ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕРЕМИ 39–43
Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ
Йегъовӕ Седекийӕн загъта, цӕмӕй йӕхи Вавилоны дӕлбар бакодтаид, фӕлӕ Седеки йӕ коммӕ нӕ бакаст
Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амардтой. Уый фӕстӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Вавилоны уацары уыди
Авдемелех Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ пехуымпар Йеремийыл батыхст
Йегъовӕ Авдемелехӕн ныфс бавӕрдта, знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кӕной, уӕд ӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн
Цалынмӕ Иерусалим нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ Йереми бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы ныхас хъӕбатырӕй хъусын кодта
Вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕртыхстысты, уӕд Йегъовӕ Йеремийы хъахъхъӕдта ӕмӕ стӕй афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ ауагътаиккой