Ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм фатерты
Ӕгас дунейыл бирӕ ӕмбырдты территоритӕн сӕ фылдӕр хай кӕнӕ ӕгасӕй дӕр сты бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ; ис дзы стыр хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ гыццыл хӕдзӕрттӕ дӕр. Иуӕй-иу рӕтты уыцы хӕдзӕрттӕ сты алыхуызон: райдай, ӕнцонтӕй кӕдӕм бацӕудзынӕ, ахӕмтӕй ӕмӕ фӕу тынг хъӕздыг фатертӕй. Уӕдӕ ацы уӕлӕмхасӕн сыфы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнын хъӕуы бынӕттон уавӕртӕм гӕсгӕ. Ныфс нӕ ис, ацы информаци не ’ппӕтӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн.
1 Нӕ хӕслӕвӕрд ӕнцон нӕу. Дӕ бон у «цины хабары тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын»? (Ап. к. 20:21, 24, НД). Уый у тынг ахсджиаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн цы рӕстӕг уыд, уый фӕкъаддӕр ис (Матф. 24:14; 28:19, 20; 1 Кор. 7:29). Уымӕ хауы, фылдӕрӕй-фылдӕр чи кӕны, уыцы бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕнын дӕр: паддзахадон, кооперативон ӕмӕ приватизацигонд хӕдзӕртты.
2 Зӕхх ӕдзух зынаргъдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр арӕзт цӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ дӕр, ӕмӕ стыр горӕтты иуӕй-иу районтӕ дӕр тынг ивынц — иу бинонтӕ кӕм цардысты, уыцы хӕдзӕртты бынаты фӕзынынц стыр бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ. Зындзинад дӕр уый мидӕг ис: бирӕфатерон хӕдзӕртты чи цӕры, уыцы бирӕ адӕмӕн куыд ис «бӕстон хъусын кӕнӕн»?
Хъуамӕ нын уа раст ахаст
3 Бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕнынӕй нӕхи куы иуварс кодтаиккам, уӕд бирӕ фатерты ничи ницы фехъуыстаид. Иннӕ хӕдзӕртты та цины хабар бӕстон хъуыстгонд не ’рцыдаид ӕмӕ дзы нӕ уыдаид хорз дыргътӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ арӕх цы зындзинады сӕрты фӕхъӕуы ахизын, уый вӕййы нӕ ахаст хъуыддагмӕ.
4 Дӕ зӕрдыл дар, фатерты цӕрджытӕ кӕй вӕййынц хуымӕтӕг кусӕг адӕм, бирӕ цӕмӕйдӕрты мах хуызӕн. Арӕх уыдон вӕййынц, хи хӕдзар балхӕнын кӕй бон нӕ вӕййы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фатеры чи фӕцӕры, ахӕм ногбацӕргӕ, ӕрыгон бинонтӕ. Фатерты цы адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр сӕ иннӕ адӕмы хуызӕн тыхсын кӕнынц алыхуызон фарстатӕ. Раздӕр ахӕм территорийы хъусын кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, фӕлӕ уый фӕстӕ уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрдджын чи сси, уыцы хъусынгӕнджытӕ ссардтой «дыргъдӕттӕг быдыр» хъусын кӕнынӕн. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй ма бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр дӕр цӕуы фатерты хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ райсынц хорз дыргътӕ.
Зын цӕмӕн у?
5 Фатерты цӕрджытӕн хъусын кӕнын зындӕрӕй-зындӕр цӕмӕн кӕны? Байхъус ма, мӕнӕ цы загъта, авд азы бирӕфатерон хӕдзары комендантӕй чи фӕкуыста, уый: «Фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхми кӕй сарӕх сты, уымӕ гӕсгӕ мӕ хӕдзары цӕрджытӕ тынг тыхсынц ӕдасдзинадыл».
6 Ног хӕдзӕртты ӕрмӕст гуыдыртӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ ма дуаргӕстӕ ӕмӕ видеокамерӕтӕ дӕр, хӕдзары алыварс цы цӕуы, уымӕ кӕсынӕн. Уый уӕлдайдӕр ис зӕгъӕн ахӕм хӕдзӕрттӕй, цыран алы фатер дӕр у кӕйдӕр сӕрмагонд исбонад. Ахӕм хӕдзӕртты цӕрджытӕй нӕ уым исчи куы фена, уӕд сӕ, чи зоны, мӕты ӕфтауа, сӕ хӕдзары ӕдасӕй цӕрӕн ис ӕви нӕ, уыцы хъуыды.
7 Цӕмӕй нын фатерты хъусын кӕнын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕмӕн нӕ хорз йеддӕмӕ ӕвзӕр кӕй нӕ фӕнды, уый. Мах адӕмӕн зиан ӕрхӕссыныл нӕ архайӕм, фӕлӕ баххуыс кӕныныл. Уырдӕм цӕуынмӕ нӕ разӕнгард кӕны, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕцӕг кӕй уарзӕм, уый. Фӕнды нӕ, цӕмӕй фатерты цӕрджытӕ уый бамбарой ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр феной, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы, уый (2 Кор. 2:17; Еф. 6:15).
Куы дын зӕгъой, цӕмӕй ацӕуай
8 Зӕгъӕм, комендант кӕнӕ дын хъахъхъӕнджытӕ куы зӕгъой, цӕмӕй ацӕуай, уӕд цы бакӕндзынӕ? Хорз уаид ӕнӕ уӕлдай ныхӕстӕй афтӕ бакӕнын. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ нӕ фӕнды хъаугъатӕй нӕхи хизын, цӕмӕй нӕ адӕймаг ма райдайа тӕрхондонӕй кӕнӕ милицӕйӕ тӕрсын кӕнын. Кӕд хорз фадат фӕуа, уӕд дӕ бон у сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй де ’рбацыды сӕр бамбарын кӕнын. «Уадз хъахъхъӕнджытӕ фенӕнт, кӕй сын ӕмбарӕм сӕ уӕззау куыст — цӕрджыты сабыр цардыл тыхсын ӕмӕ сӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъахъхъӕнын»,— дзуры, бирӕ рӕстӕджы дӕргъы фатерты чи хъусын кӕны, ахӕм пионер. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дын, чи зоны, баззайыны бар радтой. Кӕд нӕ, уӕд та хъуамӕ уӕзданӕй хӕрзбон зӕгъай ӕмӕ ацӕуай (Кол. 4:6).
9 Дӕ зӕрдыл дар, комендант, дуаргӕс кӕнӕ хъахъхъӕнӕг де знаг кӕй нӕу, уый. Уый сӕ куыст у, стӕй сӕ фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ ницы фӕдзурынц. «Дуаргӕсы фатерты хицӕуттӕ бафӕдзӕхсынц, цӕмӕй макӕй уадза,— дзуры 62-фатерон хӕдзары комендант.— Иуӕй-иу бирӕфатерон хӕдзӕртты ис ахӕм уагӕвӕрд: ӕцӕгӕлон адӕймаджы цӕрджытӕй исчи куы нӕ фӕхона, уӕд ӕй мидӕмӕ нӕй уадзӕн».
10 Уӕдӕ нӕ зонын хъӕуы, иуӕй-иу бирӕфатерон хӕдзӕртты хицӕуттӕ фатерты аренды бадзырдты кӕй бахастой домӕнтӕ, кӕцытӕ сын бар дӕттынц, цӕмӕй скъуыддзаг кӕной, цӕрджытӕм кӕй ис уадзӕн ӕмӕ кӕй нӕй, уый. Кӕд цӕрджытӕ бар дӕттынц, цӕмӕй хӕдзары хицау сӕ бӕсты ахӕм ахсджиаг фарстатӕ скъуыддзаг кӕна, уӕд сӕм тыххӕй бацӕуыныл нӕ архайдзыстӕм. Фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны, кӕй нал архайдзыстӕм уыцы адӕмӕн бӕстон хъусын кӕныныл. Цы у нӕ бон аразын, ахӕм зындзинадыл ӕмбӕлгӕйӕ?
Базон дӕ участок
11 Хорз ӕххуыс нын фӕуыдзӕн, алы бирӕфатерон хӕдзары дӕр чи цӕры, уыдоны уавӕртӕ базонын, иннӕ участоктимӕ куыд базонгӕ вӕййӕм, афтӕ. Бирӕфатерон хӕдзӕрттӕй иу дӕр иннӕйы хуызӕн нӕу.
12 Зоныс ӕй, кӕцыдӕр хӕдзары цавӕр адӕм цӕры, уый? Кӕмӕн дзы лӕвӕрдтой фатертӕ? Ас адӕмӕн? Иунӕг чи у, ахӕмтӕн ӕви бинонтӕн? Сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм бинонтӕн? Иу адӕмыхаттӕй дзы бирӕ цӕры? Цӕры дзы, хъӕздыг чи нӕу, ахӕм адӕм ӕви дзы вазыгджын хъахъхъӕныны системӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ахӕм хӕдзары фатер балхӕнын ӕрмӕстдӕр хъӕздгуыты бон кӕй уыд? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ нӕ ныхас, кӕимӕ дзурӕм, уымӕ гӕсгӕ алыхуызон куыд райдайӕм, афтӕ хъуамӕ кӕнӕм, бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусынгӕнгӕйӕ дӕр.
Куыд ис мидӕмӕ бацӕуӕн?
13 Адӕймагимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ аныхас кӕнын у ӕппӕты хуыздӕр. Сӕйраджыдӕр хъуамӕ уымӕ тырнӕм. Иуӕй-иу бирӕфатерон хӕдзӕрттӕм иу кӕнӕ дыууӕ хъусынгӕнӕгӕн сӕ бон у бацӕуын, иу гыццыл хӕдзары раз куы банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ цӕрджытӕй исчи ӕддӕмӕ кӕнӕ мидӕмӕ нӕ цӕуа, уӕдмӕ. Ахӕм уавӕрты уыдон дуар фӕуадзынц гомӕй, цӕмӕй мидӕмӕ бацӕуай. Иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ тынг хъахъхъӕнынц, ӕмӕ уыдоны, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕрхатт афтӕ нӕ рауайы, фӕлӕ иуӕй-иу хӕдзӕрттӕм афтӕмӕй ис бацӕуӕн.
14 Арӕх хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон вӕййы цӕрджытимӕ домофонӕй ныхас кӕнын, цалынмӕ искӕй йемӕ сӕрмагондӕй аныхас кӕнын бафӕнда, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ хъусынгӕнӕг хӕдзармӕ куы бацӕуа, уӕд, хӕдзар цыхуызӕн у, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ бынӕттон закъӕттӕм гӕсгӕ, йӕ бон у иннӕ фатертыл дӕр ӕрзилын. Фӕлӕ иуӕй-иу хӕдзӕртты хуыздӕр уаид, чи дӕ бауагъта, уыимӕ аныхас кӕнгӕйӕ ӕддӕмӕ рацӕуын ӕмӕ домофонӕй ӕндӕр искӕмӕ бадзурын. Уымӕн бахъӕудзӕн фылдӕр рӕстӕг, фӕлӕ афтӕмӕй иуӕй-иу хӕдзӕртты дӕхи бахиздзынӕ уӕлдай зындзинӕдтӕй.
15 Ахсджиаг у бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕнынӕн рӕстӕг ӕвзарын. Фылдӕрӕй-фылдӕр чи кӕны, уыцы бирӕфатерон хӕдзӕртты цӕрджытӕ, куыд лӕгтӕ, афтӕ сӕ устытӕ дӕр кусгӕ кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кусгӕ бонты хӕдзары бирӕты нӕй баййафӕн. Иуӕй-иу цӕрджытӕ та сабат ӕмӕ хуыцаубоны ӕрӕгмӕ сыстынц. Хорз уаид ахӕм территорийы изӕрыгон хъусын кӕнын, фӕлладуадзӕн бонты та — сихоры фӕстӕ. Хъусынгӕнджытӕ уым фӕлладуадзӕн бонты раджы куы хъусын кӕной, уӕд, гӕнӕн ис, бирӕты сӕ хуыссӕнтӕй сыстын кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй цӕрджыты смӕсты кӕндзынӕ.
16 Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй бирӕфатерон хӕдзӕртты адӕм хуыздӕр фӕхъусынц, лӕг ӕмӕ ус, фыд кӕнӕ мад йӕ сывӕллонимӕ йе та сӕм дыууӕ хойы куы бацӕуынц, уӕд. Бынӕттон уавӕртыл дӕр бирӕ вӕййы баст. Уый дӕ бахъуыды кӕнын хъӕуы, адӕмы зӕрдӕтӕ зын ссарӕн цы хӕдзӕртты уыд, уырдӕм хъусын кӕнынмӕ куы цӕуай, уӕд.
17 Хӕдзармӕ куы бацӕуай, уӕд бацӕуӕны бирӕ ма лӕуу. Хъуыдытӕ ма кӕн, фӕлӕ ныфсджынӕй бацу лифтмӕ ӕмӕ ссу, цы уӕладзыджы хъусын кӕндзынӕ, уырдӕм. Афтӕмӕй дыл, чи дӕ уына, уый нӕ фӕгуырысхо уыдзӕн.
Хъус дарын хъӕуы ӕддаг бакаст ӕмӕ уагахастмӕ
18 Дӕ ӕддаг бакаст ӕмӕ дӕ дарӕсӕй ис зӕгъӕн, хорз уацхъуыды хъусынгӕнӕг кӕй дӕ, уый? Уый уӕлдай ахсджиаг у бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусынгӕнгӕйӕ, цӕмӕй адӕммӕ ма фӕзына ӕнӕхъуаджы фарстытӕ ӕмӕ сагъӕстыл ма бафтой. Фатерты хъусынгӕнгӕйӕ, иу пионер фӕхатыд: «Диссаг у, хорз арӕзт куы уай, уӕд дӕм адӕм хъусынц. Уыдон дӕ лӕугӕйӕ нӕ фӕуадзынц ӕмӕ дӕм сӕ хъус фылдӕр ӕрдарынц».
19 Стыр пъартфелтӕ кӕмӕ вӕййы, уыцы хъусынгӕнджытыл адӕм гуырысхо фӕкӕнынц. Иу комендант загъта, цӕрджытӕ адӕймаджы стыр пъартфелимӕ фенгӕйӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уый тыххӕй: «Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хызынты ис, дуар басӕттынӕн ӕмӕ фатер бастигъынӕн цы гӕрзтӕ хъӕуы, уыдон». Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ бафиппайдтой, хуыздӕр кӕй у, адӕм гуырысхо кӕуыл нӕ кӕной, ахӕм пъартфелтӕ хӕссын.
20 Уынджы цъыф куы уа, уӕд бацӕуыны размӕ дӕ дзабыртӕ ныссӕрф. Подъездтӕ чи ӕфснайы, уымӕн уый уыдзӕн ӕхсызгон ӕмӕ йын ӕфсон нӕ уыдзӕн, цӕмӕй дӕ ма бауадза.
21 Дӕ зӕрдыл дар, бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты ныхас тынг кӕй хъуысы, уый. Уымӕ гӕсгӕ дӕхи сабыр дар, адӕймагимӕ афтӕ ныхас кӕн, цӕмӕй дӕ хъуса, фӕлӕ уымӕй хъӕрдӕр нӕ. Дыууӕ хъусынгӕнӕджы иумӕ хъусынгӕнгӕйӕ хъуамӕ хъӕрӕй ма дзурой, цӕмӕй сӕ цӕрджытӕй мачи фехъуса. Уӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Афтӕмӕй уыл ничи фӕгуырысхо уыдзӕн.
Дуары раз
22 Дуар куыд бахойыс кӕнӕ куыд фӕдзӕнгӕрӕг кӕныс? Дзӕнгӕрӕг ӕнӕрынцайгӕ куы цӕгъда кӕнӕ дуар тынг, ӕнӕрлӕугӕйӕ куы хойай, уӕд цӕрӕг, гӕнӕн ис, фӕтӕрса. Хъусынгӕнджытӕ бафиппайдтой, иуӕй-иу хӕдзӕртты хорз кӕй нӕу иу уӕладзыгыл фатерты иу иннӕйы фӕдыл хъусын кӕнын; уый бӕсты уыдон раздӕр бацӕуынц иу-дыууӕ фатермӕ къӕлидоры иу кӕрон, стӕй та иннӕ кӕрон, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕхъӕн уӕладзыгыл ӕрзилынц.
23 Адӕмӕй бирӕтӕ цалынмӕ дуар бакӕной, уӕдмӕ уал фӕкӕсынц дуары хуынкъӕй, цӕмӕй феной, чи сӕм хойы, уый. Уый куы фӕхатай, уӕд цы хъуамӕ саразай? Бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕнынмӕ чи арӕхсы, уыцы хо дзуры: «Комкоммӕ кӕс дуары хуынкъмӕ ӕмӕ адӕймагӕн зӕрдӕбын салам радт». Уӕд хӕдзары хицау бамбардзӕн, кӕй зоныс, дуары фӕстӕ кӕй лӕууы, уый. Цӕрӕг куы бафӕрса, «Чи дӕ?», зӕгъгӕ, уӕд зӕгъ дӕ ном ӕмӕ, демӕ чи уа, уый ном. Кӕд уӕддӕр нӕ байгом кӕна дуар, уӕд зӕгъ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стут, уый.
24 «Ӕз фӕлӕууын растдӕр дуары хуынкъы бакомкоммӕ, цӕмӕй дзы чи кӕса, уымӕ хорз зынон,— дзуры иннӕ хъусынгӕнӕг.— Ӕз мӕ мидбылты фӕхудын, цыма мӕ исчи камерӕйӕ исы, уыйау. Мӕ усимӕ куы вӕййын, уӕд уый дӕр афтӕ слӕууы, цӕмӕй хорз зына,— афтӕмӕй, не ’рбацыдмӕ чи нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕймаг тынг не стыхсы».
Дӕхи хиз хъаугъатӕй
25 Исчи дӕм знаджы цӕстӕй куы ракӕса ӕмӕ дӕ комендантӕй куы тӕрсын кӕна, уӕд хуыздӕр уыдзӕн уыцы уӕладзыгӕй ацӕуын ӕмӕ йӕм ӕндӕр хатт ӕрбацӕуын. Уыцы адӕймаг цы фатеры цӕры, уый номыр ис ныффыссӕн ӕмӕ уыцы информаци участокы карточкӕйы нывӕрӕн, цӕмӕй ӕндӕр хъусынгӕнӕг, уым хъусынгӕнгӕйӕ, уыцы адӕймагмӕ бацӕуа фӕстагмӕ, ӕнӕхъӕн хӕдзарыл куы ӕрзила, уӕд. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр уаид хӕдзарӕй бынтондӕр ацӕуын, цӕмӕй дын комендантимӕ мацы хъаугъа рауайа. Дӕ бон сабырӕй, ӕнӕ хылӕй ныхас кӕнын куы уа, уӕд дын фылдӕр бантысдзӕн.
26 Арӕх коменданттӕ (хатгай цӕрджытӕ дӕр) фӕхъаст кӕнынц, фатерты дуармӕ литературӕ уагъд кӕй ӕрцӕуы, уый тыххӕй. Иу ӕфсымӕр фыссы: «Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕныны бар куы куырдтой, уӕд сын фылдӕрхатт дзырдтой, кӕй сӕ бауадздзысты, ӕрмӕст литературӕ дуӕртты цур куы нӕ уадзой, уӕд. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уый фӕстӕ коменданты бахъӕуы уыцы литературӕ пъолӕй ӕмбырд кӕнын». Уымӕ гӕсгӕ, фатеры куы ничи уа ӕмӕ дӕ куы фӕнда трактат кӕнӕ хуынды гӕххӕтт ныууадзын, уӕд сӕ хъуамӕ дуары афтӕ бавӕрай, ӕппындӕр сӕ куыд ничи фена.
27 Уӕдӕ, бирӕфатерон хӕдзӕрттӕн сӕ фылдӕры ис хъусын кӕнӕн, ӕнӕуи куыд фӕхъусын кӕнӕм, афтӕ, ӕрмӕст хъуамӕ ӕмбӕлон рӕстӕг ӕвзарӕм, уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ нӕхи дарын зонӕм.
Мидӕмӕ дӕ куы нӕ бауадзой
28 Зӕгъӕм дӕ комендант агъуыстмӕ нӕ уадзы. Цы ис саразӕн? Ракур дзы цӕрджыты номхыгъд. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын бар радта рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ литературӕ уадзынӕн, комендант кӕм фӕбады, уым кӕнӕ гӕрзтӕхсӕн уаты, йе та хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕнын информаци Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ уый фӕдыл кӕмӕ ис фӕдзурӕн, уый тыххӕй. Бирӕфатерон хӕдзӕрттӕй нын иуӕй-иуты радтой бар, цы телеуынынадон системӕ дзы ис, уымӕй пайда кӕнынӕн, цӕмӕй фехъусын кӕнӕм, ӕмбырды фембӕлдтӕ кӕм ӕмӕ кӕд вӕййынц, стӕй Библи куыд ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй.
29 Уӕлдӕр цы уынаффӕтӕ цӕуынц лӕвӕрд, уыдон ӕцӕгдӕр пайда разынынц. Иу районон цӕстдарӕг загъта: «Хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ нӕ раздӕр уадзгӕ кӕдӕм нӕ кодтой, уыцы хӕдзӕрттӕй нын иу-80—85 проценты бар радтой хъусын кӕнынӕн, администратортимӕ куы аныхас кодтам, уӕд».
30 Дӕлдӕр ма лӕвӕрд цӕуынц уынаффӕтӕ, цӕмӕй нын ӕнцондӕр уа, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, уыцы хӕдзӕртты хъусын кӕнын.
31 Пайда кӕн домофонӕй. Бацӕуӕны цы домофон ис, уымӕй ис пайда кӕнӕн фатерты цӕрджытимӕ аныхас кӕнынӕн. Дӕ ныхас цыбыртӕй райдай ӕмӕ йын зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды йемӕ сӕрмагондӕй аныхас кӕнын. Йӕ фатермӕ дӕ куы нӕ хона, уӕд та йын зӕгъ, цӕмӕй дӕм ӕрхиза, кӕд ын зын нӕу, уӕд. Иннӕ хъусынгӕнӕгимӕ рагацау бафӕлвар, ӕрмӕст цы дзурдзынӕ, уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ куыд ӕмӕ цавӕр хъӕлӕсы уагӕй дзурдзынӕ, уый дӕр.
32 Хъусын кӕн уынджы. Бирӕфатерон хӕдзары раз ӕддейӕ хъусын кӕнын хорз у, хӕдзары цӕрджытӕ куыстмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕхсӕнадон транспортыл куы цӕуой, уӕд. Спълан кӕн уынджы хъусын кӕнын райсомӕй ӕмӕ фӕссихор, уымӕн ӕмӕ адӕм куыстмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ уыцы рӕстӕг фӕцӕуынц.
33 Хъусын кӕн телефонӕй. Цӕрджыты нӕмттӕ базонӕн ис, бирӕфатерон хӕдзары бацӕуӕны цы номхыгъд вӕййы ауыгъд, уырдыгӕй. Уый фӕстӕ телефонты бӕрӕгуаты фенӕн ис сӕ телефонты номыртӕ. Уый дӕ къухы куы нӕ бафта, уӕд, чи зоны, бынӕттон библиотекӕйы уа бӕрӕгуат, цыран фыст вӕййынц уыцы районы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ фатерты цӕрджыты нӕмттӕ. Дӕ бон у рафыссын адӕмы нӕмттӕ ӕмӕ стӕй телефонты бӕрӕгуаты бацагурын сӕ телефонты номыртӕ. Афтӕмӕй цӕрджыты нӕмттӕ ӕмӕ сӕ телефонты номыртӕ бӕлвырдгонд куы ӕрцӕуой, уӕд службӕйон ӕххуысгӕнӕджы разамындӕй ис саразӕн телефонӕй хъусын кӕныны участоктӕ.
34 Уацамынды ӕндӕр хуызты архайгӕйӕ алцыдӕр лӕмбынӕг ӕмӕ раст фыссын куыд ахсджиаг у, афтӕ у ам дӕр. Цалынмӕ адӕймагмӕ телефонӕй фӕдзурай, уӕдмӕ уал дӕм ис йӕ ном, йӕ адрис ӕмӕ йӕ телефоны номыр, ӕмӕ сӕ дӕ бон у ныффыссын. Ныууадз бынат, цӕмӕй ныффыссай, фатеры цӕрӕджы цы цымыдис кӕны, цавӕр адӕймаг у, стӕй ма фыццаг хатт ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр цӕуыл дзырдтат, уый.
35 Телефонӕй ӕнафоны ма дзур. Куы адзурай, уӕд телефон бирӕ ма дзӕнгӕрӕг кӕнын кӕн. Цалдӕр хатты куы ныдздзӕнгӕрӕг кӕна, уӕд уый фаг у, уымӕн ӕмӕ фатертӕй сӕ фылдӕры телефон дард нӕ вӕййы ӕмӕ хӕдзары исчи куы уа, уӕд дзуапп тагъд ратдзӕн.
36 Телефонӕй дзургӕйӕ нӕ адӕймаг нӕ уыны, ӕмӕ йын хъуамӕ хорз бамбарын кӕнӕм, чи стӕм ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уый. Куыд? Фыццаг уал ын зӕгъ дӕ ном, стӕй дӕ мыггаг дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕймаг фылдӕр саргъ кӕндзӕн, цы йын дзурай, уымӕн. Дыккаг: ныхасы рӕстӕджы адӕймагмӕ арӕхдӕр дзур йӕ номӕй. Ӕртыккаг: дӕхимӕ дӕ хъус дар, фӕлмӕн, хъӕлдзӕг, фӕлӕ уыимӕ уӕздан ныхас кӕн. Цыппӕрӕм: дзур сабыргай ӕмӕ ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, уымӕй бӕлвырддӕр, цӕмӕй дӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн уой. Фӕндзӕм: дзур цыбыртӕй ӕмӕ Библийы тыххӕй зӕгъ дӕ ныхасы райдианы, гӕнӕн ис, фыццаг цалдӕр хъуыдыйады. Кӕд дӕ адӕймаг нымайа коммерцион кусӕгыл, уӕд ын бамбарын кӕн, уый афтӕ кӕй нӕу, дӕ бон у, зӕгъай йын: «Мах нӕ архайӕм нӕ организацимӕ ног адӕмы ӕрбасайыныл, стӕй ӕхца дӕр не ’мбырд кӕнӕм, фӕлӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, дзургӕ дӕр дӕм уымӕн фӕкодтам».
37 Дӕ бон адӕймаджы цӕсгом кӕй нӕу уынын, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ ахаст не ’мбарыс. Фӕлӕ ахуыр кӕн адӕймаджы ахаст йӕ хъӕлӕсӕй фӕхатыныл, цӕмӕй зонай, дарддӕр цӕуыл ис дзурӕн, уый.
38 Ныхас кӕронмӕ куы хӕццӕ кӕна, уӕд хорз уаид адӕймагмӕ фарст радтын кӕнӕ йын исты хъуыды зӕгъын, цӕмӕй дын бындур уа дыккаг хатт фӕдзурынӕн кӕнӕ йӕм хӕдзармӕ бацӕуынӕн. Адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕм ӕцӕгӕлон адӕймаг ӕрбацӕуа, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕлдӕр цы цӕвиттон ис, уый дын баххуыс кӕндзӕн: «Тынг ӕхсызгон мын уыд демӕ аныхас кӕнын. Царды тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый цымыдисаг у, ӕмӕ Библимӕ де ’ргом афтӕ зӕрдиагӕй кӕй здахыс, уый дӕр у хорз. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мах дӕ сыхӕгтӕй кӕмӕдӕрты бацӕуӕм, ӕмӕ нын фадат куы фӕуа, уӕд дӕумӕ дӕр бацӕудзыстӕм, ӕмӕ хӕдзары куы уай, уӕд демӕ базонгӕ уыдзыстӕм».
39 Цы дзуапп радта, уымӕ гӕсгӕ йын зӕгъ литературӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ бафӕрс, кӕд ӕм ӕй ис бахӕссӕн, уый. Кӕнӕ та йын ӕй ратдзынӕ, куы йӕм бацӕуай, уӕд.
40 Кӕд адӕймаг цымыдис кӕна, уӕд ӕм ӕдзухдӕр телефонӕй дзурыны бӕсты хуыздӕр уаид йемӕ фембӕлын, иу-дыууӕ хатты йӕм куы фӕдзурай, уый фӕстӕ. Куы йӕм бацӕуай ӕмӕ йемӕ домофонӕй куы дзурай, уӕд ын салам радт ӕмӕ йын зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды йемӕ фембӕлын. Домофонӕй цас къаддӕр дзурай, уыйас хуыздӕр.
41 Дӕлдӕр фыст цау куыд ӕвдисы, афтӕмӕй телефонӕй уацамындӕн дӕр вӕййы хорз дыргътӕ. Хъахъхъӕнгӕ цы хӕдзар кӕнынц, уырдӕм телефонӕй фӕдзырдта пионер, ӕмӕ йын фатеры цӕрӕг лӕг загъта: «Ӕрӕджы мӕ царды бавзӕрстон зындзинӕдтӕ. Чи зоны дӕм худӕг фӕкӕса, фӕлӕ ды куы фӕдзырдтай, уый тӕккӕ размӕ хъуыды кодтон, уӕвгӕ Хуыцау ис ӕмӕ адӕмыл тыхсы ӕви нӕ, ӕмӕ ды телефонӕй фӕдзырдтай». Пионер йемӕ баныхас кодта, кӕй йӕм бацӕудзӕн, ууыл, ӕмӕ лӕг сразы Библи ахуыр кӕныныл.
Зындзинӕдтыл уӕлахиз кӕн
42 Нӕ хӕс у «цины хабары тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын», ома Паддзахады тыххӕй хабар алыхуызон адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Бирӕ рӕтты вӕййы хорз фӕстиуджытӕ, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, фатерты кӕй цӕры бирӕ рӕстдзинадуарзаг адӕм. Бирӕфатерон хӕдзӕртты хъусын кӕнынӕй нӕхи куы нӕ иуварс кӕнӕм, стӕй участокыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы архайӕм, уӕд цины хабар дӕр бӕстон хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм «сыгъдӕг ӕппӕты тугӕй дӕр» (Ап. к. 20:24, НД, 26).
43 Уӕдӕ кӕд бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ фылдӕр кӕнынц, уӕддӕр уымӕ раст ахаст дардзынӕ ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕндзынӕ? Афтӕ куы кӕнай, уӕд сӕххӕст кӕндзынӕ Хуыцауы лӕвӕрд хӕс — цины хабар хъусын кӕнын ӕмӕ дӕ территорийы, уыимӕ бирӕфатерон хӕдзӕртты дӕр, цы адӕм цӕры, уыдонӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын.
[Рамкӕ 5 фарсыл]
Фатерты хъусынгӕнгӕйӕ
● Дуар бахой сабыр, фӕлӕ ныфсджынӕй
● Тынг хъӕрӕй ма дзур
● Ныхас райдай зӕрдӕхӕларӕй, зӕгъ дӕ ном
● Райдианы зӕгъ, цӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уый тыххӕй
● Радт ын литературӕ, ӕрмӕст ӕй куы хъӕуа, уӕд
● Сӕвӕр бындур дыккаг бацыдӕн
[Таблицӕ 6 фарсыл]
ЦЫ КӔНГӔ У... ӔМБАРГӔ ХЪУСЫНГӔНӔГ...
...комендант дын куы ...цыбыртӕй ӕмӕ йын уӕздан
зӕгъа, цӕмӕй ацӕуай бамбарын кӕндзӕн йе ’рбацыды
сӕр. Кӕд комендант уӕддӕр
дзура, цӕмӕй ацӕуай, уӕд
ӕнӕхъӕлӕбайӕ ацу. Аргъ кӕн,
цы хӕслӕвӕрд ын ис, уымӕн.
...адӕймаг куы смӕсты уа, ...йӕ ныхмӕ ницы дзурдзӕн,
кӕй йӕм бацыдтӕ, ууыл. йӕ ныхас фӕуыдзӕн, ацӕудзӕн
ӕндӕр уӕладзыгмӕ йе та
хӕдзарӕй бынтондӕр.
...адӕймаджы куы нӕ фӕнда ...цӕхгӕр нӕ ныллӕудзӕн,
хъусын, литературӕ исын. фӕлӕ йӕ ныхас зӕрдӕхӕларӕй
фӕуыдзӕн.
...комендант дӕ мидӕмӕ ...комендантӕн зӕгъдзӕн,
куы нӕ уадза. цӕмӕй йын исты хуызы кӕнӕ
ӕндӕр рӕстӕг баххуыс кӕна
цӕрджытимӕ аныхас кӕнынӕн.
...фатеры цӕрӕг кӕнӕ дӕ ...хыл нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ
комендант милицӕйӕ бамбарын кӕндзӕн, Иегъовӕйы
куы тӕрсын кӕна. Ӕвдисӕнтӕй тӕрсын кӕй нӕ
хъӕуы, уый.