та уыдзӕн ахӕм раныхӕстӕ: «Йегъовӕйы кад кӕй ӕвдисыс, ууыл цин кӕн», «Нӕ районы ӕркӕсинаг фарстатӕ» ӕмӕ «Ӕцӕгдзинадыл дарддӕр фидар хӕцут», арӕзт у 2 Петры 1:12. Ноджы ма базондзыстӕм, «Пионерӕй лӕггад кӕнын Хуыцауы куыд кадджын кӕны», уый. Иу фарсты фӕдыл цы ахсджиаг раныхӕстӕ уыдзӕн, уыдонӕй фыццаг у, «Хуыцауы кадджын кӕнӕм нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр», зӕгъгӕ. Равзардзыстӕм 1 Коринфӕгтӕм 10:31 цы арф хъуыдытӕ ис, уыдон. «Лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм», уый у цалдӕр раныхасӕн сӕ иумӕйаг ном, базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн алы уавӕрты дӕр лӕггад кӕнын. Хуыцаубоны ма ӕвзардзыстӕм статья «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй ӕмӕ ’рвылбоны стих. Ацы конгрессы исдзысты донаргъуыд дӕр.
Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕнды Хуыцауы базонын. Бирӕты та сӕ хъуыддӕгтӕй не ’вдӕлы Йегъовӕйӕн кад кӕнынмӕ (Иоан. 5:44). Фӕлӕ мах та ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, конгресмӕ, «Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн», зӕгъгӕ, куы ’рбацӕуӕм, уӕд стыр пайда кӕй райсдзыстӕм. Уӕдӕ дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй конгресмӕ дыууӕ боны дӕр райдианӕй кӕронмӕ байхъусай.