Районон конгрессы ног программӕ
Нӕ бон куыд у раст дины знӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууын? Ацы ӕнӕхуыцау дунемӕ нӕ раздахынмӕ чи хъавы, уыдонӕй нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм? Ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп ратдзӕн 2009 азӕн районон конгресс «Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:21). Ӕркӕсӕм, цы дзы уыдзӕн, уымӕ.
Облӕстон цӕстдарӕгӕн уыдзӕн раныхӕстӕ «Нӕхи фидар кӕнӕм, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнӕм», «Ӕгӕр ныфсхаст ма уӕм!», «Тагъд ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн!» ӕмӕ «Нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, цӕмӕй ацы дунейыл фӕуӕлахиз уӕм». Районон цӕстдарӕгӕн та йӕ раныхӕстӕ хуыйнынц: «Къӕрцхъус ут!», арӕзт у Ромӕгтӕм 13:11–13 ӕмӕ «Зын сахат дӕ ныфс ма асӕттӕд», арӕзт у Ӕмбисӕндты 24:10. Стӕй ма аныхас кӕндзӕн «Нӕ районы ӕркӕсинаг фарстатыл». Бафидар ма нӕ кӕндзӕн раныхас «Дӕ бон у пионерӕй лӕггад кӕнын?». Иу фарсты фӕдыл цы ахсджиаг раныхӕстӕ уыдзӕн, уыдонӕй фыццаг у, «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуу», зӕгъгӕ. Ацы раныхӕстӕй базондзыстӕм Хӕйрӕджы хинмитӕ, ӕмӕ сӕ ныхмӕ куыд фӕлӕууӕн ис, уый. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр техникӕ куы ӕлхӕнӕм, хиирхӕфсӕнтӕ куы ӕвзарӕм, стӕй ма нӕ уӕлдӕр ахуырад райсын куы фӕнда, уӕд. «Нӕхи цӕттӕ кӕнӕм фыдӕвзарӕн бонмӕ», уый у цалдӕр раныхасӕн сӕ иумӕйаг ном. Уыцы раныхӕстӕй базондзыстӕм, Ефесӕгтӕм 6:10–18 цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй хуыздӕр куыд пайда кӕнӕм, уый.
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд уӕлахиз кӕндзыстӕм, ӕвзӕрдзинад кӕмӕй цӕуы, ууыл, ома Хӕйрӕгыл (Рарг. 12:17). Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Сайтан ӕппынӕдзухдӕр ӕгъатырӕй кӕй тох кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ! (Ис. 43:10, 12). Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы нӕ бафтдзысты, уымӕн ӕмӕ мах фидарӕй сфӕнд кодтам ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнын. Уӕдӕ нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнӕм, цӕмӕй конгрессы дыууӕ бонмӕ дӕр ӕрбацӕуӕм.