Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Мартъийы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«14 апрелы бӕрӕг кӕндзысты ахсджиаг хабар – Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Чидӕртӕ уыцы бон бӕрӕг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы мӕлӕт ахсджиаг хабарыл нымайынц. Кӕмӕндӕрты та уый ницӕуыл дзурӕг у. Куыд хъуыды кӕныс, Йесо Чырыстийы мӕлӕт исты пайда у дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Равдис ын брошюрӕйы фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта?».
«Бирӕтӕ бафӕрсынц, Хуыцау цӕуылнӕ исты аразы, цӕмӕй дунейы рӕстдзинад уа ӕмӕ адӕм мауал хъизӕмар кӕной. Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ нӕм Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы кӕнӕ та йын ӕхсызгон у адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Иоанны 3:16.] Бирӕтӕ ацы стихӕй спайда кӕнынц, цӕмӕй равдисой, Хуыцау адӕмыл кӕй тыхсы, уый. Фӕлӕ уӕддӕр кӕронмӕ не ’мбарынц, Хуыцауы Фырты мӕлӕт сын цы пайда хӕссы, уый. Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, Йесо Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы дунейы рӕстдзинад кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕм кӕй нал хъизӕмар кӕндзысты, уый».