Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w22 декабрь 14 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кодта рагзаманты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Скадджын кӕнӕм иумӕ Йегъовӕйы ном
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
w22 декабрь 14 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Давид Псалом 61:8 стихы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд загъта, Хуыцауы номӕн кӕй зардзӕн «ӕнустӕм». Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ никуы амӕлдзӕн?

Паддзах Давид хъисфӕндырыл цӕгъды ӕмӕ зары

Нӕ, Давид афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уыцы ныхӕстӕ кӕй загъта, уымӕй ницы фӕрӕдыд.

Фенӕм-ма, ацы стихы ӕмӕ ӕндӕр стихты цы загъта, уый: «Ӕз... ӕнустӕм зардзынӕн дӕ номӕн, цӕмӕй мӕ сомытӕ алы бон дӕр ӕххӕст кӕнон»; «о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз дӕ кадджын кӕнын ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн»; «дӕ ном дын кадджын кӕндзынӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Пс. 61:8; 86:12; 145:1, 2).

Давид афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ никуы амӕлдзӕн. Уый зыдта, Йегъовӕ кӕй загъта, тӕригъӕд мӕлӕтмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр тӕригъӕдджын кӕй у (Райд. 3:3, 17–19; Пс. 51:4, 5). Зыдта ма, Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, уыцы адӕймӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков, кӕй амардысты ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр иу бон кӕй амӕлдзӕн (Пс. 37:25; 39:4). Фӕлӕ, Псаломы 61:8 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Давиды кӕй фӕндыд Хуыцауы ӕнустӕм кадджын кӕнын, ома цӕрӕнбонты, цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ (2 Сам. 7:12).

Давид цы псаломтӕ ныффыста, уыдонӕй иуӕй-иуты кӕны йӕхи царды хабӕртты кой. Уый бӕрӕг у 18-ӕм, 51-ӕм ӕмӕ 52-ӕм псаломты разныхӕстӕй. 23-ӕм псаломы Йегъовӕйы схуыдта фыййау. Загъта, разамынд ын кӕй дӕтты, хъарутӕ дзы кӕй бауадзы ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕны. Давид йӕхӕдӕг дӕр ахӕм фыййау уыд. Ӕмӕ йӕ фӕндыд Хуыцауӕн «цӕрӕнбонты» лӕггад кӕнын (Пс. 23:6).

Хъуамӕ ма нӕ зӕрдыл дарӕм, Давидӕн Йегъовӕ кӕй ныффыссын кодта, псаломты цы ныффыста, уыдӕттӕ иууылдӕр. Йӕ псаломты ис пехуымпарӕдтӕ дӕр, ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой фидӕны. Зӕгъӕм, 110-ӕм псаломы ныффыста, йӕ Хицау уӕлӕрвты кӕй баддзӕн Хуыцауы «рахиз фарс» ӕмӕ йын стыр бартӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Цӕмӕн? Цӕмӕй Хуыцауы знӕгты йӕ дӕлбар бакӕна ӕмӕ адӕмтӕн стӕрхон кӕна. Давиды хӕдзарвӕндагӕй рацыд Мессийӕ. Уый хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаид уӕлӕрвтӕй ӕмӕ уыдаид «сауджын ӕнустӕм» (Пс. 110:1–6). Ӕмӕ Йесо Чырысти загъта, 110-ӕм псаломы цы пехуымпарад ис, уый уымӕ кӕй хауы ӕмӕ фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Матф. 22:41–45).

Уӕдӕ Давид ныффыста, йӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй дӕр ӕмӕ фидӕны тыххӕй дӕр, ома, куы райгас уа ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнустӕм куы кадджын кӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Псаломы 37:10, 11, 29 стихты фыст ис, рагон Израилы цард цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй дӕр ӕмӕ, фидӕны Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы сӕххӕст кӕна, уӕд ӕнӕхъӕн зӕххыл цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр. (Кӕс ацы номыры статья «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты», 8 абзац.)

Псалом 61:8 стих ӕмӕ ӕндӕр ахӕм стихтӕ ӕвдисынц, Давиды кӕй фӕндыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын, цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ. Стӕй ма уыцы стихтӕй базонӕн ис, фидӕны Йегъовӕ Давиды куы райгас кӕна, уӕд Давидӕн йӕ бон цы уыдзӕн аразын, уый дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын