Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb17 апрель 5 ф.
  • Дӕ бон у, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон у, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны ма рох кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Ӕххуыс кӕнӕм, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • «Раздӕхут мӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Ӕххуыс сын кӕн. Фӕстиат кӕнынӕн рӕстӕг нал ис!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
mwb17 апрель 5 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ бон у, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын

Фыййау сӕфт фысы ирвӕзын кӕны

11 апрелы дыццӕджы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕудзӕн, чи ӕрлӕмӕгъ, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ. Уыдон райдыдтой царды фӕндагыл згъорын, фӕлӕ цӕйдӕр аххосӕй сӕ цыд фӕсындӕгдӕр. Афтӕ цӕмӕн рауайы, уый тыххӕй фыст ис брошюрӕйы «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх» (Дзт 12:1). Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдон уӕддӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ сты, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕ Фырты тугӕй балхӕдта (Хъд 20:28; 1Пт 1:18, 19). Цымӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхой?

Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕагурынц ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц, дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фысты хорз фыййау куыд фӕагуры, афтӕ (Лк 15:4–7). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уарзы ӕмӕ сыл тыхсы (Йер 23:3, 4). Ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у ахӕм чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзӕн ӕмӕ нын раарфӕ кӕндзӕн (Ӕм 19:17; Хъд 20:35). Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕмӕн у баххуыс кӕнын, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй архай!

Лорӕ рудзынгӕй кӕсы, Эбби кувы, Лорӕ ӕмӕ Эбби кӕрӕдзийӕн хъӕбыс кӕнынц ӕмӕ сӕ къам исынц

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧИ ӔРЛӔМӔГЪ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АХӔМ ФАРСТАТЫЛ:

  • Эбби цы сарӕзта, кӕй нӕ зыдта, уыцы хойыл куы сӕмбӕлд, уӕд?

  • Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ цӕмӕн хъуамӕ аныхас кӕнӕм?

  • Эбби Лорӕмӕ дыккаг хатт цӕуинаг куы уыд, уӕд йӕхи куыд цӕттӕ кодта?

  • Эбби Лорӕйӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ фӕразондзинад ӕмӕ уарзондзинад куыд равдыста?

  • Лукайы 15:8–10 стихты фыст фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Иууылдӕр Лорӕйӕн ӕххуыс кӕныныл кӕй архайдтой, уый цавӕр хорз хъуыддагмӕ ’ркодта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын