Зӕрдиагӕй-иу сыл бацин кӕнӕм!
1. Цавӕр диссаджы фадат нын вӕййы, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
1 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын диссаджы фадат вӕййы, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Ныфс нӕ ис, ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн дӕс милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыдон базондзысты, Хуыцау ӕмӕ сӕ Чырысти куыд тынг уарзынц, уый (Иоан. 3:16; 15:13). Базондзысты ма, Йегъовӕйы лӕвары фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, уый дӕр (Ис. 65:21–23). Ныхасы чи рацӕуа, уыцы ӕфсымӕр архайдзӕн, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссара. Махӕн дӕр уый фадат уыдзӕн, уазджытыл-иу зӕрдиагӕй куы бацин кӕнӕм, уӕд (Ром. 15:7).
2. Нӕ бон куыд уыдзӕн уазджытыл бацин кӕнын?
2 Хорз уаид, ӕнцад-иу куы нӕ бадиккам ӕмӕ программӕйы райдианмӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсиккам, фӕлӕ-иу уазджытимӕ куы базонгӕ уаиккам. Чи зоны, тыхсой, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц, фембӕлды цы уыдзӕн, уый. Куы сӕм бахудӕм ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй куы бацин кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн. Куы базонай, хуынды гӕххӕтт ын кӕй радтой, уый тыххӕй кӕй ӕрбацыд, уӕд ӕй бафӕрс, фыццаг хатт ӕрбацыд не ’мбырдмӕ ӕви дзы кӕйдӕр зоны. Дӕ бон ӕй у дӕ фарсмӕ сбадын кӕнын ӕмӕ йӕм дӕ Библи ӕмӕ дӕ зарджыты чиныг авӕрын. Фембӕлд Паддзахады залы куы уа, уӕд ын дӕ бон уыдзӕн цыбыр экскурси скӕнын. Раныхасы фӕстӕ йӕм, мыййаг, исты фарстатӕ куы уа, уӕд-иу ын дзуапп ратт. Уе ’мбырды фӕстӕ ма ӕндӕр ӕмбырдӕн фембӕлд куы уа ӕмӕ уӕ уайтагъд ацӕуын куы хъӕуа, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын: «Программӕйы дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд, уый базонын мӕ фӕнды. Нӕ бон кӕм у фембӕлын?» Стӕй баныхас кӕн, цӕмӕй фембӕлат. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус уӕлдай тынгдӕр фӕдардзысты, рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕй чи ӕрбацыд, уыдонмӕ.
3. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг уазджытыл зӕрдиагӕй бацин кӕнын цӕмӕн хъӕудзӕн?
3 Уазджытӕй бирӕтӕ фыццаг хатт фендзысты, Йегъовӕйы адӕм хъӕлдзӕг кӕй сты, кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй сты ӕмӕ фӕрнӕй кӕй цӕрынц (Пс. 29:11; Ис. 11:6–9; 65:13, 14). Цымӕ уазджытӕ цы бахъуыды кӕндзысты? Мах сыл куыд бацин кӕндзыстӕм, уымӕй бирӕ кӕнгӕ уыдзӕн.