Фарстаты асыкк
◼ Цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг донаргъуыд райса, уый тыххӕй ӕмбырдтӕм цас рӕстӕг хъуамӕ цӕуа ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй цас рӕстӕг хъуамӕ лӕггад кӕна?
Донаргъуыд райсын у ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ адӕймаг донаргъуыд райсыны аккаг суа, уӕдмӕ хъуамӕ хорз ӕмбара, Хуыцау дзы цы домы, уый. Стӕй ма хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕй кӕй фӕнды, уый дӕр.
Чырыстӕттӕ хъуамӕ се ’мбырдтӕ ма цух кӕной, ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуа (Дзут. 10:24, 25). Хъуамӕ ма фембӕлдты рӕстӕг дзуапп дӕр дӕтта. Йӕ бон ма у Хъусынгӕнджыты скъолайы йӕхи ныффыссын кӕнын дӕр, кӕд уый ӕнӕмӕнг нӕу, уӕддӕр.
Уымӕй уӕлдай ма, чырыстӕттӕн сӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ донаргъуыд райсыны размӕ ӕдзухдӕр уацамынды цӕуа (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ахӕм адӕймаг ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг цал мӕйы хъуамӕ уа, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ? Хъуамӕ фаг рӕстӕг рацӕуа, цӕмӕй бӕрӕг уа, ӕдзух ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕны, уый (Пс. 78:37). Фӕлӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй тынг бирӕ рӕстӕг рацӕуа, чи зоны цалдӕр мӕйы дӕр фаг уа. Мӕй цал сахаты хъуамӕ хъусын кӕна? Никуы ис фыст, цал сахаты хъуамӕ хъусын кӕна, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ уавӕртӕ зоной, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уой ӕмбаргӕ (Лук. 21:1–4).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн (кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн, кӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ фаг кӕны, уӕд), донаргъуыд чи исдзӕн, уыдонимӕ фембӕлд куы уа, уӕд хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, адӕм ӕмхуызон кӕй не сты ӕмӕ ӕмбаргӕ уой, куы скъуыддзаг кӕной, адӕймаг донаргъуыд райсыны аккаг у ӕви нӕ. Хъуамӕ бӕрӕг уа, адӕймаджы йӕхи кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа ӕмӕ кӕй аргъ кӕны, Йегъовӕйы организацийӕ уа ӕмӕ уацамынды цӕуа, уыцы стыр кадӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, йӕ уырнындзинад нырма фидар кӕй нӕу ӕмӕ фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджыты хуызӕн арӕхстджын кӕй нӕма у. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы феной, адӕймаг нырма донаргъуыд райсыны аккаг нӕу, уӕд ын уый Фыстадӕй фӕлмӕнӕй бамбарын кӕндзысты ӕмӕ бацархайдзысты, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕной.