Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын райдайдзыстӕм 22 мартъийы
Ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын райдайдзыстӕм 22 мартъийы, сабаты. Алкӕйдӕр разӕнгард кӕнӕм уыцы зиуы архайынмӕ. Сабат ӕмӕ хуыцаубоны ма нӕ бон уыдзӕн парахат кӕнын, алы мӕй дӕр кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Апрелы фыццаг сабаты фылдӕр архайдзыстӕм адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл нӕ, фӕлӕ хуынды гӕххӕттытӕ парахат кӕныныл. Фӕлӕ нӕм исчи тынг зӕрдиагӕй куы байхъуса, уӕд нӕ бон у йемӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайын. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг аскъуыддзаг кӕндзӕн, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хуынды гӕххӕттытӕ парахат кӕндзысты ӕви нӕ, цӕмӕй се ’мбырды территорийы фылдӕр адӕмы фӕхоной. Гӕххӕттыл ныффысс дӕ хиуӕтты, де ’мкусджыты, де ’мкъласонты кӕнӕ, дыккаг хатт кӕмӕ бацӕуыс ӕмӕ ма дӕ фӕхонын кӕй фӕнды, уыдоны нӕмттӕ, стӕй, зиу куы райдайа, уӕд-иу сын хуынды гӕххӕттытӕ бахӕсс. Ныфс нӕ ис, бирӕтӕ нӕм кӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕндзысты, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый (Иоан. 3:16; 15:13).