2 апрелӕй парахат кӕндзыстӕм хуынды гӕххӕттытӕ – хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ
1. Ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕттытӕ кӕд парахат кӕндзыстӕм ӕмӕ ӕрвылаз дӕр ахӕм зиу кӕй вӕййы, уый ахсджиаг цӕмӕн у?
1 Мах 2 апрелӕй 17 апрелмӕ парахат кӕндзыстӕм хуынды гӕххӕттытӕ ӕмӕ адӕмы хондзыстӕм афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр бон сбӕрӕг кӕнынмӕ – Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ивгъуыд азты ахӕм зиуты рӕстӕг кӕй фӕхуыдтам, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты. Зӕгъӕм, Ӕрымысӕн изӕр цы бон хъуамӕ уыдаид, уыцы бон иу сылгоймаг телефонӕй филиалмӕ бадзырдта ӕмӕ загъта: «Ныртӕккӕ хӕдзармӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ мӕ дуары бын ссардтон хуынды гӕххӕтт. Фӕнды мӕ ацӕуын, фӕлӕ цафон уыдзӕн, уый нӕ зонын». Ӕфсымӕр ын бамбарын кодта, хуынды гӕххӕттыл рӕстӕг кӕцы ран ис фыст, уый. Фӕстагмӕ йын сылгоймаг загъта: «Изӕрӕй ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн!»
2. Хуынды гӕххӕтт дӕтгӕйӕ нӕ бон цы у зӕгъын?
2 Адӕмы куыд хондзыстӕм. Ӕнӕхъӕн территорийыл ӕрзилынӕн нын рӕстӕг бирӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ хорз уыдзӕн, нӕ ныхас цыбыр куы уа. Нӕ бон у адӕймагӕн зӕгъын: «Дӕ бон хорз. Фӕнды нӕ ацы хуынды гӕххӕтт уӕ бинонтӕн ныууадзын. Ӕгас дунейы дӕр 17 апрелы, хуыцаубоны, уыдзӕн ахсджиаг хабар. [Адӕймагӕн хуынды гӕххӕтт ратт.] Уыцы бон бӕрӕг кӕндзыстӕм Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Уыдзӕн дзы раныхас, Чырыстийы нывонд нын цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй. Ацы хуынды гӕххӕттыл фыст ис, ацы фембӕлд кӕм, кӕд ӕмӕ цафон уыдзӕн».
3. Нӕ бон куыд у фылдӕр адӕмы фӕхонын?
3 Уе ’мбырды территори стыр куы уа, уӕд, гӕнӕн ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн зӕгъой, цӕмӕй-иу хуынды гӕххӕттытӕ ныууадзой, хӕдзары чи нӕ уа, уыдонӕн (кӕд сӕ, ӕддӕмӕ кӕм нӕ зыной, ахӕм ран ныууадзӕн уа, уӕд). Ма ферох кӕн, дыккаг хатт кӕмӕ бацӕуыс, уыдоны фӕхонын, стӕй дӕ хӕстӕджыты, де ’мкусджыты, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны ӕмӕ дӕ зонгӕты. Хуынды гӕххӕттытӕ улӕфӕн бонты парахат кӕнгӕйӕ дӕ бон уыдзӕн брошюрӕтӕ дӕр дӕттын, фадат-иу куы амона, уӕд. Мыййаг, дӕ бон нӕ уаид апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын ӕмӕ ацы диссаджы зиуы фылдӕр бацархайын?
4. Цӕмӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой?
4 Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдон Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд цас диссаджы хабӕрттӕ фехъусдзысты! Уыдон базондзысты, Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕй йе стыр уарзондзинад кӕй рабӕрӕг (Иоан. 3:16). Базондзысты ма, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дӕр (Ис. 65:21–23). Уымӕй уӕлдай ма сӕ сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй уагдартӕй искӕмӕ бацӕуой ӕмӕ йын зӕгъой, кӕй сӕ фӕнды фылдӕр базонын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын. Мах кувдзыстӕм, цӕмӕй ацы зиуы фӕрцы Ӕрымысӕн изӕрмӕ немӕ бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕрбацӕуой!