Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Зиуы рӕстӕг нӕ бон цы у зӕгъын.
«Ацы аз ӕгас дунейы дӕр 26 мартъийы бӕрӕг кӕндзысты иу ахсджиаг хабар – Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Фӕнды нӕ уӕ бинонты фӕхонын. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы. Библийӕ дзы ӕмбарын кӕндзысты, Йесо кӕй амард, уый нын цы пайда хӕссы. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый».
Брошюрӕ «Чырысти райгас. Уый нын цавӕр ныфс дӕтты?».
«Бирӕтӕй фехъусӕн вӕййы: „Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Чырысти ӕцӕгдӕр райгас?“ Искуы дӕм ахӕм фарста сӕвзӕрд? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы фарстайӕн дзуапп зонын тынг ахсджиаг у. [Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:14.] Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, Йесойы райгасы хабары аргъау кӕй нӕу».