Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb16 20 ф.–24 ф., 2 абз.
  • Фембӕлын зын кӕуыл у, уыдон дӕр хорз хабар фехъусынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлын зын кӕуыл у, уыдон дӕр хорз хабар фехъусынц
  • 2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ног мадзӕлттӕ, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынӕн диссаджы ног мадзал
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Стендтимӕ куыд хъӕуы хъусын кӕнын
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb16 20 ф.–24 ф., 2 абз.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стенды раз лӕууынц ӕмӕ хъусын кӕнынц (Дар-эс-Салам, Танзани)

Танзани: Дар-эс-Саламы стенды рӕзты чи фӕцӕйцыд, уыдоны бафӕндыд фылдӕр базонын

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Фембӕлын зын кӕуыл у, уыдон дӕр хорз хабар фехъусынц

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ хорз хабар сӕйраджыдӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц. Фӕлӕ ма нын рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауынӕн стыр ӕххуыс сты стендтӕ дӕр (Матф. 24:14). Хъусынгӕнджытӕ пайда кӕнынц мингай стендтӕй, стъӕлттӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕй. Стӕй ма ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдтӕм арвыстой иу-250 000 цӕлхытыл арӕзт стенды. Уый фӕрцы нын цы бантыст?

Горӕт Дар-эс-Саламы (Танзани), бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты ӕфсымӕртӕ стендтимӕ хъусын кӕнын райдыдтой 2014 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд 700 адӕймаджы бӕрц. Бирӕтӕ ӕмбырдтӕм цӕуынц ӕмӕ Хуыцауы базоныныл архайынц. Стендты фӕрцы Африкӕйы ӕмӕ иннӕ континентты бӕстӕты цӕрджытӕн иу азмӕ байуӕрстой 250 000 публикацийӕ фылдӕр.

Соломоны сакъадӕхты ис 2 000 хъусынгӕнӕгӕй гыццыл къаддӕр ӕмӕ хъусын кӕнынц 300 сакъадахӕй фылдӕрыл. Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты сын стендтӕ стыр ӕххуыс сты рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауынӕн. Сӕйраг горӕт Хониарӕйы ӕфсымӕртӕ апарахат кодтой 104 000 журналӕй ӕмӕ 23 600 брошюрӕйӕ фылдӕр. Кӕмӕн сӕ радтой, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕй, уыцы сакъадӕхтӕй ӕмӕ дард хъӕутӕй. Иухатт боны ӕрдӕгмӕ апарахат кодтой, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, 400 ахӕм чиныджы, 60 адӕймаджы та бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын.

Райсомӕй раджы пионертӕ Майкл ӕмӕ Линдӕ Маргаритӕйы сакъадахы (Венесуэлӕ) былгӕронмӕ хӕстӕг стендимӕ лӕууыдысты. Ӕмӕ сӕм иу нӕлгоймаг, Анибал, зӕгъгӕ, бацыд ӕмӕ сӕ райста, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Радзырдта сын, йӕ фыд авд азы размӕ раст уыцы былгӕрон кӕй амард ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ йӕ мад тынг кӕй маст кӕны. Иннӕ къуыри сӕм Анибал ногӕй бацыд ӕмӕ сын загъта, абон, дам, мӕ фыды мӕлӕты бон у. Йӕ мадмӕ телефонӕй фӕдзырдта ӕмӕ Майклӕн загъта, йемӕ-ма аныхӕстӕ кӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр уа, зӕгъгӕ. Майкл дӕр афтӕ бакодта. Уый фӕстӕ ма сылгоймаг Майкл ӕмӕ Линдӕмӕ телефонӕй цалдӕр хатты фӕдзырдта ӕмӕ-иу иумӕ аныхас кодтой, ныфс-иу дзы чи бауагъта, ахӕм стихтыл. Иухатт та сӕм ӕрбарвыста ахӕм СМС: «Абон мӕхи тынг хорз хатын, уымӕн ӕмӕ мын сымах мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтат ӕмӕ мын мӕ уырнындзинадыл бафтыдтат».

Иугонд Штатты стендтимӕ хъусын кӕнынц 14 горӕты, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, 127 ахӕм ран. 2015 лӕггады азы фыццаг авд мӕймӕ ӕфсымӕртӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой 8 445 адӕймагимӕ! Ацы мадзалы фӕрцы дӕр нӕ бон вӕййы баххуыс кӕнын, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕн фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Зӕгъӕм, Лос-Анджелесы (штат Калифорни) иу нӕлгоймаг, Терри, зӕгъгӕ, лӕмбынӕг каст, стендыл цы литературӕ уыд, уымӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд Ӕвдисӕнтӕ бафарстой, искуы нын нӕ литературӕ кастӕ, зӕгъгӕ. Уый сын бамбарын кодта, уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, фӕлӕ цыппар азы бӕрц ӕмбырдтӕм кӕй нал цӕуы. Уӕд ын уыдон бакастысты Йезекилы 34:11 стих ӕмӕ йыл аныхас кодтой. Уым фыст сты Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн». Стӕй йын загътой нӕ сайт ӕмӕ нӕ интернет-телеуынынады тыххӕй. Иннӕ райсом Терри ӕфсымӕрмӕ интернеты уылты писмо ныффыста ӕмӕ йын бамбарын кодта, уыцы бон стенд куы федта, уый хӕдразмӕ Хуыцауӕй хатыртӕ кӕй куырдта, ӕмбырдтӕм кӕй нал цыд, уый тыххӕй. Стӕй ма Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта, цӕмӕй йӕм баввахс уыдаид. Йӕ писмойы дарддӕр ныффыста: «Ӕмӕ мыл уӕд сымах тынг бацин кодтат. Уыцы стихы фӕрцы мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдтат. Стӕй мын бамбарын кодтат, фӕстӕмӕ Йегъовӕйы организацимӕ ӕрбаздӕхын мӕ бон куыд у, уый. Йегъовӕ мын мӕ куывд фехъуыста».

Аддис-Абебӕйы (Эфиопи) стендтимӕ фӕхъусын кӕнынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕттӕй цыппар раны. Ӕртӕ мӕймӕ ӕфсымӕртӕ апарахат кодтой 37 275 публикацийы ӕмӕ 629 адӕймаджы загътой, цӕмӕй сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ бацӕуой. Адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чингуытӕй бирӕтӕ райстой. Се ’хсӕн уыд иу кардзыд нӕлгоймаг, ӕмӕ йӕ куыддӕр райста, афтӕ йӕ кӕсын райдыдта. Раздӕр семинарийы ахуыр кодта ӕмӕ йӕм бирӕ фарстатӕ уыд Йесо ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Гъемӕ иннӕ бон фӕстӕмӕ бацыд, стендимӕ кӕм хъусын кодтой, уырдӕм, кӕд мын мӕ фарстатӕн дзуапп раттиккой, зӕгъгӕ. Иннӕ бон сразы Библи ахуыр кӕныныл. Уыцы къуырийы кӕрон та фыццаг хатт ацыд ӕмбырдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ фӕцух кодта ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стенды раз лӕууынц ӕмӕ амхайраг ӕвзагыл литературӕйы фӕрцы хъусынц кӕнынц (Аддис-Абебӕ, Эфиопи)

Эфиопи: Аддис-Абебӕйы стенд литературӕимӕ амхайраг ӕвзагыл

Мексикӕйы иу дзуттаг нӕлгоймаг нӕ стендмӕ бацыд ӕмӕ ӕфсымӕрты бафарста, мыййаг уӕм мӕлӕты тыххӕй литературӕ нӕй, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой, ахӕм журнал сӕм кӕй нал ис, фӕлӕ сӕм кӕй ис журнал фидӕны тыххӕй. Уыцы нӕлгоймаг ӕфсымӕры къухыл ныххӕцыд ӕмӕ загъта: «Фидӕны цы уыдзӕн, уый мӕ не ’ндавы. Мӕхи амарон, ӕндӕр мӕ ницы фӕнды». Ӕмӕ скуыдта. Ӕфсымӕртӕ йӕ бафарстой, афтӕ цӕмӕн зӕгъы, уымӕй. «Мӕ фырт ӕрӕджы амард»,– кӕугӕйӕ сын загъта уый. Уӕд ын равдыстой, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныджы 7-ӕм сӕр ӕмӕ йын дӕлсӕргондӕй «Исчи нын куы амӕлы...» фыццаг дыууӕ абзацы, стӕй уыцы сӕры кӕрон, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй цы фыст ис, уый бакастысты. Нӕлгоймаг та фырдиссагӕй ӕфсымӕры къухыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Уый ӕцӕг у?!» Ӕфсымӕртӕ йын загътой, Йегъовӕ йӕ ныхас ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Уӕд сӕ бафарста: «Цы хъуамӕ аразон, цӕмӕй мӕ фырты ногӕй фенон?» Ӕмӕ йемӕ баныхас кодтой, хӕдзармӕ йӕм кӕй бацӕудзысты. Куы йӕм бацыдысты, уӕд федтой, зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Библи ахуыр кӕнын кӕд райдайдзысты, уымӕ.

Нью-Йорчы, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕныны программӕ цӕттӕ кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, иу ахӕм цӕуӕг цӕстдарӕг загъта: «Йегъовӕ ацы программӕйӕн арфӕ кӕны! Уый фӕрцы ӕрмӕст дӕсгай мин адӕмӕн нӕ фӕхъусын кӕнӕм, фӕлӕ ма уый фӕрцы сӕмбӕлӕм „сӕфт фыстыл“ – ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы кӕнӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй бирӕтыл. Ныр сын ӕххуыс кӕнынц фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхынӕн» (Йез. 34:15, 16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын