Фӕстаг фарсӕй пайда кӕныс?
Адӕм брошюрӕ куы райсынц, уӕд ын фыццаг ӕркӕсынц йӕ цъармӕ, стӕй йӕ фӕзилынц ӕмӕ йын йӕ фӕстаг фарсыл сӕ цӕст ахӕссынц. Уацамынды кӕй фӕдӕттӕм, уыцы брошюрӕйы фӕстаг фарсыл вӕййы цалдӕр цымыдисаг фарстайы. Стӕй дзы амынд вӕййы, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр дзуапп кӕцы фарсыл кӕнӕ кӕцы фӕрстыл ис, уый.
Нӕ бон у уыцы фарстатӕй спайда кӕнын, цӕмӕй-иу искӕимӕ ныхас кӕнын райдайӕм. Арӕх кӕм хъусын кӕнынц, ахӕм ран куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы уыцы-иу фарстайӕ нӕ пайда кӕндзыстӕм, фӕлӕ-иу куы иу фарстайӕ райдайдзыстӕм нӕ ныхас, куы та ӕндӕрӕй. Адӕймаджы куы не ’вдӕла, уӕд ын нӕ бон у равдисын, фӕстаг фарсыл цы фарстатӕ ис, уыдонӕй искӕцы ӕмӕ йын зӕгъын: «Кӕд дӕ ацы фарстайӕн дзуапп базонын фӕнды, уӕд дын ацы брошюрӕ ныууадздзынӕн, ӕмӕ дын стӕй рӕстӕг куы уа, уӕд ыл гыццыл фылдӕр аныхас кӕндзыстӕм». Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ та сӕ ныхас райдайынц афтӕ: адӕймагӕн брошюрӕйы фӕстаг фарс равдисынц ӕмӕ йӕ бафӕрсынц, кӕцы фарстайӕн ӕй фӕндид дзуапп базонын. Стӕй йын равдисынц, брошюрӕйы дзуапп кӕцы фарсыл ис, уый ӕмӕ йын бакӕсынц, уыцы фарстамӕ рагацау цы стих равзӕрстой, уый. Дӕ бон ма у брошюрӕйы фӕстаг фарсӕй ӕндӕр хуызы дӕр спайда кӕнын, цӕмӕй адӕймаджы бацымыдис кӕнай.