Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/14 6–7 фф.
  • Буклетты конд фӕивта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Буклетты конд фӕивта
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ пайда кӕн трактаттӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Буклетты фӕрцы ныхас райдайӕн куыд ис?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Хуыцауы Ныхас у удӕгас, ӕмӕ дзы пайда кӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Трактаттӕй пайда кӕн ныхас райдайынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
km 4/14 6–7 фф.

Буклетты конд фӕивта

1. Уацамындӕн цы публикацитӕ рацыд, уыдон иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

1 2013 азы облӕстон конгрессы «Хуыцауы Ныхас у рӕстдзинад!» райстам фондз ног буклеты. Стӕй ма райстам иу буклет «Паддзахады хабар» № 38 «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?». Ацы ӕхсӕз буклеты сӕ конд ӕмӕ асӕй иннӕтӕй хицӕн кӕнынц. Цӕмӕн сӕ фӕивтой? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕ куы парахат кӕнӕм, уӕд сӕ хуыздӕр пайда кӕнӕн куыд ис?

2. Ног буклеттӕ ӕндӕрхуызон конд цӕмӕн сты?

2 Ӕндӕрхуызон сӕ цӕмӕн сарӕзтой? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ арӕх нӕ ныхас ӕнтыстджын вӕййы цыппар хъуыддаджы фӕрцы: 1) Ныхас райдайыны тыххӕй адӕймаджы йӕ хъуыдыйӕ бафӕрсӕм. 2) Библийӕ йын стих бакӕсӕм. 3) Литературӕ йын раттӕм. 4) Иннӕ хатт кӕуыл аныхас кӕндзыстӕм, ахӕм фарстайы кой скӕнӕм ӕмӕ баныхас кӕнӕм, кӕд ӕм бацӕудзыстӕм, ууыл. Ног буклеттӕ куыд конд сты, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын ацы цыппар хъуыддаджы ӕнцондӕр аразӕн уой.

3. Буклеттӕй уацамынды куыд ис пайда кӕнӕн?

3 Куыд сӕ пайда кӕнӕм. 1) Салам раттыны фӕстӕ адӕймагӕн бакӕс буклеты фыццаг фарсыл цыбыр фарстатӕ ӕмӕ йӕ йӕ хъуыдыйӕ бафӕрс. 2) Буклет бакӕн ӕмӕ аныхас кӕн дӕлсӕргондыл «Библийы фыст ис». Гӕнӕн куы уа, уӕд ын Библийӕ стих бакӕс. Адӕймаджы куы ’вдӕла, уӕд аныхас кӕн дӕлсӕргондыл «Уый дын цӕуыл дзурӕг у». 3) Ратт ын буклет ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй йӕ хӕдзары бакӕса. 4) Ацӕуыны размӕ йын буклеты фӕстаг фарсыл равдис фарста «Куыд хъуыды кӕныс?» ӕмӕ йын зӕгъ, иннӕ хатт ын Библийӕ дзуапп кӕй ссардзыстут.

4. Адӕймагмӕ дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд ног буклеттӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын?

4 Адӕймагмӕ дыккаг хатт бацӕуын дӕр ӕнцондӕр у. Буклеты фӕстаг фарсыл Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕн, цӕмӕй йын дзуапп радтай, фыццаг бацыды кӕрон цы фарстайы кой скодтай, уымӕн. Ацӕуыны размӕ йын йӕ хъус ӕрдар фӕстаг фарсыл купонмӕ, стӕй йын равдис, уыцы темӕйы фӕдыл фылдӕр информаци кӕм ис, уыцы публикаци ӕмӕ абзацтӕ, ӕмӕ йын ӕй ратт. Адӕймаг ӕй куы райса, уӕд йемӕ иннӕ хатмӕ баныхас кӕн, цӕмӕй сӕ равзарат. Афтӕмӕй Библийы ахуыр райдыдтай! Кӕнӕ адӕймагӕн ратт ӕндӕр буклет ӕмӕ баныхас кӕн, цӕмӕй йыл иннӕ хатт аныхас кӕнат.

5. Уацамынды нын буклеттӕ цы пайда сты?

5 Уацамынды буклеттӕй пайда кӕнӕм 130 азӕй фылдӕр. Кӕд сӕ конд ӕмӕ сӕ ас алыхуызон уыд, уӕддӕр нын хъусын кӕнгӕйӕ стыр ӕххуыс уыдысты. Уӕдӕ ног буклеттӕй хорз пайда кӕнӕм, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр дарддӕр дӕр хорз хабар хъуыстгонд цӕуа (Ӕмб. 15:7а).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын