Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Зиуы рӕстӕг нӕ бон у зӕгъын:
«Адӕмы иу ахсджиаг хабармӕ хонӕм. Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр 3 апрелы милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Стӕй ма байхъусдзысты раныхасмӕ, йӕ мӕлӕт нын цы пайда хӕссы, уый фӕдыл. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы».
Брошюрӕ «Йесо Чырысти адӕмы ирвӕзын кӕны. Цӕмӕй?»
«3 апрелы ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр бӕрӕг кӕндзысты Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Уыцы ахсджиаг хабар бӕрӕг кӕндзысты ам дӕр. Фӕлӕ иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Чырыстийы мӕлӕт махӕн ницы пайда у. Дӕумӕ та куыд кӕсы, Чырысти кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый махӕн исты пайда у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, Хуыцауы Ныхасы уый тыххӕй цы фыст ис, уымӕ. [Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:22, 26.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы цы арфӕдзинадӕй схайджын уыдзыстӕм, ууыл. Фыст дзы ис, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ ничиуал мӕлдзӕн».