Адӕмы хонӕм
1. Регионалон конгресмӕ хуынды гӕххӕттытӕ парахат кӕнын кӕд райдайдзыстӕм?
1 Де ’мбӕлттӕн кӕнӕ дӕ дӕ хиуӕттӕн хорз фынг ӕрӕвӕрын куы фӕнда, уӕд дӕ хъӕудзӕн бирӕ бафыдӕбон кӕнын ӕмӕ хӕрдзтӕ дӕр скӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хонгӕ дӕр сӕ зӕрдиагӕй фӕкӕндзынӕ. Раст афтӕ ӕфсымӕртӕ дӕр бирӕ бафыдӕбон кодтой ӕмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтой нӕ бӕрӕгбонмӕ – регионалон конгресмӕ. Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ конгрессы размӕ ӕртӕ къуырийы дӕргъы адӕмы уыцы бӕрӕгбонмӕ хондзыстӕм. Хуынды гӕххӕттытӕ зӕрдиагӕй цӕй фӕрцы парахат кӕндзыстӕм?
2. Зиуы нӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынмӕ цы разӕнгард кӕндзӕн?
2 Йегъовӕйы амындтӕ нын цы пайда хӕссынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы бузныг куы уӕм, уӕд зиуы ӕппӕт хъарутӕй архайдзыстӕм (Ис. 65:13, 14). Стӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ацы зиу алы аз дӕр цы стыр тыллӕг ӕрхӕссы, уый дӕр. (Кӕс рамкӕ «Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу».) Кӕй фӕхонӕм, уыдонӕй чидӕртӕ конгресмӕ ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзысты. Фӕлӕ бирӕйӕ куы не ’рбацӕуой, уӕддӕр, зиуы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд Йегъовӕйы скадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕ фендзысты, куыд рӕдау Хуыцау у, уый (Пс. 145:3, 7; Рарг. 22:17).
3. Хуынды гӕххӕттытӕ куыд парахат кӕндзыстӕм?
3 Хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кӕндзӕн, се ’мбырд хуынды гӕххӕттытӕ куыд парахат кӕндзӕн, уый: зӕгъӕм, хӕдзары чи нӕ уа, уыдонӕн хуынды гӕххӕттытӕ ныууадздзысты ӕви нӕ, стӕй сӕ территорийы бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕтты сӕ парахат кӕндзысты ӕви нӕ. Улӕфгӕ бонты-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хуынды гӕххӕттытимӕ раттын хъӕудзӕн, уыцы мӕй цы брошюрӕтӕ парахат кӕндзыстӕм, уыдон дӕр. Зиуы фӕстӕ нын ӕхсызгон уыдзӕн, зӕрдиагӕй дзы кӕй архайдтам ӕмӕ нын Йегъовӕ цы куывд ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм немӕ бирӕ уазджытӕ кӕй ӕрбацыд, уый.