«Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры»
1. 2010 азы облӕстон конгрессы цавӕр чиныджы тыххӕй фехъусын кодтой ӕмӕ йӕ кӕм ахуыр кӕндзыстӕм?
1 2010 азы облӕстон конгрессы, «Йегъовӕимӕ алкӕддӕр ӕнгом ут!», зӕгъгӕ, фехъуыстам, ног чиныг кӕй рацыд – «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры». Уый нын куыд ӕхсызгон уыд! Ацы чиныджы ис, Йеремийы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чингуыты цы хорз хъуыдытӕ ис, уыдон ӕмӕ нын стыр пайда уыдзысты абоны царды (Ром. 15:4). Ахуыр ӕй кӕндзыстӕм, Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ, зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы фембӕлды 2012 азы 5 ноябрӕй райдайгӕ къуырийӕ.
2. Йереми ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чингуытӕм лӕмбынӕг ӕркӕсын пайда цӕмӕн у?
2 Абон у стыр пайда. Йереми йӕ чиныг ныффыста, Иудӕйы змӕст ӕмӕ уӕззау рӕстӕг куы уыд, уӕд. Райдианы Йереми йӕ ныфс нӕ хаста, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразынмӕ (Йер. 1:6). Стӕй йӕ райгуырӕн горӕт Анафофы йӕ ныхмӕ цыдысты йӕ зонгӕтӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хӕстӕджытӕ дӕр (Йер. 11:21, 22). Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, Йеремийӕн-иу хаттӕй-хатт йӕ ныфс кӕй асаст, уый (Йер. 20:14). Мах дӕр нӕ хӕс ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ома ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ, арӕх зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ Йеремийау нӕ ныфс дӕр асӕтты (Матф. 28:19). Йеремийы чингуытӕм лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын.
3. «Йереми»-йы чиныгӕй ӕрмӕг куыд ӕвзардзыстӕм?
3 Чиныг куыд арӕзт у. Ахуыры рӕстӕг бакӕсын цы сӕйраг стихтӕ хъӕудзӕн, уыдон сты зулфыст. Алы къуыри дӕр цы ӕрмӕг ӕвзардзыстӕм, уый кӕрон уыдзӕн иу кӕнӕ дыууӕ фарстайы сӕйраг хъуыдыты фӕдыл ӕмӕ сты ставдӕй фыст. Уыцы фарстатӕ хъӕудзӕн ахуыры кӕрон раттын. Чиныджы ис рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕты бафӕнддзӕн уыцы нывты фӕдыл йӕ хъуыдытӕ зӕгъын.
4. «Йереми»-йы чиныг нын стырдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?
4 Цӕмӕй дын ацы чиныг стырдӕр пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй-иу дӕхи рагацау бацӕттӕ кӕн. Дӕ хъус-иу ӕрдар, дӕ царды ӕмӕ дын дӕ лӕггады пайда чи уыдзӕн, уыцы хъуыдытӕм. Дзуапп-иу дӕтт. Йереми Йегъовӕйы ӕххуысӕй йӕ хӕслӕвӕрд зӕрдӕрухсӕй ӕххӕст кодта (Йер. 15:16). Цӕй уӕдӕ нын ацы ног чиныг баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй Йеремийау лӕггад кӕнӕм!