10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
31 ЗАРӔГ Хуыцауимӕ цу!
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд хъуыды кӕнынц, ды дӕр афтӕ хъуыды кӕн
«Чырысти, адӕймаг уӕвгӕйӕ, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр уӕхи сифтонг кӕнут йӕ зондахастӕй» (1 ПЕТ. 4:1).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Апостол Петр куыд сахуыр, Йесо куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у ууыл ахуыр кӕнын.
1, 2. Йегъовӕйы уарзай, уымӕ цы хауы? Йесо куыд равдыста, Йегъовӕйы ӕппӕт зондӕй кӕй уарзта?
«ДӔ ХУЫЦАУ Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Лук. 10:27). Йесо загъта, Моисейы закъоны ацы фӕдзӕхст ӕппӕты сӕйраг кӕй у. Уӕдӕ Йегъовӕйы хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ – уым сӕвзӕрынц нӕ фӕндтӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ. Стӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй. Фӕлӕ ма йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зондӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуыды кӕны, йӕ Фыд куыд хъуыды кӕны, афтӕ (1 Кор. 2:16).
2 Йесо Йегъовӕйы ӕппӕт зондӕй уарзта. Зыдта йӕ, Хуыцау ӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ фӕндон ын ӕххӕст кӕнын, кӕд ӕй уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарын хъуыд, уӕддӕр. Йесойӕн уый царды ӕппӕты сӕйраг уыд. Ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ мацы бахъыгдардтаид.
3. Апостол Петр Йесойӕ цӕуыл сахуыр ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта? (1 Петры 4:1).
3 Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕн диссаджы фадат уыди, цӕмӕй Йесоимӕ бирӕ рӕстӕг уыдаиккой ӕмӕ сахуыр уыдаиккой, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Петр йӕ фыццаг фыстӕджы чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сын Чырыстийы зондахаст уыдаид. (Бакӕс 1 Петры 4:1.) Петр цы дзырдбастӕй спайда кодта, «уӕхи сифтонг кӕнут», зӕгъгӕ, уый амоны, ӕфсӕддон тохы размӕ йӕхи хӕцӕнгарзӕй куыд сифтонг кӕны, уымӕ. Уӕдӕ чырыстӕттӕ куы сахуыр уой, Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын, уӕд уый сӕ къухы уыдзӕн тыхджын хӕцӕнгарз ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕвзӕр фӕндтимӕ ӕмӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ тох кӕнын (2 Кор. 10:3–5; Еф. 6:12).
4. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?
4 Мах базондзыстӕм, Йесо куыд хъуыды кодта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй: 1) сахуыр уӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын; 2) сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ 3) ӕмбаргӕйӕ архайӕм.
ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, АФТӔ ХЪУЫДЫ КӔН
5. Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, Петр алы хатт афтӕ кӕй нӕ хъуыды кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
5 Петр алы хатт, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, Иерусалиммӕ кӕй хъуамӕ ацӕуа, уым ӕй дины разамонджытӕ кӕй ӕрцахсдзысты, бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ стӕй кӕй амардзысты (Матф. 16:21). Петр зыдта, Йесо кӕй у, Израилы адӕм кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы зӕрдӕвӕрд Мессийӕ (Матф. 16:16). Уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ уырныдта, Йегъовӕ йӕ амарын кӕй бауадздзӕн. Гъемӕ Йесойы иуварс акодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:22). Петр хъуыддагмӕ Йесойы цӕстӕй нӕ каст, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ нӕ хъуыды кодта.
6. Йесо куыд равдыста, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ кӕй хъуыды кодта?
6 Йесо алкӕддӕр хъуыды кодта, йӕ уӕларвон Фыд куыд хъуыды кӕны, афтӕ. Ӕмӕ Петрӕн загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:23). Петр, ӕвӕццӕгӕн, Йесойыл мӕт кодта ӕмӕ йын уый тыххӕй загъта, дӕхицӕн, дам, фӕтӕригъӕд кӕн. Фӕлӕ Йесо зыдта, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ кӕй хъуамӕ амӕла. Ӕмӕ Петры ныхӕстӕм нӕ байхъуыста. Уӕд Петр бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый дӕр афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕна. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм.
7. Фӕстӕдӕр Петр куыд равдыста, кӕй йӕ фӕндыд, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын? (Кӕс нывмӕ.)
7 Фӕстӕдӕр Петр равдыста, кӕй йӕ фӕндыд, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон дӕр Хуыцауы адӕммӕ ӕрбаиу уыдаиккой. Йегъовӕ Петры Корнилиймӕ арвыста, цӕмӕй йын хорз хабар фехъусын кодтаид. Корнилий уыди, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдонӕй фыццаг. Дзуттӕгтӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм хӕстӕг дӕр нӕ цыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Петры хъуыди йӕ зондахаст аивын ӕмӕ уыдонӕн дӕр хъусын кӕнын. Хуыцау иннӕ адӕмтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ зондахаст аивта. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕндӕр адӕмтӕм хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд «ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй» ацыд (Хъуыд. 10:28, 29). Петр Корнилийӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хорз хабар фехъусын кодта, ӕмӕ донаргъуыд райстой (Хъуыд. 10:21–23, 34, 35, 44–48).
Петр Корнилийы хӕдзармӕ бацыд (кӕс 7 абзац)
8. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, мах дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнӕм? (1 Петры 3:8).
8 Бирӕ азты фӕстӕ Петр йе ’мчырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, «ут иу зондыл хӕст». (Бакӕс 1 Петры 3:8.) Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иу зондыл хӕст уыдзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Куыд хъуыды кӕны, уый та базонӕн ис Библийӕ. Зӕгъӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурой (Матф. 6:33). Чи зоны, не ’мбырды чидӕр сфӕнд кодта пионерӕй кӕнӕ ӕндӕр хуызы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайын. Уӕд ын хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, «дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, уый тыххӕй дзы куы раппӕлӕм ӕмӕ йын куы зӕгъӕм, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй йын кӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм.
СӔРНЫЛЛӔГ УТ
9, 10. Йесо куыд равдыста, тынг сӕрныллӕг кӕй уыд, уый?
9 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Гыццыл раздӕр Петр ӕмӕ Иоанны арвыста, цӕмӕй йын йӕ фӕстаг ӕхсӕвӕрмӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, тас дӕр ӕмӕ хисӕрфӕнтӕ дӕр ӕрцӕттӕ кодтой, цӕмӕй исчи уазджытӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадтаид. Фӕлӕ сӕ цымӕ сӕрныллӕг чи разындзӕн ӕмӕ уый чи сараздзӕн?
10 Уый Йесо кӕй сараздзӕн, уый апостолтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Уыцы хъуыддаг арӕхдӕр цагъары хӕс уыд. Йесо равдыста диссаджы сӕрныллӕгдзинад. Йе ’ддаг дарӕс раласта, хисӕрфӕн райста, йӕ астӕуыл ӕй ӕрбабаста, тасы дон ныккодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын райдыдта (Иоан. 13:4, 5). Афтӕ йӕ 12 апостолӕн, суанг ма Иудӕ Искариотӕн дӕр (фӕстӕдӕр ӕй чи ауӕй кодта, уымӕн), сӕ къӕхтӕ ныхсадта. Ӕмӕ йӕ кӕд уымӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыд, уӕддӕр уыцы хъуыддаг сӕрныллӕгӕй бакодта. Уый фӕстӕ сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат» (Иоан. 13:12–14).
Сӕрныллӕгдзинадмӕ... хауы, нӕхимӕ ӕмӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый дӕр
11. Петр куыд равдыста, сӕрныллӕгдзинадыл кӕй сахуыр? (1 Петры 5:5). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Петр Йесойӕ сахуыр сӕрныллӕгдзинадыл. Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд Петр, къуылыхӕй чи райгуырд, иу ахӕм нӕлгоймаджы сдзӕбӕх кодта (Хъуыд. 1:8, 9; 3:2, 6–8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы диссаг бирӕтӕ федтой (Хъуыд. 3:11). Цымӕ Петр йӕхицӕй ныхъхъал? Уый схъомыл, кадмӕ ӕмӕ стыр бынатмӕ чи бӕллыд, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ разынд сӕрныллӕг ӕмӕ адӕмӕн бамбарын кодта, кад Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ кӕй ӕмбӕлы. Уый загъта: «Кӕй уынут ӕмӕ кӕй зонут, уыцы лӕгӕн Йесойы номы фӕрцы, ома йын мах йӕ номыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы йе уӕнгты хъару бацыд» (Хъуыд. 3:12–16). Петр чырыстӕттӕм ныффыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йесо йӕ астӕуыл хисӕрфӕн куы ӕрбабаста ӕмӕ йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ куы ныхсадта, уыцы хабар. (Бакӕс 1 Петры 5:5.)
Петр диссаг куы сарӕзта, уӕд сӕрныллӕгӕй загъта, кад Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ кӕй ӕмбӕлы. Мах дӕр иннӕтӕн хорздзинад аразгӕйӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕй нӕ раппӕлдзысты, уымӕ, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм сӕрныллӕгдзинад (кӕс 11, 12 абзацтӕ)
12. Петрау нӕ бон куыд у дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?
12 Махӕн дӕр нӕ бон у Петрау архайын, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг ӕцӕг сӕрныллӕг кӕй у, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг. Сӕрныллӕгдзинад цы у, уый бамбарын кӕныны тыххӕй Петр цы дзырдӕй спайда кодта, уымӕ ма хауы, нӕхимӕ ӕмӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый дӕр. Иннӕтӕн хорздзинад уый тыххӕй нӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ ӕппӕлой, фӕлӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ӕцӕг сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ иннӕтӕ куы нӕ фӕуынынц, уӕд дӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цингӕнгӕйӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм (Матф. 6:1–4).
«УТ ӔМБАРГӔ»
13. Ныхӕстӕ «ут ӕмбаргӕ» цӕуыл дзурӕг сты?
13 Адӕймаг ӕмбаргӕ кӕй у, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? (1 Пет. 4:7). Ӕмбаргӕ адӕймаг уынаффӕ куы фӕхӕссы, уӕд фӕхъуыды кӕны, хъуыддагмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Ӕмӕ фӕзоны, Йегъовӕ дӕ Хӕлар уа, царды уымӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис. Йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы ӕмӕ фембары, алцы кӕй нӕ зоны, уый. Уымӕй уӕлдай, йӕ ныфс фӕдары Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕм арӕх фӕкувы, цӕмӕй йын разамынд дӕттаa.
14. Петр йӕ ныфс Йегъовӕйыл алкӕд кӕй нӕ дардта, уый цавӕр хабарӕй у бӕрӕг?
14 Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, зӕгъгӕ. Петр ын фидарӕй загъта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» Уыцы ӕхсӕв ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты бафӕдзӕхста: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут» (Матф. 26:31, 33, 41). Фӕлӕ Петр уыцы уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста. Куы байхъуыстаид, уӕд ӕм фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, фаг хъӕбатырдзинад разындаид ӕмӕ загътаид, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй у. Фӕлӕ загъта, Йесойы кӕй нӕ зоны, ӕмӕ ууыл фӕстӕдӕр тынг фӕфӕсмон кодта (Матф. 26:69–75).
15. Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд куыд равдыста, ӕмбаргӕ кӕй уыд, уый?
15 Йесо йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта. Кӕд ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв Йегъовӕмӕ бирӕ куывта. Уый фӕрцы йӕм уыд хъӕбатырдзинад, цӕмӕй сӕххӕст кодтаид, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ цӕй тыххӕй рарвыста, уый (Матф. 26:39, 42, 44; Иоан. 18:4, 5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петр никуы ферох кодта, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цас куывта, уый.
16. Петр куыд равдыста, ӕмбаргӕдзинадыл кӕй сахуыр? (1 Петры 4:7).
16 Фӕстӕдӕр Петр бамбӕрста, Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йыл ныфс дарын куыд ахсджиаг у, уый. Йесо куы райгас, уӕд Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн ныфс бавӕрдта, сыгъдӕг тыхӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ сын загъта, цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ уал Иерусалимы кӕй хъуамӕ уой (Лук. 24:49; Хъуыд. 1:4, 5). Уыцы рӕстӕг Петр цы куыста? Иннӕ чырыстӕттимӕ «ӕдзух иумӕ Хуыцаумӕ куывтой» (Хъуыд. 1:13, 14). Фӕстӕдӕр Петр йӕ фыццаг фыстӕджы йе ’мчырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕмбаргӕ уыдаиккой, Йегъовӕмӕ куывтаиккой ӕмӕ йыл сӕ ныфс дардтаиккой. (Бакӕс 1 Петры 4:7.) Петр сахуыр йӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ сси ӕмбырды цӕджындзтӕй сӕ иу (Гал. 2:9).
17. Ӕдзухдӕр цы хъуамӕ аразӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм. Мах ӕмбарӕм, цыфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр-иу Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, хъуыддаг нӕм ӕнцон саразӕн куы кӕса, уӕд дӕр. Исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд та нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы Йегъовӕйы разамынд. Уый зоны, хуыздӕр нын цы у, уый.
Петр бамбӕрста, йӕ ныфс йӕхиуыл кӕй хъуамӕ ма дара, фӕлӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс кӕй хъуамӕ кура. Мах дӕр-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, уӕлдайдӕр нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмбаргӕ кӕй стӕм (кӕс 17 абзац)b
18. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын ноджы тынгдӕр уайа, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын?
18 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, афтӕ нӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй нӕ бон уа йӕ миниуджытӕ фӕзмын (Райд. 1:26). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон сӕ нӕу ӕххӕстӕй ӕвдисын (Ис. 55:9). Фӕлӕ мах дӕр Петрау фӕнды дарддӕр дӕр ахуыр кӕнын, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Стӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ.
30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар
a Ӕмбаргӕдзинад цы у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «2 Тимофеймӕ 1:7 стихӕн йӕ хъуыды. „Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы“». Ссарӕн ӕй ис сайты jw.org кӕнӕ приложенийы JW Library®, рубрикӕйы «Библийы стихтӕн сӕ хъуыды».
b НЫВ. Хо куыстмӕ бацӕуынмӕ хъавы, ӕмӕ, йемӕ кӕд аныхас кӕндзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ йӕхинымӕр кувы.