Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Библи бамбарын дӕ бон у»
«Абон адӕмимӕ ныхас кӕнӕм Библийыл. Бирӕтӕ ацы чиныджы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый раст нӕу. Кӕд ын аргъ кӕнынц, уӕддӕр сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ зынӕмбарӕн чиныг у. Дӕумӕ та куыд кӕсы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, Библи ӕмбарын цӕмӕн хъӕуы, уый аххосӕгтӕй иумӕ. [Бакӕс Ромӕгтӕм 15:4.] Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Библи бамбарын. Стӕй йӕ дӕ бон бамбарын цӕй фӕрцы у, уый фӕдыл дӕр дзы ис цалдӕр уынаффӕйы».