ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ПЕТРЫ 3–5
«Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон»
Тагъд райдайдзӕн, ныронг чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр нӕ уырнындзинад фидар уа?
Ӕппынӕдзухдӕр кув, кув алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарз ӕмӕ семӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕн
Уазӕгуарзон у
АХЪУЫДЫ КӔН: бынӕттон чырыстӕттӕм ӕмӕ, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм мӕ бон цавӕр уавӕрты у уарзондзинад ӕмӕ уазӕгуарзондзинад равдисын?