ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕРЕМИ 35–38
Авдемелех фӕзминаг у йӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй
Авдемелех лӕггад кодта паддзах Седекийы галуаны. Уымӕ уыди, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ
Хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй архайдта, паддзах Седекимӕ Йеремийы ссӕрибар кӕныны тыххӕй куы бацыд ӕмӕ стӕй Йеремийы дзыхъхъӕй куы ласта, уӕд
Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый рабӕрӕг, Йеремийы дзыхъхъӕй куы ласта, уӕд ын йӕ дӕлӕрмтты бӕндӕнты уӕлӕ фӕлмӕн хӕцъилтӕ ӕмӕ хъуымацы гӕппӕлтӕ кӕй бакӕнын кодта, уымӕй