Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ныфсджынӕй дзурӕм Паддзахады тыххӕй
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Цӕмӕй, 2 Тимофеймӕ 1:7, 8 цы фыст ис, уый бӕстон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныфсджынӕй дзурӕм. Ныфс нын цы дӕтдзӕн?
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Ахъуыды кӕн, кӕимӕ дӕ фӕндид Хуыцауы тыххӕй аныхас кӕнын. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй ныфсджын уай ӕмӕ дын уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнынӕн фадат фӕзына.