Разамонӕг советы писмо
Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!
Иудӕйы паддзахад хайджын уыд бирӕ хорздзинӕдтӕй ӕмӕ уыдысты фӕрнӕйдзаг. Пехуымпар Исай ӕмбӕрста, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кодта, ӕрмӕстдӕр сын уый фӕрцы кӕй уыд ахӕм цард, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «О Йегъовӕ... нӕ хъуыддӕгтӕ нын иууылдӕр ды аразыс» (Ис. 26:12). Фароны лӕггады азы нын цы бантыст, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мах дӕр разы стӕм Исайы ныхӕстимӕ. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр аразы, «чи никуыма уыди... ахӕм диссӕгтӕ»! (Рац. 34:10). Ахъуыды-ма кӕнӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй иуӕй-иутыл.
Хорз хабар хъусын кӕнынӕн нӕ сайт у замманай мадзал. Нӕ сайт ис 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ дзы публикацитӕ кӕсӕн ӕмӕ рафыссӕн ис 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн нӕ сайт стыр ӕххуыс кӕй у, уый бӕрӕг у иу хабарӕй. Иу нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнаг динтӕй фыдӕнхъӕл фесты, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстмӕ митӕ уыдтой. Фӕндыд сӕ рӕстдзинад ссарын, ӕмӕ афтӕмӕй базыдтой нӕ сайты тыххӕй. Алы бон дӕр-иу нӕ сайты кастысты статьятӕ, стӕй видеороликтӕм. Суанг ма рафыстой брошюрӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас» ӕмӕ йӕ сӕ дыууӕ сывӕллонимӕ (уыдысты рӕзгӕ кары) алы бон дӕр кӕсын райдыдтой. Ӕмӕ иу райсом уыцы брошюрӕ куы кастысты, уӕд сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбахостой. Уыдон базыдтой, уыцы бинонтӕ нӕ сайты фӕрцы сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ кӕй фӕивтой: сӕ татуировкӕтӕ ссӕуын кодтой ӕмӕ сӕ пирсинг айстой, сӕ иконӕтӕ аппӕрстой, нал бӕрӕг кодтой ацы дунейы бӕрӕгбӕттӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм кинотӕм нал кастысты. Уыцы ивындзинӕдтӕ скодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ зонгӕ дӕр куы нӕма уыдысты, уӕд! Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтой, уыцы рӕстӕг бинонтӕй ӕртӕйӕ – лӕг, ус ӕмӕ сӕ чызг – систы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ. Лӕг ӕмӕ ус фӕнд кӕнынц тагъд рӕстӕджы донаргъуыд райсын.
Бирӕтӕ нӕм бузныджы ныхӕстӕ ныффыстой ӕндӕр диссаджы мадзалы тыххӕй дӕр – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты интернет-телеуынынады тыххӕй. Ӕрвылмӕйон программӕ рацӕуы 70 ӕвзагӕй фылдӕрыл, фӕстӕдӕр та цӕудзӕн ноджы фылдӕр ӕвзӕгтыл. Бирӕ бинонтӕ ацы программӕмӕ фӕкӕсынц сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг. Иу ӕфсымӕр уыцы программӕйы тыххӕй загъта: «Йегъовӕйы организаци абоны хуызӕн стыр никуыма уыд, фӕлӕ ныр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадимӕ куыд ӕнгом стӕм, афтӕ никуыма!»
Йегъовӕйы адӕмӕн конгресстӕ алкӕддӕр ахсджиаг уыдысты, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, 2015 лӕггады азы цы конгресстӕ уыд, уыдонӕй дӕр. Уыцы конгрессы экрантыл ӕвдыстой 42 видеороликы ӕмӕ нывы, стӕй программӕйы хӕйтты размӕ дӕр ӕвдыстой диссаджы музыкалон видеороликтӕ – ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз. Конгрессы программӕйы тыххӕй иу фӕлтӕрд ӕфсымӕр загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма программӕйы рӕстӕг йӕ бынат ныууадзын никӕй фӕндыд, цӕмӕй дзы ӕппындӕр мацы ауагътаиккой». Иу миссионер-хо та уыцы конгрессы тыххӕй афтӕ загъта: «Видеороликты фӕрцы рӕстдзинад мӕ зӕрдӕйы ноджы тынгдӕр ахъардта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтон».
Фарон ма нӕ Йегъовӕ схайджын кодта ноджыдӕр иу арфӕдзинадӕй – Паддзахады зарджытӕй ма фӕзынд цалдӕр ног зарӕджы. Иу лӕг ӕмӕ ус уый фӕдыл ахӕм ныхӕстӕ ныффыстой: «Ацы ног зарджытӕ куы фӕзарӕм, уӕд нӕ цыма Йегъовӕ йӕ хъӕбысы акӕны, афтӕ вӕййы. Царды нын бирӕ зындзинӕдтӕ ис, фӕлӕ уыцы зарджытӕ заргӕйӕ нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт бакӕлы». Конгрессы базыдтам, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы оркестр ӕмӕ зарӕггӕнджыты къорд мах тыххӕй бирӕ кӕй бафыдӕбон кодтой. Уый фӕрцы нын ис, нӕ циныл нын цин чи ӕфтауы ӕмӕ Йегъовӕйы кӕмӕй кадджын кӕнӕм, ахӕм рӕсугъд музыкӕ!
Уе ’ппӕты дӕр курӕг стӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмат ӕмӕ, чи ӕрбаздӕха, уыдоныл-иу зӕрдиагӕй бацин кӕнат
Уе ’мбырд стендтимӕ фӕхъусын кӕны? Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй уый тынг хорз мадзал у. Хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕртты чи цӕры, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хорз хабар фыццаг хатт фехъусынц, стендтимӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Афтӕмӕй бирӕтӕ базонынц рӕстдзинад, стӕй, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕн дӕр уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы. 2015 азы январы Хуссар Корейы иу нӕлгоймаг стендмӕ бацыд ӕмӕ хъусынгӕнджытӕн бамбарын кодта, ӕрӕджы йӕ кӕй бафӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Йемӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Февралы фыццаг хатт ӕмбырдмӕ ацыд. Мартъийы ныууагъта йӕ тамако. Апрелы экскурсимӕ ацыд Хуссар Корейы филиалмӕ. Ӕмӕ абоны онг дӕр уырнындзинады хъуыддаджы размӕ цӕуы. Ардӕм нӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ, бирӕ цауты тыххӕй ныффыстой, ӕмӕ ацы цау у ӕрмӕстдӕр сӕ иу.
Мах кувӕм, цӕмӕй, регионалон конгрессы цы брошюрӕ райстам, уый, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕна, цӕмӕй ма цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой, ӕмӕ та ногӕй йӕ уарзтӕй рӕвдыд уой! Уе ’ппӕты дӕр курӕг стӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмат ӕмӕ, чи ӕрбаздӕха, уыдоныл-иу зӕрдиагӕй бацин кӕнат (Йез. 34:16).
Ӕцӕгдӕр, фароны лӕггады азы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта. Цымӕ ма нӕм разӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Банхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм. Фӕлӕ уал уӕдмӕ ма рох кӕнут, Разамонӕг советы чи ис, уыдон уӕ бирӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сымах тыххӕй арӕх кӕй фӕкувынц.
Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый!
Уе ’фсымӕртӕ,
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет