Нӕ литературӕйӕн аргъ кӕн
1. Чырыстийау нӕ бон куыд у Йегъовӕйы лӕвӕрттӕн аргъ кӕнын?
1 Чырысти бирӕ адӕмы куы бафсӕста, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрӕмбырд кӕнын кодта, хӕринагӕй ма цы баззад, уый (Матф. 14:19–21). Йегъовӕйы лӕвӕрттӕн афтӕ тынг кӕй аргъ кодта, уый нын у фӕзминаг. Мах дӕр хъуамӕ «бузныг» уӕм, Йегъовӕ нын ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕджы уылты цы хӕринаг дӕтты, уый тыххӕй (Кол. 3:15; Лук. 12:42; Матф. 24:45–47).
2. Цӕмӕй нӕм журналтӕ ма ’мбырд кӕна, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
2 Журналтӕ. Журналтӕ куы нӕ парахат кӕнӕм, уӕд нӕм ӕмбырд кӕндзысты. Кӕд нӕм алы хатт дӕр уӕлдай журналтӕ баззайы, уӕд хъуамӕ нӕ заказ фӕкъаддӕр кӕнӕм. Зӕронд журналтӕн та цы кӕнгӕ у? Кӕд журнал зӕронд у, уӕддӕр дзы цы фыст ис, уый ахсджиаг у. Кӕд нӕм зӕронд журналтӕ бирӕ ис, уӕд нын уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг кӕнӕ ӕндӕр хистӕр нӕлгоймаг зӕгъдзӕн, уацамынды сӕ куыд дӕттӕн ис, уый.
3, 4. Ӕмбырды литературӕ куы фӕисӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
3 Ӕндӕр литературӕ. Кӕд чингуытӕ кӕнӕ брошюрӕтӕ парахат кӕнӕм, уӕд уал ӕркӕс, хӕдзары дӕм дзы ис ӕви нӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ракур, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрӕй. Къуыримӕ цас литературӕ ратдзынӕ, уымӕй фылдӕр ма райс. Кӕд ма дӕ уый фӕстӕ хъӕуа, уӕд та-иу иннӕ хатт райс.
4 Нӕхицӕн дӕр, цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр литературӕ ма заказ кӕнӕм. Чингуытыл ӕмӕ журналтыл дӕ ном ныффысс, ӕмӕ дын дзы искӕцы куы фесӕфа, уӕд дын ӕй фӕстӕмӕ ратдзысты. Кӕд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы библиотекӕйӕ» дискыл фӕпайда кӕныс ӕмӕ ма дӕхицӕн журналтӕ дӕр фӕисыс, уӕд дӕ, чи зоны, нал хъӕуы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы каталогтӕ заказ кӕнын.
5. Адӕймагӕн литературӕ куы дӕттӕм, уӕд цы хъуамӕ ма рох кӕнӕм?
5 Литературӕ кӕд дӕттӕн ис? Мах литературӕ ныууадзӕм, ӕцӕгдӕр фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Рох нӕ ма уӕд, литературӕ рауадзынӕн цы хӕрдзтӕ цӕуы, уыдон фыццаджыдӕр нӕхӕдӕг кӕй фидӕм. Уымӕ гӕсгӕ адӕймагӕн литературӕ куы раттӕм, уӕд-иу ма ’фсӕрмы кӕнӕм зӕгъын, йӕ бон кӕй у, ӕнӕхъӕн дунейы цы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы, уый номыл мысайнаг раттын.
6. Нӕ литературӕйӕн афтӕ тынг цӕмӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсӕ куыд парахат кӕндзыстӕм?
6 Чырысти адӕмӕн диссаджы хуызы лӕвӕрдта дзул, фӕлӕ сын уымӕй арӕхдӕр лӕвӕрдта, Хуыцаумӕ сӕ чи баввахс кодтаид, ахӕм хӕринаг. Йесо загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй“» (Матф. 4:4). Нӕ литературӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕны Библи, ӕмӕ уыцы зонындзинӕдты фӕрцы адӕмӕн ис ӕнустӕм цӕрыны фадат (Иоан. 17:3). Уӕдӕ нӕ литературӕ тынг зынаргъ у ӕмӕ ӕвгъау у дзӕгъӕлы лӕууынӕн!