Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/01 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Хорз хабар хъусын кӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Уацамынды хыгъд раст фысс
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 2/01 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Аргъуыд чырыстӕттӕ сӕ бинонтимӕ кӕнӕ ӕнӕаргъуыд сывӕллӕттимӕ Библи куы ахуыр кӕной, уӕд уый тыххӕй хыгъд куыд хъуамӕ фыссой?

Чырыстон ныййарджытыл цы хӕс ис — сывӕллӕттӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ амонын — уый ӕххӕст кӕнынӕн сӕ хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ (Дык. з. 6:6, 7; Еф. 6:4). Цы рӕстӕг хардз кӕной, уый кӕд иууылдӕр уацамынды хыгъды фыст нӕ цӕудзӕн, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныййарджыты хӕстӕ ахсджиаг не сты.

Ӕмбырды уацамынды хыгъдӕй фыццаджыдӕр бӕрӕг кӕны, адӕмӕн хорз уацхъуыд хъусын кӕныны ӕмӕ, аргъуыд Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн ӕцӕгад амоныны хъуыддаджы нӕ къухы цы бафтыд, уый (Матф. 24:14; 28:19, 20). Фӕлӕ кӕд аргъуыд чырыстон фыд кӕнӕ мад ӕдзухдӕр йӕ бинонтимӕ ахуыр кӕны Библи, цыран хайад исынц ӕнӕаргъуыд сывӕллӕттӕ дӕр, уӕд йӕ бон у хыгъды ныффыссын хӕдзары Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ цы къуыри ахуыр кӕнат, уыцы къуыри хыгъды ӕрмӕстдӕр иу сахат ӕмӕ иу дыккаг бацыд. Растдӕр афтӕ хъӕуы кӕнын, сахатӕй фылдӕр кӕнӕ къуыри иу хаттӕй фылдӕр куы ахуыр кӕнат, уӕддӕр. Уӕ сывӕллӕттимӕ къуыри цалдӕр хатты кӕнӕ хицӕнӕй куы ахуыр кӕнат, уӕд уыцы рӕстӕг уацамынды хыгъды фыссын нӕ хъӕуы; фӕлӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ныййарджыты зӕрдиагӕй кӕй фӕнды сӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕнын, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уой (Фӕс. н. 22:6).

Фӕлӕ цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ ныййарджыты ӕххуыс куы хъӕуа, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгад сӕ зӕрдӕтӕм айсой, уӕд та цы кӕнгӕ у? Сӕ бон у искӕмӕн зӕгъой, цӕмӕй сын баххуыс кӕной. Хъусынгӕнджытӕй искӕмӕ ӕххуысы тыххӕй куы бахатой, уӕд хорз уаид ууыл сӕрдариуӕггӕнӕг кӕнӕ службӕйон цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕнын. Кӕд ныййарджытӕ ӕрӕджы райстой аргъуыд кӕнӕ та сӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй хъӕуы ӕххуыс сӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгады фӕндаг амонынӕн ӕмӕ кӕд уый пайда ӕрхӕсдзӕн, уӕд ис гӕнӕн, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕй ӕндӕр исчи семӕ ахуыр кӕна. Афтӕ куы уа, уӕд, ӕнӕаргъуыд сывӕллӕттимӕ чи ахуыр кӕна, уымӕн йӕ бон у рӕстӕг, дыккаг бацыд ӕмӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй йӕ хыгъды фыссын. (Кӕс «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы, 1999 аз, октябрь, «Фарстыты асыкк».)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын