Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/03 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Хорз хабар хъусын кӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Уацамынды хыгъд раст фысс
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 11/03 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Хӕдзары бинонтимӕ Библийы ахуыры тыххӕй хыгъд дӕттын хъӕуы?

Чырыстон ныййарӕг, донаргъуыд чи нӕма райста, уыцы сывӕллӕттимӕ Библи куы ахуыр кӕна, уӕд йӕ бон у хыгъды ныффыссын къуырийӕн ӕппын фылдӕр иу сахат ӕмӕ иу дыккаг бацыд, мӕй та иу библион ахуыр. Библи иу сахатӕй фылдӕр ӕмӕ къуыри цалдӕр хатты кӕнӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр хицӕнӕй куы ахуыр кӕнат, уӕддӕр ахӕм хыгъд дӕттын хъӕуы. (Кӕс чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ы, 104 ф., уыр.)

Кӕд бинонтӕ иууылдӕр аргъуыд сты, уӕд нӕдӕр сахӕттӕ, нӕдӕр Библийы ахуыр хъӕуы фыссын мӕйы хыгъды (сывӕллон аргъуыды фӕстӕ ӕндӕр чиныг куы ахуыр кӕна, уӕд уый ӕндӕр хъуыддаг у). Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ ӕмбырды хыгъдӕй бӕрӕг сты, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ, Иегъовӕйӕн йӕхи чи нӕма снывонд кодта ӕмӕ аргъуыд чи нӕма райста, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ къухы цы ӕнтыстытӕ бафты, уыдон (Матф. 24:14; 28:19, 20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕдзары бинонтимӕ Библи иудадзыг ахуыр кӕнын ницы пайда у.

Чырыстон ныййарджытӕн сӕ хӕс у сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын. Ахӕм ахуыр райдайынмӕ фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы кӕнӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыцы ныййарджытӕ бацӕуӕнт хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Фӕлӕ мад ӕмӕ фыд куы уыной, аргъуыд чи нӕу, уыцы лӕппу кӕнӕ чызгимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн сӕ ӕндӕр хъусынгӕнӕджы ӕххуыс кӕй хъӕуы, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ зӕгъой се ’мбырды сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн кӕнӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрӕн. Ӕмӕ кӕд уыцы ӕфсымӕр разыйы дзуапп ратта, уӕд, Библийы ахуыр чи уадздзӕн, уый йӕ иннӕ ахуыртау фысдзӕн йӕ хыгъды.

Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы зондыл аразынӕн хъӕуы, хыгъды цы ныффыссӕм, уымӕй фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ уымӕй фылдӕр хъарутӕ (Дык. з. 6:6—9; Ӕмб. 22:6). Чырыстон ныййарджытӕ сты раппӕлинаг, сӕхимӕ кӕй райстой ахӕм бӕрнон хъуыддаг — сывӕллӕтты «ахуыр кӕнын Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Еф. 6:4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын