Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 2 сӕр, 18–41 фф.
  • Пехуымпары лӕггад «фӕстаг бонты»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Пехуымпары лӕггад «фӕстаг бонты»
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕРЕМИЙЫ ЗАМАН
  • ИУДӔЙЫ УАВӔР ФӔИВТА
  • «НЫФФЫСС... ЦЫДӔРИДДӔР ДЗЫРДТОН, УЫДӔТТӔ»
  • ВАВИЛОН ССИ ДУНЕОН ПАДДЗАХАД
  • ПАДДЗӔХТЫ ХӔДЗАРВӔНДАГӔН ЙӔ ФӔСТАГ БОНТӔ
  • ИУДӔЙЫ МА ЧИ БАЗЗАД, УЫДОНЫ ’ХСӔН ЛӔГГАД КӔНЫ
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 2 сӕр, 18–41 фф.

ДЫККАГ СӔР

Пехуымпары лӕггад «фӕстаг бонты»

1, 2. а) Йереми цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй куыд рабӕрӕг, цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ хъусын кодтаид, уый? ӕ) Йереми цы хабар хъусын кодта, уый зонын дӕ цӕмӕн хъӕуы?

ХУЫЦАУ йӕ ног пехуымпары бафарста, «цы уыныс», зӕгъгӕ. Ӕрыгон Йереми йын дзуапп радта: «Уынын цуайнаг, йӕ бынмӕ йын арт цырен кӕнынц. Ӕмӕ цуайнаг къул у цӕгатӕй хуссарырдӕм». Ӕрмӕст ацы цӕстылуайӕнӕй дӕр бӕрӕг уыди, Йереми цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый. (Бакӕс Йеремийы 1:13–16.) Йереми цӕстылуайӕны цы цуайнаг федта, уымӕн йӕ бынмӕ арт уый тыххӕй нӕ цырен кодтой, цӕмӕй ӕрмынӕг уыдаид, фӕлӕ цӕмӕй тынгӕй-тынгдӕр сыгъдаид. Йегъовӕ загъта, Иудӕйы адӕм ыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй сыл бӕллӕхтӕ, цуайнагӕй фыцгӕ дон куыд рауадзай, афтӕ кӕй рауадздзӕн. Уыцы цуайнаг хуссарырдӕм къул цӕмӕн уыд? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бӕллӕх хъуамӕ ӕрбацыдаид цӕгатырдыгӕй – уыцырдыгӕй хъуамӕ ӕрбабырстаиккой Вавилоны ӕфсӕдтӕ. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Йереми пехуымпарӕй куы лӕггад кодта, уыцы азты дӕргъы йӕхи цӕстӕй уыдта, уыцы фыцгӕ цуайнагӕй Иудӕйы зӕххыл бӕллӕхтӕ иу иннӕйы фӕдыл куыд калдысты ӕмӕ ӕппынфӕстаг Иерусалим пырхгонд куыд ӕрцыд, уый.

2 Абон Вавилон нал ис, фӕлӕ дӕ уӕддӕр хъӕуы, Йереми цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдоны тыххӕй зонын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ды цӕрыс «фӕстаг бонты». Бирӕтӕ сӕхи хонынц чырыстӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл нӕ нымайы, стӕй, цы аргъуантӕм цӕуынц, уыдонимӕ дӕр ын иумӕйагӕй ницы ис (Йер. 23:20). Уыдонӕй уӕлдай ды ӕмӕ де ’мчырыстӕттӕ Йеремийау хъусын кӕнут ӕрмӕст тӕрхоны хабӕрттӕ нӕ, фӕлӕ, адӕймаджы ныфс чи уадзы, ахӕм хабар дӕр.

Ныв 18 фарсыл

3. а) Йеремийы чиныг куыд фыст у? ӕ) Ацы чиныджы 2 сӕрӕн йӕ нысан цы у?

3 Йереми-иу хабӕрттӕ уайтагъд нӕ ныффыста, фӕлӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕстӕдӕр йӕ писырӕн ныффыссын кодта (Йер. 25:1–3; 36:1, 4, 32). Йеремийы чиныджы, хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ фыст не сты – чиныгӕн йӕ фылдӕр хай фыст у темӕтӕм гӕсгӕ. Уӕдӕ ацы сӕры мах нӕ цӕст ахӕсдзыстӕм, Йеремийы чиныджы ӕмӕ Йеремийы хъарӕджы чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы ӕмӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, ууыл. Ӕркӕс-ма, 23 фарсыл цы схемӕ ис, уымӕ. Йеремийы заман Иудӕйы паддзӕхтӕ чи уыдысты ӕмӕ кӕцы азты хицауиуӕг кодтой, стӕй Иудӕйы ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕты цы хабӕрттӕ цыди, уыдон куы зонай, уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Йереми цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый. Ӕмӕ, Хуыцау йӕ адӕмӕн Йеремийы уылты цы дзырдта, уый дын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

ЙЕРЕМИЙЫ ЗАМАН

4–6. Йереми пехуымпарӕй куы нӕма лӕггад кодта, уӕд Хуыцауы адӕм цы уавӕры уыдысты?

4 Йереми лӕггад кодта, дунейы стыр ивындзинӕдтӕ куы цыд, уыцы змӕст рӕстӕг. Ассири, Вавилон ӕмӕ Египет тох кодтой, дуне кӕй къухы уыдзӕн, ууыл. Йереми пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уымӕй 90 азы раздӕр ассириӕгтӕ цӕгат Израилы дӕсмыггаг паддзахад басастой ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕты уацары акодтой ӕмӕ сӕ ӕндӕр рӕтты ӕрцӕрын кодтой. Уӕд Йегъовӕ Иерусалимы цӕрджыты ӕмӕ иузӕрдион паддзах Езекийы ассириӕгтӕй бахъахъхъӕдта. Куыннӕ йӕ хъуыды кӕндзынӕ, Хуыцауы зӕд сын се знӕгтӕй 185 000 ӕфсӕддоны куы ныццагъта, уыцы хабар (2 Пад. 19:32–36). Езекийы фырттӕй иу уыд Манасси. Уый паддзах уыди 55 азы, ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йереми уыцы рӕстӕг райгуырд. Манассийы рӕстӕджы ассириӕгтӕ Иудӕйы паддзахад сӕ дӕлбар бакодтой (2 Аз. 33:10, 11).

5 Йереми ныффыста 1 ӕмӕ 2 Паддзӕхты чингуытӕ, ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, Манасси ногӕй сарӕзта, йӕ фыд цы кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта, уыдон. Манасси алы рӕтты, ӕмӕ суанг Йегъовӕйы кувӕндоны дӕр, сӕвӕрдта нывондхӕссӕнтӕ Ваалӕн ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн. Стӕй ацы паддзах бирӕ ӕнаххос туг ныккалдта ӕмӕ ма йӕ фырты дӕр мӕнгхуыцауӕн судзинаг нывондӕн ӕрхаста. Иудзырдӕй, «Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта». Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ загъта, Самари ӕмӕ Израилы паддзахад цы бӕллӕх баййӕфта, ахӕм бӕллӕх кӕй баййафдзӕн Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы паддзахад дӕр (2 Пад. 21:1–6, 12–16). Манассийы мӕлӕты фӕстӕ йӕ фырт Амон дӕр йӕ фыдау мӕнгхуыцӕуттӕн куывта. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы уавӕр хъуамӕ фӕивтаид. Дыууӕ азы фӕстӕ Амоны амардтой, ӕмӕ н. э. размӕ 659 азы паддзах сси йӕ астаздзыд фырт Иоси.

6 Иоси паддзах уыди 31 азы. Уыцы рӕстӕг Вавилон Ассирийыл тых кӕнын райдыдта. Ӕмӕ Иоси бамбӕрста, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй Иудӕйы паддзахад ассириӕгты ӕфсондзы бынӕй ссӕрибар кодтаид. Иоси йӕ фыд ӕмӕ йӕ фыдыфыдӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕмӕ дины хъуыддаджы стыр ивындзинӕдтӕ сарӕзта (2 Пад. 21:19–22:2). Дыууадӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ныппырх кодта, ӕгас паддзахады цы кувӕн бынӕттӕ, кувӕн цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ уыд, уыдон. Уымӕй цасдӕры фӕстӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндон сцалцӕг кодтаиккой. (Бакӕс 2 Азфыстытӕ 34:1–8.) Иоси ӕртындӕсӕм аз куы уыд паддзах, раст уыцы рӕстӕг (н. э. размӕ 647 азы) Хуыцау Йеремийы пехуымпарӕй сӕвӕрдта.

Йеремийы заман пехуымпарӕй куы лӕггад кодтаис, уӕд дын ӕнцон уыдаид?

7, 8. а) Паддзах Иосийы хицаудзинад цӕмӕй хицӕн кодта Манасси ӕмӕ Амоны хицаудзинадӕй? ӕ) Иоси цавӕр адӕймаг уыд? (Кӕс рамкӕ 26 фарсыл.)

7 Кувӕндон куы цалцӕг кодтой, уыцы рӕстӕг дзы хистӕр сауджын ссардта «закъоны чиныг». Уыцы хабар ӕрцыд, Иоси ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Паддзах закъоны чиныг йӕ писырӕн бакӕсын кодта, ӕмӕ дзы цы фыст уыд, уый куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, йӕ адӕм Хуыцауы раз стыр тӕригъӕдтӕ кӕй арӕзтой. Ӕмӕ ус-пехуымпар Олдамӕмӕ арвыста, цӕмӕй базыдтаид, Йегъовӕ цы зӕгъдзӕн, уый. Адӕмӕн та бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнут. Олдамӕ Иосийӕн фехъусын кодта, Иудӕйы цӕрӕг адӕм Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй сӕ «бӕллӕх» кӕй баййафдзӕн. Фӕлӕ Иоси раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕныныл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайдта, уый тыххӕй йын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы бӕллӕх дӕ рӕстӕджы не ’рцӕудзӕн (2 Пад. 22:8, 14–20).

Таблицӕ 23 фарсыл

8 Паддзах Иоси ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдта, цӕмӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ цыдӕриддӕр баст уыди, уыдӕттӕ иууылдӕр фесӕфтаид. Иоси уыцы хъуыддаджы афтӕ фидарӕй архайдта, ӕмӕ ма суанг, раздӕр цӕгат паддзахад Израилмӕ цы зӕххытӕ хауд, уырдӕм дӕр бахӕццӕ ӕмӕ, Вефилы цы кувӕн бынат ӕмӕ цы нывондхӕссӕн уыд, уыдон ныппырх кодта. Уымӕй уӕлдай ма ахӕм Куадзӕн скодта, ӕмӕ диссагӕн дзуринаг уыди (2 Пад. 23:4–25). Ахъуыды-ма кӕн, уыцы хабар Йеремийӕн куыд ӕхсызгон уыдаид! Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы раст зондыл саразын ӕнцон нӕ уыд. Манасси ӕмӕ Амон адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл ӕмӕ алы чъизи хъуыддӕгтыл бафтыдтой, ӕмӕ сӕм ӕцӕг Хуыцау нымады дӕр нал уыд. Кӕд Иоси дины хъуыддаджы бирӕ хорз ивындзинӕдтӕ скодта, уӕддӕр Хуыцау Йеремийы уылты загъта, зӕгъгӕ, Иудӕйы горӕттӕ куыд бирӕ сты, сӕ хуыцӕуттӕ дӕр афтӕ бирӕ сты. Йереми цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдон, йӕ лӕгыл гадзрахатӕй чи рацӕуы, ахӕм усӕй уӕлдай нӕ уыдысты – Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ хӕтыдысты. Йереми загъта: «Иерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны сӕвӕрдтат уыцы фидиссаг хуыцауӕн – сӕвӕрдтат нывондхӕссӕнтӕ, цӕмӕй Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг уадзат». (Бакӕс Йеремийы 11:1–3, 13.)

9. Иосийы хицаудзинады фӕстаг азты дунейы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

9 Йереми цы хъусын кодта, уый Иудӕйы адӕмы сӕ фыдхъуыддӕгтӕй нӕ баурӕдта. Стӕй нӕ баурӕдта сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты дӕр – уыдон дарддӕр дӕр тох кодтой, дунейы сӕ фылдӕр бартӕ кӕмӕн уыдзӕн, ууыл. Н. э. размӕ 632 азы Вавилоны ӕмӕ Мидийы ӕфсӕдтӕ иумӕ Ассирийы сӕйраг горӕт Ниневи басастой. Ӕртӕ азы фӕстӕ Египеты паддзах Нехо йе ’фсӕдтӕ цӕгатырдӕм акодта, цӕмӕй ассириӕгтӕн баххуыс кодтаид. Фӕлӕ Иоси египетӕгтӕм арвыста, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхтаиккой. Ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы семӕ схӕцыд ӕмӕ мӕлӕтдзаг цӕф фӕци. Иоси афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (2 Аз. 35:20–24). Иосийы мӕлӕты фӕстӕ Иудӕйы паддзахады политикӕ ӕмӕ дины уавӕр куыд фӕивта? Ӕмӕ Йереми цавӕр ног зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

ИУДӔЙЫ УАВӔР ФӔИВТА

10. а) Иоси куы амард, уӕд уавӕр куыд фӕивта ӕмӕ абон дӕр куыд фӕивы? ӕ) Йереми ахӕм уавӕрты цы арӕзта, уымӕ ӕркӕсын хорз цӕмӕн уаид?

10 Ахъуыды-ма кӕн, Йереми Иосийы мӕлӕты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ын куыд зын уыдаид! Фырмастӕй йыл хъарджытӕ дӕр скодта (2 Аз. 35:25). Иудӕйы ӕнӕуи дӕр змӕст рӕстӕг уыди, ӕмӕ ма йӕ алыварс бӕстӕты цы хабӕрттӕ цыд, уыдонӕй дӕр тӕссаг уыди. Египет, Ассири ӕмӕ Вавилон кӕрӕдзи хордтой, дуне кӕй къухы уыдзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ ма Иосийы мӕлӕты фӕстӕ Иудӕйы паддзахады дины уавӕр дӕр фӕивта. Кӕд раздӕр Йеремийӕн хорз рӕстӕг уыди лӕггад кӕнынӕн, уӕд ныр йе знӕгтӕ йӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Нӕ рӕстӕджы дӕр не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ахӕм уавӕрты бахауынц. Хуыцауӕн цасдӕр рӕстӕг сӕрибарӕй фӕлӕггад кӕнынц, фӕлӕ стӕй сӕ фӕдыл зилын райдайынц ӕмӕ сӕ хъусын кӕнын нал фӕуадзынц. Чи зоны, тагъд рӕстӕджы махӕй дӕр бирӕтӕ ахӕм уавӕры бахауой. Цымӕ уӕд куыд кӕндзыстӕм? Цы нӕ хъӕудзӕн аразын, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм? Йереми зындзинӕдты сӕрты куыд хызти, уый тыххӕй куы кӕсай, уӕд-иу ацы фарстатӕ дӕ зӕрдыл дар. Йӕ цӕвиттон дын дӕ ныфсыл ныфс бафтаудзӕн.

ИОСИ – ИУДӔЙЫ ИУЗӔРДИОН ПАДДЗӔХТӔЙ ФӔСТАГ

Ныв 26 фарсыл

Иоси Иудӕйы паддзах сси йӕ фыд Амоны мӕлӕты фӕстӕ. Уӕд ыл цыди аст азы. Ӕмӕ йыл 15 азы куы цыди, уӕд райдыдта Хуыцауы агурын ӕмӕ «цыди йӕ фыдӕл Давиды фӕндӕгтыл». 19-аздзыдӕй бавнӕлдта Иудӕйы ӕмӕ Израилы зӕхх мӕнгхуыцӕуттӕй ӕмӕ сын адӕм кӕм куывтой, уыцы бынӕттӕй сыгъдӕг кӕнынмӕ. 25 азы йыл куы цыд, уӕд та райдыдта Йегъовӕйы кувӕндон цалцӕг кӕнын (2 Пад. 21:19–22:2; 2 Аз. 34:2–8).

Кувӕндон цалцӕг кӕнгӕйӕ ссардтой Закъоны чиныг (ӕвӕццӕгӕн, Моисей йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уый) ӕмӕ йӕ Иосийӕн бакастысты. Ӕмӕ уӕд Иоси йӕхи Хуыцауы раз ӕрныллӕг кодта, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныккуыдта. Стӕй сауджынты, левитты ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, стырӕй-чысылӕй, ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй уыцы чиныджы фыст ныхӕстӕ уыдонӕн дӕр бакастаиккой. Библийы фыст ис, паддзах Йегъовӕимӕ бадзырд кӕй скодта, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, йӕ фӕдзӕхстытӕ [йын]... ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй ӕххӕст кӕндзынӕн». Уый фӕстӕ Иоси иннӕ рӕтты дӕр фесӕфта, мӕнгхуыцӕуттимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма паддзах стыр Куадзӕн скодта – Самуилы рӕстӕгӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн нӕ уыд (2 Аз. 34:14–35:19).

11. Иосийы мӕлӕты фӕстӕ Иудӕйы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

11 Иудӕйы цӕрджытӕ Иерусалимы паддзахӕй сӕвӕрдтой Иосийы фырт Иоахазы, хуыдтой ма йӕ Шаллум дӕр. Иоахаз паддзах уыди ӕрмӕстдӕр ӕртӕ мӕйы. Египеты паддзах Нехо вавилойнӕгтимӕ куы схӕцыди ӕмӕ фӕстӕмӕ хуссармӕ куы раздӕхт, уӕд ног паддзахӕн йӕ бартӕ байста ӕмӕ йӕ Египетмӕ уацары акодта. Йереми загъта, Иоахаз фӕстӕмӕ кӕй «нал ӕрбаздӕхдзӕн» (Йер. 22:10–12; 2 Аз. 36:1–4). Нехо йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдта Иоакимы, Иосийы иннӕ фырты. Иоаким йӕ фыдау иузӕрдион нӕ разынд. Уый йӕ фыды нӕ бафӕзмыдта ӕмӕ Иудӕйы зӕххӕй мӕнгхуыцӕутты фесафыныл нӕ бацархайдта, фӕлӕ ма сын йӕхӕдӕг дӕр куывта. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 23:36, 37.)

12, 13. а) Иоакимы хицаудзинады райдианы Иудӕйы паддзахады дины уавӕр куыд уыд? ӕ) Дзуттаг дины разамонджытӕ Йеремимӕ цы цӕстӕй кастысты?

12 Иоаким паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй кувӕндонмӕ ацыдаид ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕргом бауайдзӕф кодтаид. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ иугӕр Йегъовӕйы кувӕндон сӕ зӕххыл ис, уӕд сын тӕссаг ницӕмӕй у. Фӕлӕ сын Йереми загъта, зӕгъгӕ, сымах «давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг уадзут ӕмӕ цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл», ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзат, уӕд Йегъовӕ йӕ кувӕндоныл йӕ къух сисдзӕн. Загъта ма сын, кувӕндоны йын чи кувы, уыцы цӕстмӕхъустӕн дӕр сӕ хабар афтӕ кӕй уыдзӕн – хистӕр сауджын Илийы заман Силомы кувӕн цатыр куыд ныууагъта, афтӕ ныууадздзӕн уыдоны дӕр. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Иудӕйы зӕхх хъуамӕ «сафтид уыдаид, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестадаид» (Йер. 7:1–15, 34; 26:1–6)a. Ахъуыды-ма кӕн, Йеремийы уыцы хабар фехъусын кӕнынӕн цас хъӕбатырдзинад хъуыдаид! Кӕмӕн хъусын кодта, уыдоны ’хсӕн номдзыд ӕмӕ барджын адӕм дӕр куыннӕ уыдаид. Абон дӕр не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕты фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй уынджы хъусын кӕной кӕнӕ, хъӕздыг чи у йе та стыр бынат чи ахсы, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕной. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: Хуыцау Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ ӕххуыс кӕндзӕн махӕн дӕр (Дзут. 10:39; 13:6).

Ныв 28 фарсыл

13 Куыд федтам, афтӕмӕй Иудӕйы паддзахады дин ӕмӕ политикӕйы уавӕр сӕ хӕрзтӕй нӕ уыд. Ӕмӕ цымӕ ахӕм уавӕры дины разамонджытӕ, Йереми цы хабар хъусын кодта, уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Пехуымпар йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йӕ «сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм ӕрцахстой ӕмӕ загътой: „Дӕу амарын хъӕуы!“» Стӕй се ’ппӕты раз мӕстӕй тонгӕйӕ загътой: «Ацы адӕймагӕн хъӕуы мӕлӕты тӕрхон рахӕссын». (Бакӕс Йеремийы 26:8–11.) Фӕлӕ Йеремийы знӕгтӕн сӕ фыдвӕндӕй ӕппындӕр ницы рауад. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди йӕ пехуымпаримӕ ӕмӕ йӕ ирвӕзын кодта. Ӕмӕ кӕд афтӕ зынди, ӕмӕ Йеремийы знӕгтӕ бирӕ сты ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзысты, уӕддӕр Йереми нӕ фӕтарст. Ӕмӕ дӕу дӕр знӕгтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы.

Дӕумӕ гӕсгӕ, Манасси, Амон ӕмӕ Иосийы рӕстӕджытӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой? Йереми зындзинӕдты кӕй нӕ фӕцудыдта, уымӕй зондӕн цы райстай?

«НЫФФЫСС... ЦЫДӔРИДДӔР ДЗЫРДТОН, УЫДӔТТӔ»

14, 15. а) Иоаким цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Йереми ӕмӕ йӕ писыр Варух цавӕр хъуыддагмӕ бавнӕлдтой? ӕ) Иоаким цавӕр адӕймаг уыд? (Кӕс рамкӕ 33 фарсыл.)

14 Иоаким цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй ныффыстаид, Иосийы рӕстӕджы ӕмӕ йын уымӕй фӕстӕмӕ цыдӕриддӕр дзырдта, уыдӕттӕ. Ӕмӕ Йереми дӕр, фӕстаг 23 азы дӕргъы йын Йегъовӕ цы загъта, уыдон иууылдӕр йӕ писыр Варухӕн ныффыссын кодта. Йереми фехъусын кодта, 20 паддзахмӕ ӕмӕ сӕ паддзахӕдтӕм цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Йереми Варухӕн загъта, цӕмӕй уыцы тыхтоны фыст ныхӕстӕ Йегъовӕйы хӕдзары хъӕрӕй бакастаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Чи зоны, Иудӕйы адӕм, цы бӕллӕх ӕруадзинаг сыл дӕн, уый тыххӕй куы фехъусой, уӕд се ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзой, ӕмӕ сын уӕд сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзынӕн» (Йер. 25:1–3; 36:1–3).

15 Паддзах Иоакимы фӕсдзӕуин, тыхтоны цы ныхӕстӕ уыд фыст, уыдон куыд каст, афтӕ паддзах тыхтон гӕбазгай лыг кодта ӕмӕ йӕ пецы ӕппӕрста. Стӕй Иоаким бардзырд радта, цӕмӕй йӕм Йеремийы ӕмӕ Варухы ӕрбакодтаиккой. «Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ ӕмбӕхста». (Бакӕс Йеремийы 36:21–26.) Иоаким ахӕм фыдзонд кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты загъта, зӕгъгӕ, «хӕрӕджы мард куыд баныгӕнынц, афтӕ йӕ баныгӕндзысты: ахӕр-хӕр ӕй кӕндзысты ӕмӕ йӕ Иерусалимы кулдуӕртты ӕдде аппардзысты» (Йер. 22:13–19). Куыд хъуыды кӕныс, Йереми афтид ныхӕстӕ кодта?

16. Йереми цавӕр ныфсы хабар хъусын кодта?

16 Йереми ӕрмӕст тӕрхоны хабӕрттӕ нӕ хъусын кодта, фӕлӕ ныфсы хабар дӕр. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Израилы адӕмӕй ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны се знӕгтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, ӕмӕ уым ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты. Хуыцау ма загъта, йӕ адӕмимӕ «ног», «ӕнусон бадзырд» кӕй скӕндзӕн ӕмӕ сын йӕ закъон сӕ зӕрдӕты кӕй ныффысдзӕн, стӕй сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сын сӕ хъуыды дӕр кӕй нал ӕркӕндзӕн. Загъта ма сын, зӕгъгӕ, Давиды байзӕддаг «ацы зӕххыл архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ» (Йер. 31:7–9; 32:37–41; 33:15). Ацы ныхӕстӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой дӕсгай азтӕ ӕмӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр. Ӕмӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый ӕндавы абон нӕ цардыл дӕр, стӕй нӕ ныфс уадзы, фидӕны ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Фӕлӕ та Йеремийы бонтӕм нӕ хъус куы ӕрдарӕм, уӕд фендзыстӕм, Иудӕйы знӕгтӕ дарддӕр сӕ кӕнон кӕй кодтой – алчидӕр сӕ тох кодта, дуне йӕ къухы куыд уыдаид, ууыл. (Бакӕс Йеремийы 31:31, 33, 34; Дзуттӕгтӕм 8:7–9; 10:14–18.)

ВАВИЛОН ССИ ДУНЕОН ПАДДЗАХАД

17, 18. Иоакимы хицаудзинады фӕстаг азты ӕмӕ Седекийы хицаудзинады рӕстӕджы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

17 Н. э. размӕ 625 азы вавилойнӕгтӕ ӕмӕ египетӕгтӕ кӕрӕдзиимӕ схӕцыдысты Кархемисы, Евфраты цӕугӕдоны цур, Иерусалимӕй 600 километры цӕгатырдӕм. Паддзах Навуходоносор Египеты паддзах Нехойы ӕфсӕдты ныппырх кодта, ӕмӕ уыйадыл Египеты хъомысджын паддзахадӕн йӕ тых асаст (Йер. 46:2). Навуходоносор Иудӕйы паддзахадӕн йӕхи хицау скодта, ӕмӕ Иоаким ӕртӕ азы уыди йӕ дӕлбар, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ ныхмӕ рацыд (2 Пад. 24:1, 2). Ӕмӕ н. э. размӕ 618 азы Навуходоносор йе ’фсадимӕ Иудӕйы зӕхмӕ ӕрбабырста, ӕмӕ Иерусалимыл ӕртыхстысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы змӕст рӕстӕг суанг Хуыцауы пехуымпар Йеремийӕн дӕр куыд зын уыдаид. Иоаким, ӕвӕццӕгӕн, амард, вавилойнӕгтӕ горӕты алыварс куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕгb. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехони. Уый паддзах уыди ӕрмӕстдӕр ӕртӕ мӕйы ӕмӕ уый фӕстӕ йӕхи вавилойнӕгты къухмӕ радта. Навуходоносор, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕзнатӕ уыд, уыдон Вавилонмӕ ахаста ӕмӕ паддзах Йехонийы, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр, стӕй Иудӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын нӕлгоймӕгты ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджыты дӕр уацары акодта. Уацайрӕгты ’хсӕн уыдысты Данел, Ананийӕ, Мисаил ӕмӕ Азари дӕр (2 Пад. 24:10–16; Дан. 1:1–7).

18 Навуходоносор Иудӕйы паддзахӕй сӕвӕрдта Седекийы, Иосийы иннӕ фырты. Седеки уыди, Давиды хӕдзарвӕндагӕй зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй фӕстаг. Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыд, н. э. размӕ 607 азы, Иерусалим ӕмӕ кувӕндон пырхгонд куы ’рцыдысты, уӕд (2 Пад. 24:17). Седеки паддзах уыди 11 азы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Иудӕйы ӕдзухдӕр уыди змӕстытӕ. Стӕй сӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр ӕнцад нӕ уагътой – алкӕцыйы дӕр сӕ фӕндыди Иудӕйы паддзахад йӕ дӕлбар бакӕнын. Уӕдӕ Йеремийы йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарын хъуыди, пехуымпарӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцауыл.

ИОАКИМ – ПЕХУЫМПАРЫ ЧИ АМАРДТА, УЫЦЫ ПАДДЗАХ

Ныв 33 фарсыл

Иоаким Иудӕйы паддзах куы сси, уӕд ыл цыд 25 азы ӕмӕ паддзах уыди 11 азы. Иоакимы хъуыддӕгты тыххӕй дзырд цӕуы 2 Азфыстыты 36:5–8. Уый ӕнӕуи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ кодта, фӕлӕ алыхуызон «ӕлгъаг митӕ». Иоаким Йеремийы ныхӕстӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дардта. Уый арӕзта хӕрам хъуыддӕгтӕ, адӕмы стыгъта ӕмӕ ӕнаххос туг калдта. Пехуымпар Ури дӕр хъусын кодта, Йереми цы хабар хъусын кодта, ахӕм хабар, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Иоаким амарын кодта. Иоаким йӕхӕдӕг та, ӕвӕццӕгӕн, амард, вавилойнӕгтӕ Иерусалимы алыварс куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕг (Йер. 22:17–19; 26:20–23).

19. Йереми цы хабар хъусын кодта, уымӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм цы цӕстӕй кастысты ӕмӕ дын уый зонын цы пайда у?

19 Дӕхи-ма Йеремийы бынаты сӕвӕр. Иосийы заманӕй фӕстӕмӕ Йереми уыдта, Хуыцауы адӕм куыд тыхст уавӕры уыдысты, иннӕ адӕмтӕ сӕ ӕнцад кӕй нӕ уагътой, уый тыххӕй. Стӕй ма уыдта, Иудӕйы адӕм Хуыцауы кӕй ницӕмӕ дардтой, уый дӕр. Фӕлӕ Йереми зыдта, хабар ноджы ӕвзӕрдӕр кӕй уыдзӕн. Кӕм райгуырд, уыцы горӕты цӕрджытӕ йын дзырдтой: «Йегъовӕйы номӕй ма дзур, кӕннод дӕ ныммардзыстӕм» (Йер. 11:21). Йеремийы ныхӕстӕ куы сӕххӕст сты, суанг ын уӕд дӕр Иудӕйы адӕм загътой: «Йегъовӕйы номӕй нын цы загътай, уымӕ мах нӕ байхъусдзыстӕм» (Йер. 44:16). Фӕлӕ Йереми ӕмбӕрста, адӕмы цард ӕрдуйыл кӕй лӕууыд. Ӕмӕ хабар абон дӕр афтӕ у. Йереми цы хабар хъусын кодта, уый уыд Йегъовӕйӕ, ӕмӕ ды цы хабар хъусын кӕныс, уый дӕр Хуыцауӕй у. Уӕдӕ уыцы азты дӕргъы, цалынмӕ Иерусалим пырхгонд не ’рцыд, уӕдмӕ, Йегъовӕ йӕ пехуымпары куыд хъахъхъӕдта, уый дӕ бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы зынгзӕрдӕйӕдӕр хъусын кӕнай.

Иоакимы рӕстӕджы Йереми куыд архайдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йереми нӕ рӕстӕджы тыххӕй цавӕр диссаджы пехуымпар-ныхас загъта?

ПАДДЗӔХТЫ ХӔДЗАРВӔНДАГӔН ЙӔ ФӔСТАГ БОНТӔ

20. Йеремийӕн Седекийы хицаудзинады рӕстӕджы пехуымпарӕй лӕггад кӕнын уӕлдай зын цӕмӕн уыди? (Кӕс рамкӕ 37 фарсыл.)

20 Йеремийӕн пехуымпарӕй лӕггад кӕнын ӕппӕты зындӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыди, Седеки куы уыди паддзах, уӕд. Йӕ размӕ паддзӕхтӕй бирӕтау уый дӕр «арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый» (Йер. 52:1, 2). Седеки уыди вавилойнӕгты дӕлбар ӕмӕ йӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йегъовӕйы номӕй расомы кӕнын кодта, йӕ ныхасмӕ йын кӕй хъусдзӕн. Фӕлӕ Седеки ӕппынфӕстаг йӕ ныхмӕ рацыди. Уыцы рӕстӕг Йеремийы йе знӕгтӕ ууыл ардыдтой, цӕмӕй семӕ иумӕ Вавилоны паддзахы ныхмӕ рацыдаид (2 Аз. 36:13; Йез. 17:12, 13).

21–23. а) Седекийы рӕстӕджы Иудӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ куыд систы? ӕ) Йереми адӕмӕн цы дзырдта, уый тыххӕй йын цы бакуыстой ӕмӕ уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

21 Куыд зыны, афтӕмӕй, Седеки паддзах куы сси, уымӕй цасдӕры фӕстӕ Иерусалиммӕ Едомы, Моавы, Аммоны, Тиры ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕ сӕ минӕвӕрттӕ ӕрбарвыстой. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй Иудӕйы цӕрджытӕ семӕ баиу уыдаиккой ӕмӕ иумӕ Навуходоносоримӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ Йереми Седекийы бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕхи Вавилоны паддзахы дӕлбар бакодтаид. Ӕмӕ Седекимӕ чи ӕрбацыд, уыцы минӕвӕрттӕн арвыста ӕфсондзтӕ, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, сӕ бӕстӕтӕ дӕр Вавилоны паддзахӕн кӕй лӕггад кӕндзысты (Йер. 27:1–3, 14)c. Йереми цы дзырдта, уый адӕмы зӕрдӕмӕ ӕнӕуи дӕр нӕ цыди, ӕмӕ ма йын Ананийӕ дӕр йӕ уавӕр ноджы зындӕр фӕкодта. Ананийӕ уыди мӕнг пехуымпар ӕмӕ йын цыма Йегъовӕ загъта, афтӕ стыр дзыхӕй дзырдта, зӕгъгӕ, вавилойнӕгты ӕфсондз саст ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта, уыцы фӕлитой, иу аз дӕр нӕ рацӕудзӕн, афтӕмӕй кӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (Йер. 28:1–3, 16, 17).

22 Иудӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ систы – иутӕ разы уыдысты, Вавилоны дӕлбар уыдаиккой, ууыл, иннӕтӕ та адӕмы Вавилоны паддзахы ныхмӕ кодтой. Н. э. размӕ 609 азы Седеки египетӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидти ӕмӕ афтӕмӕй вавилойнӕгты ныхмӕ рацыди. Йеремийы хъуыди, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕрыл чи тох кодта, уыцы змӕнтджыты ныхмӕ фидар лӕууын (Йер. 52:3; Йез. 17:15). Навуходоносор йе ’фсӕдтимӕ фӕстӕмӕ Иудӕмӕ ’рцыд, цӕмӕй змӕнтджыты ныссабыр кодтаид. Иудӕйы горӕттӕ иууылдӕр бацахстой ӕмӕ та ногӕй Иерусалимыл ӕртыхстысты. Уыцы змӕст рӕстӕг Йереми Седекийӕн фехъусын кодта, вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй басӕтдзысты. Горӕты чи баззадаид, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт, уырдыгӕй чи рацыдаид ӕмӕ йӕхи халдейты къухмӕ чи радтаид, уыдон та удӕгасӕй баззадаиккой. (Бакӕс Йеремийы 21:8–10; 52:4.)

23 Иудӕйы кънйӕзтӕ Йеремийӕ дзырдтой, вавилойнӕгты фарс у, зӕгъгӕ. Йереми сын куы загъта, хабар афтӕ кӕй нӕу, уӕд ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодтой (Йер. 37:13–15). Фӕлӕ Йереми дарддӕр дӕр Йегъовӕйы тӕрхӕтты тыххӕй ӕргом дзырдта. Уымӕ гӕсгӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ Седекийы хъусы бацагътой, Йеремийы амарын хъӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр сӕ фӕндыл сразы. Ӕмӕ пехуымпары, раздӕр дон кӕм уыди, уыцы дзыхъхъы ныппӕрстой, цӕмӕй уым цъыфы ныммардаид. Фӕлӕ йӕ ефиопаг Авдемелех, паддзахы фӕсдзӕуин, фервӕзын кодта (Йер. 38:4–13). Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы адӕм арӕх тӕссаг уавӕры бахауынц, политикӕйы ӕмӕ сӕ алыхуызон змӕстыты архайын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Уӕдӕ дын Йеремийы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ фидар фӕлӕууай.

СЕДЕКИ – ИУДӔЙЫ МЫГГАГӔЙ ФӔСТАГ ПАДДЗАХ ЗӔХХЫЛ

Ныв 37 фарсыл

Седеки уыди тӕппуд адӕймаг, йӕхи хъуыды йын нӕ уыд, фӕлӕ царди йӕ кънйӕзты зондӕй. Вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл фӕстаг хатт куы ’ртыхстысты, уӕд Седеки Йеремимӕ арвыста, Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый базонынмӕ. Фӕлӕ йын афтӕ куы загъта, дӕхи сӕ къухмӕ ратт, зӕгъгӕ, уӕд ӕм нӕ байхъуыста. Йеремийы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта (Йер. 21:1–9; 32:1–5). Фӕлӕ-иу уӕддӕр йемӕ уынаффӕ кодта, ӕрмӕст ӕй Иудӕйы кънйӕзтӕ куыд нӕ базыдтаиккой ӕмӕ йӕм куыд не смӕсты уыдаиккой, афтӕ. Уыцы кънйӕзтӕ Йеремийы марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд паддзах семӕ уайтагъд сразы: «Уыцы лӕг уӕ къухы ис. Паддзахӕн уӕ ныхмӕ ӕрлӕууын йӕ бон нӕу». Хуыцау Йеремийы мӕлӕтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд дӕр та паддзах йемӕ уынаффӕ кодта ӕмӕ йын ӕргом загъта, тӕрсын, Хуыцаумӕ куы байхъусон, уӕд мын адӕм фыдмитӕ куы бакӕной, зӕгъгӕ (Йер. 37:15–17; 38:4, 5, 14–19, 24–26).

Фӕлӕ Седеки уӕддӕр Йеремийы раз йӕхи «не ’рныллӕг кодта». Уый «нӕ састи, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ раздӕхт» (2 Аз. 36:12, 13; Йез. 21:25).

24. Радзур, н. э. размӕ 607 азы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй.

24 Н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалимы къул батыдтой ӕмӕ горӕт басастой. Навуходоносоры ӕфсӕдтӕ Йегъовӕйы кувӕндон басыгътой ӕмӕ горӕты къултӕ ныппырх кодтой, Иудӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты та амардтой. Седеки лидзынмӕ бӕргӕ хъавыд, фӕлӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Вавилоны паддзахы размӕ ӕрбакодтой. Навуходоносор Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амарын кодта, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахта, сбаста йӕ ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта (Йер. 39:1–7). Ӕцӕгдӕр, Йереми Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сӕххӕст сты. Хуыцауы пехуымпар, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ’рцыд, ууыл цин нӕ кодта, фӕлӕ мастӕй йӕхи хордта. Уыцы рӕстӕг ын куыд зын уыди, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы, Йеремийы хъарӕджы чиныджы. Ацы чиныг куы кӕсай, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ ма бацагайа.

ИУДӔЙЫ МА ЧИ БАЗЗАД, УЫДОНЫ ’ХСӔН ЛӔГГАД КӔНЫ

25, 26. а) Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый фӕстӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд? ӕ) Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ дӕр Иудӕйы адӕм Йеремийы ныхӕстӕм цы цӕстӕй кастысты?

25 Ацы ӕвирхъау хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уӕд Йереми цы баци? Иерусалимы кънйӕзтӕ йӕ ’рцахстой, фӕлӕ йӕм вавилойнӕгтӕ хорз цӕстӕй ракастысты ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодтой. Фӕстӕдӕр Иудӕйы цӕрджытӕй кӕйдӕрты уацары куы акодтой, уӕд Йереми дӕр се ’хсӕн бахауд, фӕлӕ йӕ стӕй фӕстӕмӕ ауагътой. Хуыцауы хъуыддаджы йӕм нырма бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ каст – Иудӕйы зӕххыл ма чи баззад, уыдонӕн ӕй хъуыди ӕххуыс кӕнын. Навуходоносор уым хицауӕй сӕвӕрдта Гедалийы ӕмӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, цалынмӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕной, уӕдмӕ сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ сызмӕстой ӕмӕ Гедалийы амардтой (Йер. 39:13, 14; 40:1–7; 41:2). Йереми адӕмӕн дзырдта, зӕгъгӕ, ацы зӕххыл цӕргӕйӕ баззайут ӕмӕ Вавилоны паддзахӕй ма тӕрсут. Фӕлӕ Иудӕйы разамонджытӕ загътой, Йереми мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны, ӕмӕ Египетмӕ алыгъдысты. Йереми ӕмӕ Варухы дӕр семӕ тыхӕй акодтой. Фӕлӕ Хуыцау Йеремийы уылты загъта, Навуходоносор Египетмӕ дӕр кӕй бабырсдзӕн, кӕй йӕ басӕтдзӕн ӕмӕ, Иудӕйы адӕмӕй уырдӕм чи алыгъд, уыдоны дӕр кӕй фӕцӕгъддзӕн (Йер. 42:9–11; 43:1–11; 44:11–13).

26 Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй та ацы хатт дӕр Иудӕйы адӕм Хуыцауы ӕцӕг пехуымпары ныхасмӕ нӕ байхъуыстой. Цӕуылнӕ? Уыдон загътой: «„Уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг куы нал уадзӕм ӕмӕ йын кувинаг нозт куы нал хӕссӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ та алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафӕм ӕмӕ хъамайӕ ӕмӕ ӕххормагдзинадӕй сӕфӕм» (Йер. 44:16, 18). Иуӕй, ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг адӕм куыд фыдзонд систы, уый. Иннӕмӕй та нын ацы хабар нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы, уымӕн ӕмӕ уынӕм, ӕнӕххӕст адӕймагӕн ӕнӕхуыцау адӕмы ’хсӕн дӕр йӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын!

27. Йереми пехуымпарӕй фӕстаг азтӕ куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй цы зонӕм?

27 Йереми фӕстаг хатт цы хабары тыххӕй ныффыста, уый ӕрцыд н. э. размӕ 580 азы – Навуходоносоры фӕстӕ паддзах чи сси, уыцы Евилмеродах Йехонийы ахӕстонӕй ссӕрибар кодта (Йер. 52:31–34). Уыцы рӕстӕг Йеремийыл цыдаид 90 азы. Йереми куыд ӕмӕ кӕд амард, уый тыххӕй бӕлвырд ницы зонӕм. Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ царды фӕстаг бонтӕ арвыста Египеты ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Йереми пехуымпарӕй лӕггад кодта 67 азы бӕрц. Иуцасдӕр лӕггад кодта, паддзӕхтӕ адӕмы ӕргом ӕцӕг Хуыцаумӕ раздахыныл куы архайдтой, уыцы рӕстӕг, ӕмӕ стӕй бирӕ азты дӕргъы та, йӕ алыварс адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд. Йереми кӕмӕн хъусын кодта, уыдоны ’хсӕн, Хуыцауӕй чи тарст ӕмӕ пехуымпары ныхӕстӕм чи хъуыста, ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр уыди. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр сӕ фылдӕр нӕ хъуыстой, суанг ма йӕм знаджы цӕстӕй дӕр кастысты. Уӕдӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы уыди? Ницы хуызы! Йегъовӕ йын суанг райдианӕй дзырдта: «Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ... „Ӕз демӕ дӕн“» (Йер. 1:19). Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕнынц, Йереми цы куыст кодта, ахӕм куыст. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, мах цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ дӕр адӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсдзысты. (Бакӕс Матфейы 10:16–22.) Уӕдӕ Йеремийы цӕвиттонӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Ӕмӕ мах дӕр нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.

Седеки ӕмӕ йӕ адӕм Йеремийы ныхасмӕ куы нӕ байхъуыстой, уӕд цы ’рцыд? Куыд хъуыды кӕныс, Йереми цавӕр адӕймаг уыди?

a Йеремийы 7:1–15 ӕмӕ 26:1–6 ӕмхуызон хъуыдытӕ кӕй ис фыст, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ дыууӕ скъуыддзаджы дӕр иу хабары кой цӕуы.

b Данелы 1:1, 2 фыст ис, Иоаким Навуходоносоры къухмӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Куыд зыны, афтӕмӕй Данел Иоакимы хицаудзинады рӕстӕг нымадта, Иудӕ Вавилоны дӕлбар куы баци, уӕдӕй. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ паддзах амард, вавилойнӕгтӕ горӕты алыварс куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕг. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй ӕппынфӕстаг Иерусалим басастой. Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, Навуходоносор Иоакимы амардта ӕмӕ йын йӕ мард Иерусалимы ӕдде аппӕрста, ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззад. Фӕлӕ Йереми Иоакимы мӕлӕты тыххӕй цы пехуымпар-ныхас загъта, уый ӕцӕгдӕр куыд сӕххӕст, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (Йер. 22:18, 19; 36:30).

c Йеремийы 27:1 Иоакимы кой кӕй цӕуы, уый, ӕвӕццӕгӕн, у рӕдыд, уымӕн ӕмӕ уыцы сӕры 3 ӕмӕ 12 стихты Седекийы кой цӕуы. Уыцы рӕдыд бахастаиккой, Библийы чингуытӕ-иу чи рафыста, уыдон.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын