Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/08 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (2 хай)
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 9/08 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ Библи цы рӕстӕг фӕахуыр кӕнынц, уый сӕ дыууӕйы бон дӕр у уацамынды хыгъды фыссын?

Сывӕллӕтты Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразын сӕйраджыдӕр фыды хӕс у, фӕлӕ сӕ фӕахуыр кӕнынц дыууӕ ныййарӕджы дӕр (Еф. 6:4). Библи сывӕллӕтты разӕнгард кӕны: «Мӕ лӕппу, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмб. 1:8). Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ хауы, уыдонӕй иу у бинонтӕй Библи ахуыр кӕнын.

Раздӕр ныййарджытӕй ахуыр чи уагъта, ӕрмӕст уый фыста хыгъды, ӕнӕаргъуыд сывӕллонимӕ цы рӕстӕг ахуыр кодтой, уый, кӕд-иу дыууӕ ныййарӕджы дӕр ахуыр кодтой йемӕ, уӕд дӕр. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг фӕивта. Ныр кӕд мад ӕмӕ фыд сывӕллонимӕ иумӕ ахуыр кӕнынц, уӕд хыгъды дыууӕйӕн дӕр сӕ бон у къуыри иу сахат фыссын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ къуырийы дӕргъы иу сахатӕй фылдӕр бахардз кӕнынц сӕ сывӕллоны ахуыр кӕныныл. Хъуамӕ мад ӕмӕ фыд сывӕллоны ӕппынӕдзух дӕр ахуыр кӕной (Дык. з. 6:6–9). Фӕлӕ хыгъды сӕйраджыдӕр фыссӕм, уацамынды цы рӕстӕг вӕййӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ, сывӕллонимӕ цы рӕстӕг ахуыр кӕнӕм, уымӕй къуыри иу сахатӕй фылдӕр фыссӕн нӕй, кӕд нын ууыл фылдӕр рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ кӕд къуыри цалдӕр хатты фӕахуыр кӕнӕм кӕнӕ алы сывӕллонимӕ дӕр хицӕнӕй ахуыр кӕнӕм, уӕд дӕр. Ныййарджытӕй ӕрмӕст иуӕн у йӕ бон алы къуыри дӕр хыгъды фыссын иу Библийы ахуыр ӕмӕ иу дыккаг бацыд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын