Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 декабрь 20–25 фф.
  • Йегъовӕйӕ дӕ цӕссыгтӕй иу дӕр рох нӕу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйӕ дӕ цӕссыгтӕй иу дӕр рох нӕу
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИСЧИ НЫН КУЫ АМӔЛА
  • ИСЧИ НЫЛ ГАДЗРАХАТӔЙ КУЫ РАЦӔУА
  • НЫФС НӔ КУЫ НИЦӔМӔЙУАЛ УА
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ дын зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Иунӕг никуы вӕййӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 декабрь 20–25 фф.

51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

Йегъовӕйӕ дӕ цӕссыгтӕй иу дӕр рох нӕу

«Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр. Дӕ чиныджы фыст не сты?» (ПС. 56:8).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, нӕ зӕрдӕ истӕуыл куы фӕриссы, уӕд нӕ Йегъовӕ хорз фембары ӕмӕ фӕзоны, нӕ зӕрдӕ нын куыд ӕрсабыр кӕна, уый.

1, 2. Адӕймаг арӕх цавӕр уавӕрты фӕкӕуы?

ЦӔССЫГ цы у, уый нӕ алчидӕр зоны. Исты цины хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд нӕ цӕссыг нӕ бауромӕм. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, фырцинӕй дӕ зӕрдӕ куыд суынгӕг, зӕгъӕм, сывӕллон дын куы райгуырд, дӕ цардӕй цавӕрдӕр ӕхсызгон хабар дӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууыд кӕнӕ, бирӕ азты дӕргъы кӕй нӕ федтай, уыцы ӕмбалимӕ куы фембӕлдтӕ, уӕд.

2 Фӕлӕ нӕ цӕссыгтӕ арӕхдӕр вӕййынц масты цӕссыгтӕ. Кӕмӕйдӕр тынг куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд нын афтӕ зын вӕййы, ӕмӕ кӕугӕ дӕр фӕкӕнӕм. Фӕкӕуӕм, цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын куы вӕййӕм ӕмӕ фыррыстӕй нӕ бон куы нал вӕййы, уӕд. Кӕнӕ судзгӕ цӕссыг фӕкалӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Раджы заман вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы басастой, уӕд пехуымпар Йере́ми дӕр афтӕ маст кодта. Уый загъта: «Мӕ цӕссыг лӕсӕнтӕ кӕны. Мӕ цӕстытӕ цӕугӕдӕттӕ фестадысты, басабыр кӕнӕн ӕмӕ сын бауромӕн нал ис» (Йер. хъ. 3:48, 49).

3. Йегъовӕ цы фенкъары, йӕ лӕггадгӕнджытӕн зын куы вӕййы, уӕд? (Исай 63:9).

3 Йегъовӕ зоны, цас цӕссыг фӕкалдтам, зын нын-иу куы уыд, уӕд. Библийы фыст ис, йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй алцыдӕр кӕй зоны. Зын уавӕры куы вӕййӕм, уӕд уый дӕр фӕуыны. Ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзыназӕм, уӕд нӕ фехъусы (Пс. 34:15). Фӕлӕ нӕ ӕрмӕст уынгӕ ӕмӕ хъусгӕ нӕ кӕны. Уый у нӕ Фыд ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Ӕмӕ нын нӕ цӕссыгтӕ куы фены, уӕд ныл йӕ зӕрдӕ фӕриссы. Ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. (Бакӕс Исайы 63:9.)

4. Библийӕ кӕй цӕвиттонтыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы базондзыстӕм?

4 Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ цы фенкъары ӕмӕ цы саразы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ истӕй тыххӕй куы фӕкӕуынц, уӕд. Ӕркӕсдзыстӕм Аннӕйы, Давиды ӕмӕ паддзах Езекийы хабӕрттӕм. Кӕцыдӕр уавӕрты цӕмӕн куыдтой? Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта? Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ удӕнцойы хос куыд фӕуыдзысты, исчи нын куы амӕла, исчи ныл гадзрахатӕй куы рацӕуа кӕнӕ нӕ ныфс куы ницӕмӕйуал уа, уӕд?

ИСЧИ НЫН КУЫ АМӔЛА

5. Аннӕ цавӕр зын уавӕры уыд ӕмӕ цы ӕнкъардта?

5 Аннӕйӕн цалдӕр хъуыддаджы уыдысты масты хос. Йӕ лӕгӕн ма уыди ӕндӕр ус дӕр, Фенна́нӕ, ӕмӕ дзы уый йӕ удхӕссӕг уыдта. Ӕмӕ ма ӕрмӕст уый куы уыдаид, фӕлӕ ма Аннӕйӕн цот дӕр нӕ цыд. Феннанӕйӕн та цалдӕр сывӕллоны уыд (1 Сам. 1:1, 2). Ӕмӕ, Аннӕ ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй дзы Феннанӕ хынджылӕг кодта. Ды ахӕм уавӕры цы ӕнкъардтаис? Аннӕйӕн «йӕ зӕрдӕ маст сыгъта», гъемӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта» (1 Сам. 1:6, 7, 10).

6. Аннӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдаид?

6 Цымӕ Аннӕйӕн цы баххуыс кодта? Уый ацыд, израилӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы цатырмӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, цатыры кӕртӕн йӕ бахизӕнмӕ хӕстӕг «Йегъовӕмӕ кувын райдыдта, ӕмӕ судзгӕ цӕссыг калдта». Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ, дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕс ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕн (1 Сам. 1:10б, 11). Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ йын фӕдзырдта. Йегъовӕйӕн йӕ зынаргъ чызджы цӕссыгтӕ уынгӕйӕ куыд зын уыдаид!

7. Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕйы уаг куыд фӕивта, Йегъовӕимӕ куы аныхас кодта, уӕд?

7 Аннӕ Йегъовӕимӕ куы аныхас кодта, уый фӕстӕ ма йын хистӕр сауджын И́лий дӕр ныфсытӕ бавӕрдта. Уыдӕтты фӕстӕ Аннӕйӕн тынг фенцон. Ӕмӕ уырдыгӕй куы рацыд, «уӕд хӕргӕ дӕр бакодта, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:17, 18). Кӕд йӕ уавӕр нӕма фӕивта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Аннӕ йӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдта. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ байхъуыста ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст бамбӕрста. Фӕстӕдӕр та йын раарфӕ кодта, ӕмӕ Аннӕйӕн цот рацыд (1 Сам. 1:19, 20; 2:21).

8, 9. Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕм гӕсгӕ, ӕмбырдтӕм цӕуын ахсджиаг цӕмӕн у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Гӕнӕн ис, ды дӕр цӕуылдӕр афтӕ маст кӕныс, ӕмӕ кӕугӕ дӕр фӕкӕныс. Чи зоны, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕр амард. Ахӕм рӕстӕг адӕймаджы арӕх фӕфӕнды иунӕгӕй баззайын. Фӕлӕ-ма Аннӕйы ӕрхъуыды кӕнӕм. Уый ацыд Йегъовӕйы цатырмӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ уым йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Ды дӕр-иу ӕмбырдмӕ ацу, цыфӕнды зын дын куы уа, уӕддӕр. Ӕмӕ-иу дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн ӕмӕ-иу дӕ ныфс бауадздзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Ӕмбырдты фехъусӕм, чи нӕ бафидар кӕны, ахӕм стихтӕ. Афтӕмӕй нын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уӕззау хъуыдытӕй гыццыл фервӕзӕм. Уый фӕрцы нын фенцондӕр вӕййы, кӕд нӕ зӕрдӕйы рыст уайтагъд не ’рсабыр вӕййы, уӕддӕр.

9 Не ’мбырдты ма нӕ бафидар кӕнынц нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр. Уыдон нын нӕ рыст сӕ зӕрдӕмӕ арф айсынц ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, ӕмӕ нын фенцондӕр вӕййы (1 Фес. 5:11, 14). Иу сӕрмагонд пионерӕн йӕ бинойнаг фӕзиан. Уый загъта: «Тынг ӕй мысын. Хатт мӕ фӕфӕнды иунӕгӕй баззайын. Ӕмӕ сбадын ӕмӕ богъ-богъӕй фӕкӕуын. Фӕлӕ мын ӕмбырдтӕ стыр ныфсы хос сты. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕ сӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ дзуаппытӕй бафидар кӕнынц. Ӕмбырдмӕ уӕззау зӕрдӕимӕ куы ’рбацӕуын, уӕддӕр мын уым алкӕддӕр фенцондӕр вӕййы». Уӕдӕ-иу ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уылты баххуыс кӕндзӕн.

Паддзахады залы ацӕргӕ ӕфсымӕр ӕнкъардӕй бады, ӕмӕ йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ныфсытӕ ӕвӕрынц.

Истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ бафидар кӕнынц (кӕс 8, 9 абзацтӕ)


10. Зӕрдӕрыст куы уӕм, уӕд нын Аннӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Аннӕйӕн ма ноджыдӕр цы баххуыс кодта? Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ, цӕуыл маст кодта, уый йын радзырдта. Ӕмӕ-иу ды дӕр Йегъовӕмӕ кув. Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут» (1 Пет. 5:7). Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дӕ фехъусдзӕн, ууыл. Иу хойӕн йӕ лӕджы амардтой. Уый загъта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ базгъӕлӕнтӕ ӕмӕ мӕ хъӕлӕсыдзаг никуыуал ныххуддзынӕн. Фӕлӕ-иу мӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыдмӕ куы скуывтон, уӕд-иу мын фенцондӕр. Хатт ын мӕ бон бамбарын кӕнын дӕр нӕ уыд, цы ӕнкъардтон, уый. Фӕлӕ мӕ уый ӕмбӕрста. Бынтон зын-иу мын куы уыд, уӕд-иу Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй-иу мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид. Ӕмӕ-иу мын уайтагъд фенцондӕр, тыхтӕ та-иу мӕм фӕзынд». Рох дӕ ма уӕд: цӕуыл маст кӕныс, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн цӕссыгкалгӕйӕ куы фӕдзурыс, уӕд дӕ хорз фембары ӕмӕ дыл йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссы. Ӕмӕ уавӕр куы нӕ фӕива, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна ӕмӕ дын удӕнцой ратта (Пс. 94:19; Фил. 4:6, 7). Йегъовӕ уыны, иузӕрдион ыл кӕй дӕ, ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Дзут. 11:6).

ИСЧИ НЫЛ ГАДЗРАХАТӔЙ КУЫ РАЦӔУА

11. Давид цавӕр зын уавӕрты бахауд ӕмӕ-иу цы ӕнкъардта?

11 Давид дӕр бирӕ цӕссыг фӕкалдта. Чидӕртӕ дзы се сӕфт уыдтой. Стӕй йыл суанг йе ’мбӕлттӕй ӕмӕ йӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ гадзрахатӕй рацыдысты (1 Сам. 19:10, 11; 2 Сам. 15:10–14, 30). Иуафон уыйонг сси, ӕмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕ уды хъӕрзынӕй мӕ бон нал у, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв мӕ сынтӕг мӕ цӕссыгӕй ӕхсын, мӕ цӕссыгӕй мӕ хуыссӕн ныххуылыдз вӕййы». Давидӕн афтӕ зын цӕмӕн уыд? «Ме знӕгты тыххӕй», дам (Пс. 6:6, 7). Иннӕтӕ йын ахӕм маст кӕй бавзарын кодтой, уый йын афтӕ зын уыд, ӕмӕ куыдта ӕмӕ куыдта.

12. Псалом 56:8 стихмӕ гӕсгӕ, Давид фидарӕй цы зыдта?

12 Кӕд Давидӕн йӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы. Уый ныффыста: «Йегъовӕ мын фехъусдзӕн мӕ кӕуын» (Пс. 6:8). Ӕндӕр хатт та рӕсугъд ныхӕстӕй равдыста, Йегъовӕйӕн куыд зынаргъ стӕм, уый. Уыцы ныхӕстӕ фыст сты Псаломы 56:8 стихы. (Бакӕс ӕй.) Давид загъта, Йегъовӕ йын йӕ цӕссыгтӕ лалымы кӕй ӕмбырд кӕны ӕмӕ сӕ йӕ чиныджы кӕй фыссы. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Давид зыдта, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд кӕй уыны, куыд маст кӕны, уый ӕмӕ дзы рох кӕй ницы у. Йегъовӕ йын ӕрмӕст йӕ зындзинӕдтӕ нӕ уыдта. Фӕлӕ ма зыдта, цы зӕрдӕрыст бавзӕрста, уый дӕр.

13. Искӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм кӕнӕ ныл исчи гадзрахатӕй куы рацӕуа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Мыййаг, искӕмӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕ? Кӕнӕ, тынг кӕуыл ӕууӕндыдтӕ, ахӕм адӕймаг дыл гадзрахатӕй рацыд? Чи зоны, дӕ цард баиу кӕнынмӕ кӕимӕ хъавыдтӕ, уый дӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ныууагъта. Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ цардӕмбал ныууагъта. Йе та, гӕнӕн ис, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕр Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны. Ахӕм хабӕрттӕ адӕймагӕн стыр рыст бавзарын кӕнынц. Иу ӕфсымӕрыл йӕ ус гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ йӕ стӕй ныууагъта. Уыцы ӕфсымӕр афтӕ загъта: «Арвы цӕфау фӕдӕн, уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кодта. Мӕхимӕ цыдӕр ницӕйаг ӕркастӕн. Хатт-иу мӕстӕй рафыхтӕн, хатт та-иу тынг ӕрӕнкъард дӕн». Кӕд дӕуыл дӕр исчи гадзрахатӕй рацыд кӕнӕ дӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта, уӕд ӕй зон: Йегъовӕ дӕ никуы ныууадздзӕн! Уыцы ӕфсымӕр ма загъта: «Иу цыдӕр бамбӕрстон. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дыл адӕймаг йӕ зӕрдӕ сива. Фӕлӕ дыл Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн. Цыфӕнды ма ’рцӕуа,– алкӕддӕр уыдзӕн дӕ фарсмӕ. Уый у нӕ Къӕдзӕх. Иузӕрдион ыл чи у, уыдоны никуы ныууадздзӕн» (Пс. 37:28). Стӕй дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕйы хуызӕн дӕ иу адӕймаг дӕр нӕ уарзы. Кӕд дыл ахӕм хабар ӕрцыд, уӕддӕр дӕм Йегъовӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын нӕ райдыдта (Ром. 8:38, 39). Рох дӕ макуы уӕд: кӕд дын чидӕр дӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕриссын кодта, уӕддӕр дӕ дӕ уӕларвон Фыд уарзы.

Йӕ ус кӕй ныууагъта, уыцы ӕфсымӕр хъуыдыты ацыд, йӕ къухдарӕн йе ’нгуылдзыл разил-базил кӕны. Хъуыды кӕны паддзах Давиды царды хабӕрттыл.

Псаломты чиныджы фыст ис, Йегъовӕ хӕстӕг кӕй у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ (кӕс 13 абзац)


14. Псалом 34:18 стихы ныхӕстӕ нӕ ныфс куыд уадзынц?

14 Ныфсы хос ма нын уыдзӕн, Давид Псаломы 34:18 стихы цы загъта, уый дӕр. (Бакӕс ӕй.) Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзырдбаст «ныфссаст чи у, уыдон», гӕнӕн ис, амоны «хорзӕй чи ницӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ». Ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм адӕймагмӕ «хӕстӕг» вӕййы. Сывӕллон куы фӕкӕуы, уӕд ӕй йӕ мад кӕнӕ йӕ фыд йӕ хъӕбысмӕ сисы ӕмӕ йӕ басабыр кӕны. Раст афтӕ нын Йегъовӕ дӕр фӕтӕригъӕд кӕны, кӕйдӕр гадзрахат мийы тыххӕй ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд. Уый тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕ рыст уд ӕрсабыр уа ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой. Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, фидӕны нӕм цас хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы абоны зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕн быхсын (Ис. 65:17).

НЫФС НӔ КУЫ НИЦӔМӔЙУАЛ УА

15. Езеки цӕмӕн куыдта?

15 Иудӕйы паддзах Езекийыл 39 азы куы цыд, уӕд базыдта, мӕлӕтдзаг рынчын кӕй у. Пехуымпар Исай йын Йегъовӕйы номӕй загъта, кӕй амӕлдзӕн (2 Пад. 20:1). Уый фехъусгӕйӕ Езеки тынг ныккуыдта ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувын райдыдта (2 Пад. 20:2, 3).

16. Йегъовӕ Езекийы лӕгъстӕтӕ куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта?

16 Йегъовӕ Езекийы лӕгъстӕтӕ куы фехъуыста, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. Ӕмӕ загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд, дӕ цӕссыгтӕ дӕр дын федтон. Адзӕбӕх дӕ кӕндзынӕн». Исайы уылты йын ныфс бавӕрдта, йӕ царды бонтӕм ын кӕй бафтаудзӕн ӕмӕ Иерусалим ассириӕгтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (2 Пад. 20:4–6).

17. Йегъовӕ нын куыд феххуыс кӕны, уӕззау низӕй рынчын куы вӕййӕм, уӕд? (Псалом 41:3). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Мыййаг, цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын сдзӕбӕх кӕнӕн нал ис? Уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын дзур, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ. Чи зоны йӕм цӕссыгкалгӕйӕ дӕр кувай, ӕмӕ-иу уымӕй дӕр ма ’фсӕрмы кӕн. Уый у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Кор. 1:3, 4). Зонӕм ӕй, абон нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ-иу зын уавӕрты алкӕддӕр уыдзӕн нӕ фарсмӕ. (Бакӕс Псалом 41:3.) Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы нын ратты хъарутӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Ӕмб. 18:14; Фил. 4:13). Стӕй йӕ зонӕм, фидӕны иу низ дӕр кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ нын уыцы ныфс дӕр удӕнцой дӕтты (Ис. 33:24).

Цалдӕр нывы: 1. Ракӕй рынчын хойӕн кӕнынц химиотерапийӕ. Хо Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувы. 2. Паддзах Езеки у тынг рынчын, ӕмӕ йӕ хуыссӕны хуысгӕйӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын баххуыс кӕна.

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн хъарутӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, стӕй нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн (кӕс 17 абзац)


18. Тынг зын уавӕрты дын кӕцы стих баххуыс кӕны? (Кӕс рамкӕ «Зын уавӕры дын дӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ».)

18 Езекийы Йегъовӕйы ныхӕстӕ ныфс бауагътой. Ӕмӕ-иу Хуыцауы Ныхас мах дӕр ныфс бауадздзӕн. Йегъовӕ Библийы ныффыссын кодта, зын уавӕрты-иу нын нӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ (Ром. 15:4). Иу хомӕ, цӕры Ныгуылӕн Африкӕйы, рак куы ссардтой, уӕд йӕ ныфс асаст. Ӕмӕ ӕдзух кӕугӕ кодта. Фӕлӕ йын цы баххуыс кодта? Уый радзырдта: «Уӕлдай тынг мӕ бафидар кӕны Исай 26:3 стих. Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоныл арӕх нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ нын ацы стихы Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ сын быхсын». Дӕу та тынг зын уавӕрты уӕлдай тынгдӕр цавӕр стих бафидар кӕны?

Зын уавӕры дын дӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ нын нӕ цӕссыгтӕ кӕй уыны ӕмӕ нын зын уавӕры баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Мӕнӕ цалдӕр ахӕм стихы:

  • Рацыд 3:7

  • Псалом 39:12

  • Исай 57:15

  • Йереми 31:16

19. Фидӕны нӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Мах цӕрӕм фӕстаг бонтӕн сӕ тӕккӕ кӕроны, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ цард зындӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр кӕндзыстӕм. Фӕлӕ Аннӕ, Давид ӕмӕ паддзах Езекийы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын нӕ цӕссыгтӕ кӕй уыны ӕмӕ нӕ зын уымӕн дӕр зын кӕй вӕййы. Нӕ цӕссыгтӕй дзы иу дӕр рох нӕу. Уӕдӕ-иу зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ-иу ын дзурӕм, нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ. Стӕй нӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр бирӕ уарзынц, ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕхи дард ма ласӕм. Ӕмӕ нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, удӕнцой хӕсдзысты, Библийы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон. Фидар куы фӕлӕууӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. Уый нын ныфс ӕвӕры, нӕ рустыл иу масты цӕссыг дӕр кӕй нал ӕруайдзӕн (Рарг. 21:4). Ӕрмӕстдӕр цины цӕссыгтӕ!

ЙЕГЪОВӔ НЫФС КУЫД БАУАГЪТА...

  • Аннӕйы?

  • Давиды?

  • паддзах Езекийы?

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын