Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдонӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?
1. Цы базондзысты адӕм 2008 азы 22 мартъийы?
1 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕппӕт дунейы дӕр 2008 азы 22 мартъийы чи ’рбацӕуа, уыдон базондзысты, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы ӕмӕ уый тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта (Иоан. 3:16). Базондзысты-ма Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ Йегъовӕ уый руаджы ӕппӕт зӕххыл дӕр йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Матф. 6:9, 10). Сӕхи цӕстӕй фендзысты, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад ис, стӕй куыд уазӕгуарзон сты, уый (Пс. 133:1).
2. Куыд у нӕ бон, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн баххуыс кӕнын?
2 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕрӕджы райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Базонгӕ сӕ кӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Радзур сын, алы къуыри дӕр нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдоны тыххӕй ӕмӕ сын Паддзахады зал равдис. Раныхасы рӕстӕг ӕфсымӕр ног ӕрбацӕуджыты сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Йӕ ныхӕстӕй дӕ бон уыдзӕн спайда кӕнын, цӕмӕй дӕ ахуыргӕнинӕгты бафидар кӕнай.
3. Куыд ис баххуыс кӕнӕн, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн?
3 Чи ӕрлӕмӕгъ. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕудзӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдзысты, чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у ӕмӕ-иу сын салам ратт. Цӕмӕй фефсӕрмы уыдзысты, ахӕм фарстатӕ кӕнӕ сын ныхӕстӕ ма дзур. Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕной, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны, кӕй ӕрбацыдысты, уый тыххӕй сӕ раппӕлой ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕхоной иннӕ ӕмбырдмӕ.
4. Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон куыд у уазджытӕн ӕххуыс кӕнын?
4 Уазджытӕ. Чи зоны, Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ зонгӕтӕ ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй исчи ӕрбацӕуа. Уыдзӕн ма дзы, хъусын кӕныны рӕстӕг хуынды гӕххӕтт чи райста, ахӕм уазджытӕ дӕр. Кӕй нӕ зоныс, уыдонмӕ-иу бацу, ӕгасцуай сын зӕгъ ӕмӕ сын дӕхи бацамон. Гӕнӕн ис, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт ӕрбацыдысты. Семӕ куы аныхас кӕнай, уӕд дын, чи зоны, сӕ телефоны номыр кӕнӕ сӕ адрис раттой. Ӕмӕ сӕ уӕд цалдӕр боны фӕстӕ абӕрӕг кӕн, йе та сӕм телефонӕй бадзур ӕмӕ сӕ баразӕнгард кӕн, цӕмӕй фылдӕр базонынмӕ тырной ӕмӕ сын зӕгъ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.
5. Куыд ис Библи ахуыр кӕнын райдайӕн?
5 Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл раныхасы цы хъуыдытӕ уыд, уыдонӕй нӕ бон у спайда кӕнын, цӕмӕй, адӕймагмӕ дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд райдайӕм Библи ахуыр кӕнын чиныгӕй «Библи цы дзуры». Зӕгъӕм, раныхасы ӕфсымӕр бакӕсдзӕн Исай 65:21–23. Адӕймагмӕ ногӕй куы ’рбацӕуай, уӕд ын дӕ бон у уыцы хъуыдытӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ зӕгъын: «Фӕнды мӕ равдисын, Чырыстийы нывонд ма адӕмӕн цавӕр хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уый». Стӕй чиныджы «Библи цы дзуры» байгом кӕн 4, 5 фӕрстӕ ӕмӕ сыл аныхас кӕн. Дӕ бон у зӕгъын: «Бирӕты фӕнды базонын, пехуымпар Исайы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уый». Стӕй 9 сӕры 1–3 абзацтыл аныхас кӕн. Кӕнӕ та Ӕрымысӕн изӕры цы хъуыдытӕ уыд, уыдоныл аныхас кӕн, ратт ын чиныг ӕмӕ равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн, уый.
6. Чырыстийы мӕлӕт бӕрӕг кӕныны афон нын цавӕр фадат уыдзӕн?
6 Цӕй уӕдӕ не’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры цы уазджытӕ уыдзӕн, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм (Лук. 22:19). Фылдӕр хъусын кӕнынмӕ куы тырнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн.