Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/11 1 ф.
  • Нӕ хъус сӕм фӕдарӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ хъус сӕм фӕдарӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕрдиагӕй-иу сыл бацин кӕнӕм!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдонӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Уазджытыл-иу бацин кӕнӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Арфӕ кӕнут Иегъовӕйӕн йӕ ӕнувыд уарзты тыххӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 4/11 1 ф.

Нӕ хъус сӕм фӕдарӕм

1. Ӕрымысӕн изӕры раныхасӕй уӕлдай ма уазджыты зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуы? Бамбарын ӕй кӕн.

1 Цӕмӕй адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонӕм, ууыл ацӕуы бирӕ хъарутӕ. Ӕмӕ уазджытыл Ӕрымысӕн изӕры тынг бандавы, цы дзы фехъусынц ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма дзы цы фенынц, уый дӕр. Ӕрымысӕн изӕры иу сылгоймаджы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, цы дзы федта, уый: адӕм кӕрӕдзийыл кӕй цин кодтой ӕмӕ, барвӕндон кусджытӕ цы агъуыст сарӕзтой, уый райдзаст ӕмӕ сыгъдӕг кӕй уыди. Уыцы ахсджиаг бон нӕ уазджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл, раныхас кӕмӕн вӕййы, ӕрмӕст уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ма архайа, фӕлӕ алчидӕр (Еф. 4:16).

2. Махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у уазджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын?

2 Уазджытыл-иу бацин кӕнӕм. Нӕ уазджытыл-иу куы бацин кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм нӕ мидбылты куы бахудӕм, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардзыстӕм (Иоан. 13:35). Кӕд дӕ бон алкӕимӕдӕр аныхас кӕнын ма бауа, уӕддӕр-иу дӕ фарсмӕ чи бада, уыдонӕн дӕхи бацамон (Дзут. 13:1, 2). Уӕлдай тынгдӕр та дӕ хъус фӕдар, зонгӕтӕ дзы кӕмӕн нӕ уа, уыдонмӕ. Ӕвӕццӕгӕн сӕ зиуы рӕстӕг чидӕр фӕхуыдта, ӕмӕ ӕрбацыдысты. Хорз уаид, куы сӕм бацӕуис, ӕмӕ сӕ куы бафӕрсис: «Мыййаг, фыццаг хатт стут?» Дӕ цуры-иу сӕ сбадын кӕн ӕмӕ-иу сын зӕгъ, зӕгъгӕ, уӕм кӕд исты фарстатӕ фӕзына, уӕд-иу ма фефсӕрмы кӕнут, бафӕрсут-иу мӕ. Кӕд программӕйы фӕстӕ залы ӕндӕр ӕмбырд хъуамӕ сбӕрӕг кӕна Ӕрымысӕн изӕр, ӕмӕ уе ’мбырды зал тагъд ссӕрибар кӕнын хъӕудзӕн, уӕд-иу уазджыты бафӕрс: «Цы фехъуыстат, уымӕй уӕ зӕрдӕмӕ кӕд исты фӕцыд, уӕд мӕ фӕндид уӕ хъуыды базонын. Кӕд ӕмӕ ма уӕ кӕм ис фенӕн?»

3. Ӕмбырды рагӕй чи нал уыд, уыдонимӕ нӕхи куыд дарӕм?

3 Ӕмбырды рагӕй чи нал уыд, уыдоныл-иу бацин кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ӕрымысӕн изӕры уыдзысты, ӕмбырды рагӕй чи нал уыд, уыцы хъусынгӕнджытӕ кӕнӕ ӕрмӕстдӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдон. Хорз уаид, куы-иу сыл бацин кӕниккам ӕмӕ-иу сын куы равдисиккам, сӕ уынд нын тынг ӕхсызгон кӕй у, уый (Ром. 15:7). Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнын, ӕмӕ сӕ сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй та ӕмбырдтӕм цӕуын райдайой. Мах кувӕм, цӕмӕй, чи ӕрбацыд, уыдон Хуыцауы кадджын кӕной, цы фехъуыстой ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ цы «хорз хъуыддӕгтӕ» федтой, уый тыххӕй дӕр (1 Пет. 2:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын