Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Зиуы рӕстӕг нӕ бон цы у зӕгъын.
«Иу ахсджиаг хабармӕ хонӕм ӕмӕ парахат кӕнӕм хуынды гӕххӕттытӕ. Ӕгас дунейы дӕр 14 апрелы милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Стӕй ма байхъусдзысты, йӕ мӕлӕт нын цы пайда хӕссы, уый фӕдыл Библийыл арӕзт раныхасмӕ. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы».
Брошюрӕ «Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?».
«Алы адӕймаг дӕр, цыфӕнды диныл хӕст ма уа, уӕддӕр Хуыцаумӕ фӕкувы. Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ хъусы ӕви адӕймаг уый тыххӕй фӕкувы, цӕмӕй йын фенцондӕр уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библи кувыны тыххӕй цы зӕгъы. [Бакӕс 1 Иоанны 5:14.] Ацы брошюрӕ нын ӕмбарын кӕны, Хуыцаумӕ кувын нын куыд ӕххуыс кӕны, уый».